Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 5 сӕр, 1–5 фарстатӕ
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • «Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Дзӕнӕт зӕххыл. Ӕрымысгӕ ӕви ӕцӕг хабар?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 5 сӕр, 1–5 фарстатӕ

5 СӔР

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

1. Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?

Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны ӕмӕ фӕстӕдӕр уырдыгӕй тард куыд ӕрцыдысты

Йегъовӕ зӕхх радта адӕмӕн. Уый у махӕн нӕ хӕдзар. Уӕдӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, Хуыцау уый тыххӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй уӕлӕрвты цардаиккой. Уӕлӕрвты цӕрынӕн сфӕлдыста зӕдты (Иов 38:4, 7). Фыццаг адӕймаджы та ӕрцӕрын кодта зӕххыл дзӕнӕты – Едемы цӕхӕрадоны (Райдиан 2:15–17). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Адам дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой. Бакӕс Псалом 37:29; 115:16.

Райдианы ӕрмӕстдӕр Едемы цӕхӕрадон уыди дзӕнӕт. Фыццаг лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ цот уагътаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг уыдаид. Рӕстӕг куыд цыдаид, афтӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр хъуамӕ скодтаиккой дзӕнӕт (Райдиан 1:28). Зӕхх никуы фесӕфдзӕн – адӕмӕн алкӕддӕр уыдзӕн сӕ хӕдзар. Бакӕс Псалом 104:5.

Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?»

2. Абон зӕхх дзӕнӕт цӕуылнӕ у?

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Едемы цӕхӕрадонӕй рарвыста. Адӕм дзӕнӕтӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ абоны онг никӕмӕн ма бантыст зӕххыл ногӕй дзӕнӕт скӕнын. Библийы фыст ис: «Зӕхх лӕвӕрд у фыдгӕнӕджы къухмӕ» (Иов 9:24). Бакӕс Райдиан 3:23, 24.

Зӕхх ногӕй у дзӕнӕт ӕмӕ дзы адӕм хӕдзӕрттӕ аразынц

Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ фӕндӕй ницы рауад? Ницы хуызы. Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ иугӕр цыдӕр сфӕнд кодта, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн (Исай 45:18). Хуыцау адӕмы цы цардӕн сфӕлдыста, уыцы цард сын ногӕй скӕндзӕн. Бакӕс Псалом 37:11, 34.

3. Зӕхх ногӕй дзӕнӕт куыд суыдзӕн?

Зӕхх ногӕй дзӕнӕт суыдзӕн Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Йесойы хицаудзинады рӕстӕджы. Армагеддоны хӕсты Йесо уӕларвон зӕдтимӕ фесафдзӕн, Хуыцауы ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны. Хӕйрӕджы та 1 000 азмӕ сбӕтдзӕн. Уыцы хӕсты Хуыцауы адӕм удӕгасӕй баззайдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Йесо хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын амондзӕн, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Уыцы адӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты. Бакӕс Раргомад 20:1–3; 21:3, 4.

4. Адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕрон кӕд скӕндзӕн? Чырысти бамбарын кодта, цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн базонӕн, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Абон дуне цы уавӕры ис, уый ма дарддӕр афтӕ куы ахӕсса, уӕд зӕххыл иу адӕймаг дӕр нал баззайдзӕн. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» кӕй цӕрӕм. Бакӕс Матфейы 24:3, 7–14, 21, 22.

Чырысти 1 000 азы дӕргъы уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг кӕрон скӕндзӕн адӕмы хъизӕмӕрттӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Исай 9:6, 7; 11:9). Йесо ӕрмӕст Паддзах нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ма Хистӕр сауджын дӕр ӕмӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыдоны сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн. Уӕдӕ Хуыцау Чырыстийы фӕрцы адӕмӕн ахӕм хорздзинад сараздзӕн, ӕмӕ нал дӕр рынчын кӕндзысты, нал дӕр зӕронд ӕмӕ нал дӕр мӕлгӕ. Бакӕс Исайы 25:8; 33:24.

5. Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн?

Адӕм ӕмбырды ахуыр кӕнынц

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды базонгӕ уыдзынӕ, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмимӕ

Дзӕнӕты цӕрдзысты, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм (1 Иоанны 2:17). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕрвыста, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы агуырдтаиккой ӕмӕ сын амыдтаиккой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Абон дӕр Йегъовӕ тынг бирӕ адӕмы, милуанты, цӕттӕ кӕны ног дунейы цӕрынмӕ (Софони 2:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц, сӕ бинонты раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕнын. Уыцы ӕмбырдты ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауӕн иумӕ кувынц, стӕй дзы Библийӕ алыхуызон уынаффӕтӕ фехъусынц, куыд у сӕ бон сӕ цард хуыздӕрырдӕм ивын, уый тыххӕй. Бакӕс Михейы 4:1–4.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын