Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ
«Райдиан...»
н. э. размӕ 4026 азы Хуыцау сфӕлдыста Адамы
н. э. размӕ 3096 азы Адам амард
н. э. размӕ 2370 азы Доны хъаймӕт райдыдта
н. э. размӕ 2018 азы Авраам райгуырд
н. э. размӕ 1943 азы Авраамимӕ бадзырд
н. э. размӕ 1750 азы Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой
н. э. размӕ 1613 азы размӕ Иовы фӕлварӕнтӕ
н. э. размӕ 1513 азы Египетӕй рацыдысты
н. э. размӕ 1473 азы Йесо Навин израилӕгты Ханаанмӕ бакодта
н. э. размӕ 1467 азы онг Ханаанӕн йӕ фылдӕр хай бацахстой
н. э. размӕ 1117 азы Саул сси паддзах
н. э. размӕ 1070 аз Хуыцау Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта Паддзахадӕй
н. э. размӕ 1037 азы Соломон сси паддзах
н. э. размӕ 1027 азы Иерусалимы кувӕндон арӕзт фӕци
н. э. размӕ 1020 азмӕ ’ввахс Зарджыты чиныг фыст фӕци
н. э. размӕ 997 аз Израил дыууӕ паддзахадыл адих
н. э. размӕ 717 азмӕ ’ввахс Ӕмбисӕндты чиныг фыст фӕци
н. э. размӕ 607 азы Иерусалим ныппырх кодтой; Вавилонмӕ сӕ уацары акодтой
н. э. размӕ 539 азы Кир Вавилонмӕ бабырста
н. э. размӕ 537 азы Дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ уацарӕй ӕрыздӕхтысты
н. э. размӕ 455 аз Иерусалимы къултӕ самадтой; 69 азон къуыриты райдиан
н. э. размӕ 443 азы фӕстӕ Малахи фыст фӕци йӕ чиныг
н. э. размӕ 2 азмӕ ’ввахс Чырысти райгуырд
н. э. 29 азы Чырысти донаргъуыд райста; Чырысти хъусын кӕнын райдыдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
н. э. 31 азы Чырысти равзӕрста 12 апостолы; адӕмы ахуыр кодта хохыл
н. э. 32 азы Чырысти Лазӕры райгас кодта
н. э. 33 азы 14 нисаны Чырыстийы хъӕдыл байтыгътой (нисан – мартъийы дыккаг ӕмбисӕй апрелы фыццаг ӕмбисмӕ)
н. э. 33 азы 16 нисаны Чырысти райгас
н. э. 33 азы 6 сиван, Фӕндзайӕм бон; Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд (сиван – майы дыккаг ӕмбисӕй июны фыццаг ӕмбисмӕ)
н. э. 36 азы Корнили чырыстон дин райста
н. э. 47–48 азмӕ ’ввахс Павелы фыццаг балц
н. э. 49–52 азмӕ ’ввахс Павелы дыккаг балц
н. э. 52–56 азмӕ ’ввахс Павелы ӕртыккаг балц
н. э. 60 аз Павел Ромы ахӕстоны ныффыста фыстӕджытӕ
н. э. 62 азмӕ ’ввахс Чырыстийы ӕфсымӕр Иаков ныффыста йӕ фыстӕг
н. э. 66 азы дзуттӕгтӕ Ромы ныхмӕ рацыдысты
н. э. 70 азы Ромӕгтӕ ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ кувӕндон
н. э. 96 азмӕ ’ввахс Иоанн ныффыста Раргомады чиныг
н. э. 100 азмӕ ’ввахс Фӕстаг апостол Иоанн амард