Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 11 сӕр, 1–4 фарстатӕ
  • Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Хуыцауы закъӕттӕ цы пайда сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Де ’фсарм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты фӕрцы ахуыр кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Алы хъуыддаджы дӕр агурут Хуыцауы разамынд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 11 сӕр, 1–4 фарстатӕ

11 СӔР

Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц?

1. Алы адӕймаджы дӕр разамынд цӕмӕн хъӕуы?

Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ царды куыд ӕххуыс кӕнынц: мад сывӕллоныл рон бакодта; фыд ӕмӕ фырт велосипедтыл цӕугӕйӕ каскӕтӕ скодтой; сывӕрджын сылгоймаг; кусӕг йӕхи хъахъхъӕны

Цард Хуыцауы лӕвар кӕй у, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? (ПСАЛОМ 36:9).

Не Сфӕлдисӕг махӕй бирӕ зондджындӕр у. Уый у нӕ уарзӕгой Фыд, ӕмӕ йӕ нӕ хорз фӕнды. Хуыцау нӕ афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй нӕхӕдӕг нӕхицӕн разамынд дӕттӕм (Йереми 10:23). Уымӕ гӕсгӕ махӕй алкӕй дӕр хъӕуы Хуыцауы разамынд, мӕнӕ сывӕллоны йӕ ныййарджыты разамынд куыд фӕхъӕуы, афтӕ (Исай 48:17, 18). Хуыцау нын разамынд дӕтты Библийы уылты – уым ныффыссын кодта йӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕмӕ нын афтӕмӕй скодта стыр лӕвар. Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.

Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй абон дӕр царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм цӕрӕм. Хуыцау не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм, цы разамынд нын дӕтты, уымӕн ӕмӕ йӕм хъусӕм. Бакӕс Псалом 19:7, 11; Раргомад 4:11.

2. Хуыцауы Ныхас нын разамынд куыд дӕтты?

Библийы ис, алыхуызон уавӕртӕм чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Фӕлӕ ма дзы ис закъӕттӕ дӕр, ӕмӕ уыдон та хауынц бӕлвырд уавӕртӕм (Дыккаг закъон 22:8). Цӕмӕй адӕймаг, кӕцыдӕр уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый бамбара, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хъуыды кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 2:10–12). Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, цард Хуыцауы лӕвар у, зӕгъгӕ. Ацы уагӕвӕрд хӕдзары дӕр, куысты дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр тӕссаг уавӕры не ’ппардзыстӕм. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:28.

3. Цавӕр дыууӕ фӕдзӕхсты сты ӕппӕты сӕйрагдӕр?

Чырысти загъта, дыууӕ фӕдзӕхсты, кӕнӕ уагӕвӕрды, кӕй сты ӕппӕты сӕйрагдӕр. Фыццаг фӕдзӕхст ӕвдисы, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый – цӕмӕй Хуыцауы зона, уарза йӕ ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕна. Ацы фӕдзӕхст нӕ хъуамӕ рох ма уа, цыфӕнды хъуыддаг ма аразӕм, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 3:6). Йӕ цард ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чи аразы, уыцы адӕймаг свӕййы Хуыцауы хӕлар, ссары ӕцӕг амонд ӕмӕ йын фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Бакӕс Матфейы 22:36–38.

Дыккаг фӕдзӕхст та нын ӕххуыс кӕны иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн (1 Коринфӕгтӕм 13:4–7). Цӕмӕй ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ адӕммӕ кӕсӕм Хуыцауы цӕстӕй. Бакӕс Матфейы 7:12; 22:39, 40.

4. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц?

Амондджын бинонтӕ

Хуыцауы фӕдзӕхстыты фӕрцы бинонтӕ кӕрӕдзи фӕуарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц ӕнувыддӕр (Колоссӕгтӕм 3:12–14). Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ иумӕ уой цӕрӕнбонтӕм. Бинонтӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд сӕ цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг нӕ вӕййы. Бакӕс Райдиан 2:24.

Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын цардамӕлттӕ кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн, стӕй нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн. Зӕгъӕм, бирӕтӕ куыстмӕ райсынц, йӕ цард Библимӕ гӕсгӕ чи аразы ӕмӕ уый фӕрцы куыстуарзаг ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, ахӕм адӕмы (Ӕмбисӕндтӕ 10:4, 26; Дзуттӕгтӕм 13:18). Хуыцауы Ныхас ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕм цы ис, уый фагыл нымайӕм ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ ма тырнӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм, уымӕ. Бакӕс Матфейы 6:24, 25, 33; 1 Тимофеймӕ 6:8–10.

Адӕймаг йӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕаразы, уӕд уый пайда вӕййы йе ’нӕниздзинадӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 14:30; 22:24, 25). Зӕгъӕм, Хуыцау нозты тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм мӕлӕтдзаг низтӕй ӕмӕ алыхуызон бӕллӕхтӕй (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нуазӕн бынтондӕр нӕй, фӕлӕ адӕймаг хъуамӕ нозтӕй бӕрц зона (Псалом 104:15; 1 Коринфӕгтӕм 6:10). Хуыцауы Ныхас ма нын амоны, цӕмӕй нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уымӕ дӕр ӕмӕ нӕ афтӕмӕй дӕр хъахъхъӕны (Псалом 119:97–100). Фӕлӕ мах Библийы фӕдзӕхстытӕм ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъусӕм, ӕмӕ нӕ пайдайӕн сты. Сӕйрагдӕр нын у, афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнӕм, уый. Бакӕс Матфейы 5:14–16.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 12 ӕмӕ 13 сӕртӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын