Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 24 сӕр, 27–28 фф.
  • Апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уырнындзинад, хӕрзӕгъдау цард ӕмӕ уарзондзинад
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Павел Ромы
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Уый тыххӕй пехуымпартӕ иууылдӕр ӕвдисӕн лӕууыдысты
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
  • Дзӕнӕты цӕрыны бар сын нал уыд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 24 сӕр, 27–28 фф.
Павел ахстӕй фыссын кӕны фыстӕг

24 СӔР

Апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм

Павелы писмотӕ фидар кодтой чырыстӕтты

ФЫЦЦАГ чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕны ӕмбырды уылты. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕмбӕлдысты карз ӕфхӕрдыл. Цымӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, кӕд сӕ ’фхӕрдтой ӕмӕ ӕмбырды дӕр зындзинӕдтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр? Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы 21 фыстӕджы ис, уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕ уынаффӕтӕ истой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтой.

Уыцы фыстӕджытӕй 14 (Ромӕгтӕм–Дзуттӕгтӕм) ныффыста апостол Павел. Фыстӕджытӕ хӕссынц, цы ӕмбырдтӕм кӕнӕ цы адӕммӕ фыст уыдысты, уыдоны нӕмттӕ. Ӕркӕсӕм, Павел цы хъуыддӕгты тыххӕй фыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

Уаг ӕмӕ ӕгъдау. Хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ чи аразы, уыдон «Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (Галатӕгтӕм 5:19–21; 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн хъуамӕ уа иудзинад, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 2:11; Ефесӕгтӕм 4:1–6). Хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной, се ’мчырыстӕттӕй фӕкӕсынхъуаг чи у, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ «ӕппынӕдзух куывтаиккой» ӕмӕ йын ӕргом кодтаиккой, сӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:1; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Цӕмӕй сын Хуыцау сӕ куывдтытӕм хъуыстаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндыдаиккой, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны (Дзуттӕгтӕм 11:6).

Цымӕ бинонтӕн та цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уой? Лӕгтӕ хъуамӕ сӕ устыты уарзой, сӕхи куыд уарзынц, афтӕ, сылгоймӕгтӕ та сӕ лӕгтӕн кад кӕной. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у. Ныййарджытӕ та хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй зонд амоной, Хуыцау куыд фӕдзӕхсы, афтӕ (Ефесӕгтӕм 5:22–6:4; Колоссӕгтӕм 3:18–21).

Картӕйы ӕвдыст сты, Павел йӕ фыстӕджытӕ кӕм фыста, уыцы бынӕттӕ

Хуыцау ӕргом кодта йӕ фӕндтӕ. Моисейы Закъон дзуттӕгты цӕттӕ кодта Чырыстийы ӕрцыдмӕ (Галатӕгтӕм 3:24). Фӕлӕ уыцы Закъон чырыстӕтты ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Дзуттӕгтӕй чырыстон дин чи райста, уыдонӕн Павел йӕ фыстӕджы бамбарын кодта, Закъон цӕй тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндон Чырыстийы уылты куыд ӕххӕст кӕны, уый. Павел ма бамбарын кодта, уыцы Закъоны алыхуызон уагӕвӕрдтӕ фидӕны хабӕрттӕм кӕй амыдтой. Зӕгъӕм, фос нывондӕн кӕй хастой, уый амыдта, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау уыцы Закъон ӕххӕст кӕнын нал домдта (Колоссӕгтӕм 2:13–17; Дзуттӕгтӕм 8:13).

Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды кӕсынц Павелы фыстӕджытӕй иу

Чырыстон ӕмбырд. Нӕлгоймӕгтӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау ӕмӕ сӕм уа, Библи кӕй кой кӕны, уыцы миниуджытӕ (1 Тимофеймӕ 3:1–10, 12, 13; Титмӕ 1:5–9). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ӕдзух иумӕ ӕмбырд кӕной, цӕмӕй кӕрӕдзи фидар кӕной (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Уыцы фембӕлдты хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс ӕфта ӕмӕ дзы Хуыцауы закъӕттыл ахуыр кӕной (1 Коринфӕгтӕм 14:26, 31).

Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕг ныффыста, Ромы ахст куы уыд ӕмӕ тӕрхонмӕ куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд. Йе ’мбӕлттӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕрӕй бахастой сӕ ныфс, цӕмӕй йӕ бабӕрӕг кодтаиккой, кӕд сын тӕссаг уыд, уӕддӕр. Павел ӕмбӕрста, бирӕ йын кӕй нал баззад ӕмӕ загъта: «Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тимофеймӕ 4:7). Ӕвӕццӕгӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ амардтой. Фӕлӕ йӕ фыстӕджытӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон дӕр сты фӕндагамонӕг.

Ромӕгтӕм; 1 Коринфӕгтӕм; 2 Коринфӕгтӕм; Галатӕгтӕм; Ефесӕгтӕм; Филиппӕгтӕм; Колоссӕгтӕм; 1 Фессалоникӕгтӕм; 2 Фессалоникӕгтӕм; 1 Тимофеймӕ; 2 Тимофеймӕ; Титмӕ; Филимонмӕ ӕмӕ Дзуттӕгтӕм.

  • Павел йӕ фыстӕджыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы ныффыста?

  • Хуыцау йӕ фӕндтӕ Чырыстийы уылты куыд ӕххӕст кӕны, уый Павел куыд бамбарын кодта?

  • Чырыстон ӕмбырды тыххӕй Павел цы ныффыста?

ЧИ У ЗӔРДӔВӔРД БАЙЗӔДДАГ?

Адам ӕмӕ Евӕ куы фӕрӕдыдысты, уӕд Хуыцау калмӕн загъта: «Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15). Библи Хӕйрӕджы хоны «рагон калм» (Раргомад 12:9). Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Байзӕддаг, кӕнӕ Ирвӕзынгӕнӕг, чи у, уый райдианы бӕрӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ Библи ӕнусты дӕргъы сындӕггай ӕргом кодта.

Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уымӕй 2 000 азы бӕрц куы рацыд, уӕд Йегъовӕ раргом кодта, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг Авраамы хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн (Райдиан 22:17, 18). Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел бамбарын кодта, уыцы Байзӕддаг сӕйраджыдӕр Йесо Чырысти кӕй у (Галатӕгтӕм 3:16). Йесойы куы амардтой, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Райдианы 3:15 стихмӕ гӕсгӕ «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыдысты». Фӕлӕ Хуыцау Чырыстийы райгас кодта уӕларвон цардмӕ (1 Петры 3:18).

Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ ма уыцы байзӕддагмӕ хауынц 144 000 адӕймаджы (Галатӕгтӕм 3:29; Раргомад 14:1). Уыдон дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ райгас вӕййынц уӕларвон цӕрдмӕ, цӕмӕй Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой уӕларвон Паддзахады (Ромӕгтӕм 8:16, 17).

Йесо ныр у уӕларвон Паддзах ӕмӕ тагъд фесафдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы – йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы фыдгӕнӕг адӕмы ӕмӕ дӕлимонты (Иоанны 8:44; Ефесӕгтӕм 6:12). Чырысти ӕппӕт коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ амонд. Уый тыххӕй та калмӕн йӕ «сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн», ома йӕ бынтондӕр фесафдзӕн (Дзуттӕгтӕм 2:14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын