Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ll 8 хай, 18–19 фф.
  • Чырыстийы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырыстийы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?
  • Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 8 хай
    Хуыцаумӕ хъус
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
ll 8 хай, 18–19 фф.

8 ХАЙ

Чырыстийы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?

Йесойы мӕлӕты фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 3:16).

Сылгоймӕгтӕ кӕсынц Йесойы афтид зӕппадзмӕ

Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ бон куы рацыди, уӕд цалдӕр сылгоймаджы йӕ зӕппадзмӕ ацыдысты, фӕлӕ зӕппадз уыди афтид. Йегъовӕ йӕ райгас кодта.

Йесо фӕзынд йӕ апостолтӕм, стӕй фӕстӕдӕр уӕлӕрвтӕм ацыд

Фӕстӕдӕр Чырысти фӕзынд йе ’мбӕлттӕм, йӕ апостолтӕм.

Йегъовӕ Чырыстийӕн радта ног буар, зӕды буар, цӕстӕй йӕ фенӕн нӕй. Уый уӕлӕрвтӕм куы цыд, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ федтой.

  • Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый тыххӕй йыл цы ’рцӕуы? (Ромӕгтӕм 6:23).

  • Чырысти байгом кодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ (Ромӕгтӕм 5:21).

Хуыцау Йесойы райгас кодта ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Паддзахӕй (Данел 7:13, 14).

Паддзахады паддзахбадӕнӕй Йесо разамынд дӕтты зӕххыл дзӕнӕты цӕрӕг адӕмӕн

Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхаста ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр (Матфейы 20:28). Уыцы нывонды фӕрцы нӕ Хуыцау схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй.

Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта Паддзахӕй, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕтта. Йемӕ уыдзысты 144 000 иузӕрдион адӕймаджы. Хуыцау сӕ скодта уӕларвон царды аккаг. Чырысти ӕмӕ 144 000 уыдзысты Хуыцауы Паддзахады, уӕларвон хицауады, паддзӕхтӕ (Раргомад 14:1–3).

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл скӕндзӕн дзӕнӕт. Хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад нал уыдзӕн. Адӕм уыдзысты амондджын (Псалом 145:16).

  • Хуыцауы Паддзахад цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? (Псалом 72).

  • Мах хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа (Матфейы 6:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын