Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 22 сӕр, 25 ф.
  • Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо Савлы равзӕрста, цӕмӕй бирӕ адӕмтӕн хъусын кодтаид
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • «Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Чырысти – Хуыцауы рахиз фарс
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон фӕивын у?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 22 сӕр, 25 ф.
Апостолтӕ ныфсджынӕй дзурынц Синедрионы раз

22 СӔР

Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй

Чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы, Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 120 бӕрц ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой дзуттаг бӕрӕгбон, Фӕндзайӕм бон, зӕгъгӕ. Ӕвиппайды, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау райхъуыст уынӕр, ӕмӕ цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ диссаджы хуызы алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Ацы ӕнахуыр хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Хуыцау Йесойы ахуыргӕнинӕгты схайджын кодта йӕ тыхӕй.

Уыцы рӕстӕг уынджы ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ алы бӕстӕтӕй бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты. Алчи дӕр сӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзургӕ куы фехъуыста, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Цы ’рцыд, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ, Петр загъта пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ тыхӕй кӕй схайджын кӕна, уыдонмӕ фӕзындзӕн диссаджы курдиӕттӕ (Иоил 2:28, 29). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй ахӕм диссаг кӕй сарӕзта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ныр Хуыцау дзуттӕгтӕн кӕй нал арфӕ кодта, фӕлӕ чырыстон ӕмбырдӕн. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уый хъуамӕ суыдаид Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ знӕгтӕ чырыстӕтты ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыдысты ӕмӕ иухатт апостолты ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕйы зӕд ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта ӕмӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ куыддӕр ӕрбабон, афтӕ та хъусын кӕнын райдыдтой. Кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ адӕмӕн Йесойы тыххӕй хорз хабар дзырдтой. Се знӕгтӕ фырмӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ сын карзӕй загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ сын апостолтӕ ныфсджынӕй загътой: «Махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:28, 29).

Знӕгтӕ чырыстӕтты карзӕй-карздӕр ӕфхӕрдтой. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Стефаны фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ йӕ Хуыцауы фаугӕ фехъуыстам, ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой. Тарсӕй иу ӕрыгон нӕлгоймаг Савл дӕр се ’хсӕн уыди ӕмӕ уыцы хабар растыл нымадта. Фӕстӕдӕр ацыд Дамаскмӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕрцахстаид. Фӕндагыл куыд фӕцӕйцыд, афтӕ йӕ алыварс бӕстӕ ныррухс ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» Уыцы рухсӕй Савл бакуырм ӕмӕ йӕ бафарста: «Чи дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн Йесо» (Хъуыддӕгтӕ 9:3–5).

Ӕртӕ боны фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинаг Ананийы арвыста, цӕмӕй Савлы цӕстӕй ракӕсын кодтаид. Савл донаргъуыд райста ӕмӕ ныфсджынӕй Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Савлы хонын райдыдтой апостол Павел, ӕмӕ сси зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг.

Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн ӕмӕ самарийӕгтӕн. Фӕлӕ иухатт зӕд фӕзынд, Хуыцауӕй чи тарст, иу ахӕм ромаг ӕфсады хицау Корнилимӕ ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй искӕй апостол Петрмӕ арвыстаиккой. Петры куы ’рбакодтой, уӕд Корнили ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи уыди, уыдонӕн хорз хабар радзырдта. Петр семӕ куы ныхас кодта, уӕд сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд ӕмӕ сын Петр загъта, цӕмӕй Йесойы номӕй донаргъуыд райстаиккой. Афтӕмӕй ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн дӕр фӕзынд ӕнустӕм царыны ныфс. Уыцы хабары фӕстӕ чырыстӕттӕ цӕттӕ уыдысты, цӕмӕй хорз хабар алы рӕтты хъусын кодтаиккой.

Хъуыддӕгты чиныг 1:1–11:21.

  • Фӕндзайӕм боны рӕстӕг цы ’рцыд?

  • Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕ се знӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты?

  • Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн дӕр ӕнустӕм цӕрыны ныфс куыд фӕзынд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын