6 СӔР
Чи амард, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
1. Библийы мӕрдты тыххӕй цавӕр хорз хабар фыст ис?
Йесойӕн уыди иу ӕмбал, Лазӕр, зӕгъгӕ. Иуафон Лазӕр фӕрынчын ӕмӕ амард. Уый царди Иерусалиммӕ хӕстӕг хъӕу Вифанийы. Йесо уыцы хъӕумӕ куы бахӕццӕ, уӕдмӕ Лазӕры мардыл цыди цыппар боны. Йесо Лазӕрӕн йӕ хотимӕ, Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ, ацыд, мард кӕм бавӕрдтой, уырдӕм. Уӕдмӕ адӕм дӕр ӕрбамбырд сты. Ӕмӕ уым адӕмы раз Йесо Лазӕры райгас кодта. Ахъуыды-ма кӕн, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ се ’фсымӕрыл куыд цин кодтаиккой! Бакӕс Иоанны 11:21–24, 38–44.
Марфӕйы уый размӕ дӕр уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Марфӕ зыдта, фидӕны Йегъовӕ мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ та ногӕй зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Бакӕс Иов 14:14, 15.
2. Цымӕ мӕрдты исты ис?
Хуыцау Адамӕн загъта: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (РАЙДИАН 3:19).
Адӕймаг у сыджытӕй конд (Райдиан 2:7; 3:19). Ӕнӕмӕлгӕ уд ын нӕй, мӕлӕты фӕстӕ дзы цӕргӕйӕ ницы баззайы. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ сӕры магъз дӕр йӕ кусынӕй ӕрлӕууы, ӕмӕ уӕд фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр. Мӕрдты исты куы уаид, уӕд Лазӕр дӕр истытӕ радзырдтаид. Фӕлӕ ницы радзырдта, уымӕн ӕмӕ мард ницыуал фембары. Бакӕс Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 6, 10.
Цымӕ чи амӕлы, уыдоны Хуыцау зындоны арты хъизӕмарӕй мары? Библийӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй мард ницыуал фембары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, адӕм зындоны хъизӕмар кӕнынц, зӕгъгӕ, уый у мӕнг ныхас. Афтӕ чи дзуры, уыдон Хуыцауы номыл цъыф калынц. Хуыцауӕн, адӕмы зындоны арты хъизӕмарӕй мара, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр ӕнад у. Бакӕс Йеремийы 7:31.
Бакӕс видеороликмӕ «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?»
3. Цымӕ мӕрдтӕн сӕ бон немӕ ныхас кӕнын у?
Мӕрдтӕ нӕдӕр дзургӕ кӕнынц, нӕдӕр хъусгӕ (Псалом 115:17). Мӕрдты ӕфсон адӕмимӕ фӕныхас кӕнынц хӕйрӕджытӕ (2 Петры 2:4). Йегъовӕ нын комкоммӕ зӕгъы, цӕмӕй ма архайӕм мӕрдтимӕ ныхас кӕныныл. Бакӕс Дыккаг закъон 18:10, 11.
4. Чи райгас уыдзӕн?
Чи амард, уыцы адӕмӕй милуантӕ райгас уыдзысты, цӕмӕй зӕххыл цӕрой. Хуыцау райгас кӕндзӕн, чи йӕ нӕ зыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, ахӕм адӕймӕгты дӕр. Бакӕс Лукайы 23:43; Хъуыддӕгтӕ 24:15.
Чи райгас уа, уыдонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый хъуыддагӕй ӕвдисой – йӕ коммӕ кӕсой (Раргомад 20:11–13). Уыцы адӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕ чи араза, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Бакӕс Иоанны 5:28, 29.
5. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нын Йегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?
Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ куы нӕ рарвыстаид ӕмӕ уый йӕ цард адӕмы тыххӕй куы нӕ раттаид, уӕд уый гӕнӕн нӕ уаид, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уой. Уӕдӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у Йегъовӕйы стыр лӕвар ӕмӕ дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. Чи райгас уа, уыдонӕй дӕ тынгдӕр кӕй фӕндид фенын? Бакӕс Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 6:23.