Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 13 сӕр, 1–4 фарстатӕ
  • Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном куыд ӕгад кӕнынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Уӕхи хизут мӕнг динӕй!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!
    Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 13 сӕр, 1–4 фарстатӕ

13 СӔР

Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

1. Динтӕ иууылдӕр хорз сты?

Нӕлгоймаг Библи кӕсы

Ӕппӕт динты дӕр ис, Хуыцауыл ӕнувыд чи у, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Хуыцау уыцы адӕймӕгты уыны ӕмӕ сыл тыхсы. Ӕмӕ уый хорз хабар куыннӕ у. Фӕлӕ, хъыгагӕн, адӕм дины номӕй аразынц бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4; 11:13–15). Ног хабӕртты хӕстытӕ, теракттӕ кӕнӕ геноциды кой куы фӕкӕнынц, уӕд арӕх фӕзӕгъынц, уыцы хъуыддӕгты кӕцыдӕр динтӕ дӕр кӕй сты аххосджын. Фехъусӕм ма, дингӕнӕг адӕм сывӕллӕттимӕ хӕлд митӕ кӕй фӕкӕнынц, уый тыххӕй дӕр. Ахӕм хабӕртты тыххӕй бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм динтӕй фӕфыдӕнхъӕл сты. Бакӕс Матфейы 24:3–5, 11, 12.

Раст дин Хуыцауы кадджын кӕны, мӕнг динтӕ та йӕ худинаг кӕнынц. Мӕнг динтӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ мӕрдты тыххӕй цы дзурынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм рӕстдзинад зоной. Бакӕс Йезекилы 18:4; 1 Тимофеймӕ 2:3–5.

2. Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Афтӕ чи дзуры, Хуыцауы уарзӕм, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй та Хӕйрӕджы дуне чи уарзы, уыцы динтӕ Хуыцауы нӕ асайдзысты, уый сын сӕ хъуыддӕгтӕ хорз зоны (Иаковы 4:4). Хуыцауы Ныхас мӕнг динтӕ иууылдӕр хоны «Стыр Вавилон». Афтӕ сӕ уымӕн хоны, ӕмӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ мӕнг дин апарахат рагон горӕт Вавилонӕй. Адӕмы чи сайы ӕмӕ сӕ хӕрдмӕ скӕсын чи нӕ уадзы, уыцы динтӕ тагъд Хуыцау фесафдзӕн. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды. Бакӕс Раргомад 17:1, 2, 5, 16, 17; 18:8.

Фӕлӕ Йегъовӕйӕ рох не сты, ӕгас дунейы алыхуызон мӕнг динты чи ис, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Хуыцау сын рӕстдзинад ӕргом кӕны ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕны мӕнг дин ныууадзынӕн. Бакӕс Михейы 4:2, 5.

3. Хуыцауыл ӕнувыд чи у, уыдоны цы хъӕуы аразын?

Адӕм ӕмбырды фӕстӕ ныхас кӕнынц

Раст дин адӕмы иу бинонтау кӕрӕдзийыл бӕтты

Йегъовӕйӕн зынаргъ сты, рӕстдзинад чи агуры ӕмӕ, хорз цы у, уый аразын кӕй фӕнды, уыцы адӕм, ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мӕнг дин ныууадзой. Хуыцауы чи уарзы, уыдон цӕттӕ сты сӕ цард фӕивынмӕ, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарой. Бакӕс Раргомад 18:4.

Фыццаг ӕнусы-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм апостолтӕй хорз хабар куы фехъуыстой, уӕд-иу ӕй цингӕнгӕйӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Хуыцау сын бацамыдта царды ног фӕндаг, амондджын фӕндаг. Уыдон базыдтой, цӕмӕн цӕрынц, уый ӕмӕ сын фӕзынди ныфс. Хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый равдыстой хъуыддагӕй – Йегъовӕйы сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтой. Ӕмӕ уымӕй махӕн дӕр сты фӕзминаг. Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 1:8, 9; 2:13.

Мӕнг дин чи ныууадзы, уыдонӕн Йегъовӕ ахӕм диссаджы фадат ратты, цӕмӕй йӕ бинонтӕй суой. Ӕмӕ ды дӕр уыцы фадатӕй куы спайда кӕнай, уӕд суыдзынӕ йӕ хӕлар, стӕй ссардзынӕ, чи дӕ уарза, ахӕм ног бинонтӕ ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзынӕ ӕнусон цардӕй. Бакӕс Марчы 10:29, 30; 2 Коринфӕгтӕм 6:17, 18.

4. Хуыцау ӕгас зӕхмӕ дӕр циндзинад куыд ӕрхӕсдзӕн?

Тагъд Хуыцау мӕнг динтыл йӕ фыдӕх ныккалдзӕн. Ӕмӕ уӕд ӕгас дунейы дӕр адӕм ссӕрибар уыдзысты, мӕнг динтӕ сыл цы уаргъ сӕвӕрдтой, уымӕй. Мӕнг динтӕ адӕмы нал сайдзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ нал кӕндзысты. Зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн ӕмӕ иу бинонтау фӕрнӕй цӕрдзысты. Бакӕс Раргомад 18:20, 21; 21:3, 4.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 15 ӕмӕ 16 сӕртӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын