3 СӔР
Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?
Библииртасджытӕ, 1870-ӕм азтӕ
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фыццаг номыр, 1879 аз
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» абон
Библийы загъд уыд, Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн кӕй фӕзындзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Уыцы ахуыргӕнджытӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕ схӕццӕ кодтой мӕнг динты ахуырӕдтимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд мӕнг чырыстон дин (2 Тимофеймӕ 4:3, 4). Фӕлӕ уӕд цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый раст ӕмбарӕм?
Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ рӕстдзинад раргом кодтаид. Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, «кӕроны рӕстӕджы... раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (Данел 12:4). 1870 азы, рӕстдзинад чи агуырдта, уыцы Библииртасджыты гыццыл къорд бамбӕрста, чырыстон динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ уыдысты. Гъемӕ цӕмӕй, Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый базыдтаиккой, уый тыххӕй йӕ иртасын райдыдтой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта.
Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон Библи лӕмбынӕг иртӕстой. Уыцы зынгзӕрдӕ Библииртасджытӕ Фыстад куыд иртӕстой, абон ӕй мах дӕр афтӕ иртасӕм. Уыдон Библи иртӕстой темӕтӕм гӕсгӕ. Искӕцы скъуыддзаг-иу сын зын бамбарӕн куы уыди, уӕд-иу ӕркастысты ӕндӕр стихтӕм ӕмӕ-иу ын уый фӕрцы йӕ хъуыды бамбӕрстой. Ӕнӕхъӕн Библимӕ гӕсгӕ раст чи уыди, ахӕм хъуыдымӕ-иу куы ’рцыдысты, уӕд-иу ӕй ныффыстой. Афтӕмӕй Библи йӕхӕдӕг йӕхи ӕмбарын кодта, ӕмӕ ногӕй раргом сты, адӕмӕй ӕнусты дӕргъы рох чи уыд, уыцы ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, уыдон бамбӕрстой, Библи цы дзуры Хуыцауӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй, стӕй йӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр. Фыстад бӕстон кӕй иртӕстой, уый фӕрцы ссӕрибар сты бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй (Иоанны 8:31, 32).
1879 азмӕ Библииртасджытӕ бамбӕрстой, рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр базоной, Библи цы дзуры, уый. Ӕмӕ уыцы аз мыхуыр кӕнын райдыдтой, абоны онг дӕр кӕй мыхуыр кӕнӕм, уыцы журнал – «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Абон мах, Библийы цы фыст ис, уый хъусын кӕнӕм 240 бӕстӕйы 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Раст зонындзинӕдтӕ ныр куыд парахат сты, афтӕ никуыма!
Библийы цы фыст ис, уый Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ куыд сзыгъуыммӕ кодтой?
Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?