Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 26 сӕр, 30 ф.
  • Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Раргомады чиныджы дӕ фидӕн уыныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 26 сӕр, 30 ф.
Йесо бады Хуыцауы Паддзахады йӕ паддзахбадӕныл

26 СӔР

Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!

Йегъовӕ Хуыцау йӕ Паддзахады сӕргъы сӕвӕрдта Чырыстийы. Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕндзӕн ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, стӕй кӕрон скӕндзӕн ӕвзӕрдзинадӕн

БИБЛИЙЫ фӕстаг чиныг Раргомад, кӕнӕ Апокалипсис, адӕмӕн дӕтты стыр ныфс. Ацы чиныджы Йегъовӕ апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕнты равдыста, йӕ фӕнд кӕронмӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.

Фыццаг цӕстылуайӕны ӕвдыст у, Чырысти иуӕй-иу ӕмбырдтӕй куыд ӕппӕлы ӕмӕ сын куыд уайдзӕф кӕны, уый. Иннӕ цӕстылуайӕны та зӕдтӕ Хуыцауы уӕларвон паддзахбадӕны раз лӕууынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц.

Хуыцауы Уӕрыкк Йесо Чырыстийӕн лӕвӕрд ӕрцыд, авд мыхуыры кӕуыл ис, ахӕм тыхтон. Фыццаг цыппар мыхуыры ист куы ’рцыдысты, уӕд фӕзынд цыппар «барӕджы». Фыццаг барӕг урс бӕхыл у Паддзах Йесо Чырысти. Уый фӕстӕ цӕуынц, алыхуызон бӕхтыл чи бады, ахӕм барджытӕ. Уыцы барджытӕ нысан кӕнынц хӕст, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ. Ацы хабӕрттӕ цӕуынц ацы дунейы фӕстаг бонты. Ӕвдӕм мыхуыр ист куы ’рцыд, уӕд райхъуыст, Хуыцауы тӕрхӕттӕ чи хъусын кодта, уыцы авд уадындзы уасын. Уый хӕдфӕстӕ ӕрцыд авд «бӕллӕхы», уыдон ӕвдисынц Хуыцауы маст.

Иннӕ цӕстылуайӕны та ӕвдыст цӕуы ноггуырд лӕппу, ома Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куыд ӕрфидар, уый. Ӕмӕ уӕд уӕлӕрвты хӕст райдыдта, ӕмӕ Хӕйрӕг йӕ дӕлимонтимӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. «Додой зӕххӕн»,– райхъуыст тыхджын хъӕлӕс. Хӕйрӕг у тынг мӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Раргомад 12:12).

Иоанн уӕлӕрвты федта Уӕрыччы, ома Йесойы, ӕмӕ ма зӕххӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыцы 144 000 адӕймаджы. Уыдон Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Афтӕмӕй нын Раргомады чиныг ӕвдисы, байзӕддагимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕдӕппӕтӕй кӕй сты 144 000 (Раргомад 14:1; 20:6).

Ацы дунейы паддзӕхтӕ ӕмбырд кӕнынц Армагеддонмӕ, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Уыцы паддзӕхтӕ тохы бацӕудзысты, уӕларвон ӕфсады сӕргъы чи ис ӕмӕ урс бӕхыл чи бады, уыимӕ – Йесо Чырыстиимӕ. Ацы дунейы паддзӕхтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн, бынсӕфт ӕрцӕудзысты. Хӕйрӕг баст ӕрцӕудзӕн, Йесо ӕмӕ 144 000 та адӕмӕн паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы. Мин азы кӕрон Хӕйрӕгӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 16:14; 20:4).

Чырысти ӕмӕ йемӕ разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон мин азы паддзӕхтӕ куы уой, уӕд уый коммӕгӕс адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн? Иоанн ныффыста: «[Йегъовӕ] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4). Ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт!

Уӕдӕ йӕ уынӕм, Библийы цы ахсджиаг хабар ис, уый кӕй фӕуд кӕны Раргомады чиныджы. Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис!

Раргомады чиныг.

  • «Барджытӕ» цӕмӕ амонынц?

  • Цавӕр диссаджы хӕбӕрттӕ цӕуы ӕмӕ уыдӕттӕй Хуыцауы фӕнд куыд ӕххӕст кӕны?

  • Цы у Армагеддон ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн?

«СТЫР ВАВИЛОН»

Мӕнг динтӕ, ома ӕцӕг Хуыцауы ныхмӕ чи сты, уыцы динтӕ се ’ппӕт дӕр Раргомады чиныг хоны «Стыр Вавилон». Хоны ма сӕ «хӕтаг сылгоймаг» дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи уӕй кӕнынц кӕнӕ хӕтынц ацы дунейы хицӕуттимӕ. Раргомады чиныг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ Хуыцау йӕ рӕстӕджы афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ хицӕуттӕ уыцы «хӕтаг сылгоймагыл» сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ дзы ницыуал ныууадздзысты (Раргомад 17:1–5, 16, 17).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын