ДЫУУЫН ДЫККӔГӔМ СӔР
Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
1, 2. Йесо Капернаумы адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Петр куыд ӕнхъӕл уыд, фӕлӕ хабар куыд рауад?
ПЕТР тыхстхуызӕй кӕсы, Йесомӕ чи хъусы, уыцы адӕммӕ. Ныртӕккӕ сты Капернаумы, дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны. Петр йӕхӕдӕг дӕр ацы горӕтӕй у ӕмӕ кӕсагахсӕджы куыст дӕр кӕны ам, Галилейӕйы денджызы цӕгат фарс. Йе ’мбӕлттӕй, йӕ хиуӕттӕй, стӕй, иумӕ кӕимӕ кусы, уыдонӕй бирӕтӕ ам цӕрынц. Петр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ уыцы адӕм дӕр баууӕнддзысты Йесойыл ӕмӕ цин кӕндзысты, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгӕй сӕ бон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базонын кӕй у, ууыл. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад.
2 Бирӕтӕ Йесойы ныхӕстӕм нал хъусынц. Иуӕй-иутӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой – Йесо цы дзуры, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ Петрӕн ӕппӕты зындӕр у, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ сӕхи куыд равдыстой, уый. Раздӕр-иу Йесомӕ хъусгӕйӕ Хуыцауы тыххӕй ногӕй исты куы базыдтой, уӕд-иу фырцинӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты. Фӕлӕ ныр уыцы циндзинадӕн йӕ кой дӕр нал ис. Суанг ма мӕсты дӕр систы. Иуӕй-иутӕ Йесойӕ дзурынц, ай, дам, цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны, кӕй бон, дам, у уыдӕттӕм хъусын. Гъемӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ацыдысты – ӕмӕ Йесойы ныууагътой. (Бакӕс Иоанны 6:60, 66.)
3. Петрӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы бирӕ хӕттыты цы бантыст?
3 Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн уый уыд фӕлварӕн. Петр дӕр Йесойы ныхӕстӕ дзӕбӕх нӕ бамбӕрста. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймаг сӕ комкоммӕ куы ӕмбӕрстаид, уӕд ӕм ӕнахуыр куыннӕ фӕкастаиккой. Фӕлӕ цымӕ Петр куыд бакӕндзӕн? Йӕ Хицауыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн ӕви нӕ, уый фыццаг хатт нӕ цыд фӕлвӕрд, стӕй фӕстаг хатт дӕр нӕ уыд. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Петр-иу йӕ уырнындзинады фӕрцы ахӕм фӕлварӕнты фидар куыд фӕлӕууыд ӕмӕ-иу иузӕрдионӕй куыд баззад, уымӕ.
Иннӕтӕй уӕлдай уыд иузӕрдион
4, 5. Адӕм-иу Йесойӕ фыдӕнхъӕл цӕмӕн фесты?
4 Йесо йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Петры иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафтыдта дисы. Йесо-иу ахӕм цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта, ӕмӕ-иу адӕм уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, уый размӕ бон Йесо диссаджы хуызы бафсӕста цалдӕр мин адӕймаджы. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм хъавыдысты паддзахӕй сӕвӕрынмӕ. Фӕлӕ Йесо не сразы. Уырдыгӕй йӕхи айста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр загъта, цӕмӕй бӕлӕгъы сбадтаиккой ӕмӕ Капернауммӕ ацыдаиккой. Ӕмӕ йыл уыцы адӕм куыннӕ дис кодтаиккой. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕхсӕвы Галилейӕйы денджызы куы уыдысты, уӕд дӕр та сӕ дисы бафтыдта. Абухгӕ денджызыл сӕм къахӕй бацыд! Ӕмӕ ма Петрӕн дӕр бамбарын кодта, йӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй уыд, уый.
5 Райсомӕй ахуыргӕнинӕгтӕ федтой, адӕмӕй бирӕтӕ бӕлӕгъты кӕй сбадтысты ӕмӕ сӕ фӕдыл кӕй рацыдысты. Фӕлӕ цымӕ цӕмӕн? Йесойы ныхӕстӕм хъусынӕй не ’фсӕстысты, ӕмӕ уымӕн? Нӕ, уыдоны фӕндыд, цӕмӕй та диссаг сарӕзтаид ӕмӕ сын хӕринаг раттаид. Ӕмӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта, ӕрмӕстдӕр зӕххон хабӕрттыл кӕй мӕт кодтой, уый тыххӕй (Иоан. 6:25–27). Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны. Ӕмӕ уым цы ахсджиаг хабӕрттӕ дзырдта, уыдонӕй дӕр та бирӕтӕ фыдӕнхъӕл фесты, уымӕн ӕмӕ сын зынӕмбарӕн уыдысты.
6. Йесо цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста ӕмӕ уый адӕммӕ куыд фӕкаст?
6 Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕм адӕм хӕринаджы тыххӕй цыдаиккой. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй йӕ ӕмбӕрстаиккой: Хуыцау сын ӕнусон цард балӕвар кӕндзӕн, Йесойы нывондыл куы баууӕндой ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Гъемӕ сын ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон. Йӕхи абарста маннӕимӕ – Моисейы рӕстӕджы Хуыцау израилӕгтӕн уӕлӕрвтӕй кӕй лӕвӕрдта, уыцы хӕринагимӕ. Чидӕртӕ йӕ ныхмӕ куы сдзырдтой, уӕд йӕ ныхӕстӕ фӕтыхджындӕр кодта ӕмӕ спайда кодта ӕндӕр абарстӕй. Бамбарын сын кодта, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уой, уый тыххӕй йын ӕнӕмӕнг йӕ буар кӕй хъуамӕ хӕрой ӕмӕ йын йӕ туг кӕй хъуамӕ нуазой. Ӕмӕ адӕм мӕсты кӕнын дӕр ацы ныхӕсты фӕстӕ райдыдтой. Иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?» Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ йӕ фӕдыл нал цыдыстыa (Иоан. 6:48–60, 66).
7, 8. а) Петр цы нӕма ӕмбӕрста? ӕ) Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта ӕмӕ Петр цавӕр дзуапп радта?
7 Петр та куыд бакӕндзӕн? Йесойы ныхӕстӕ уымӕ дӕр ӕнахуыр куыннӕ фӕкастаиккой. Нырма йӕ не ’мбӕрста, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фӕндон кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕна. Цымӕ Петры дӕр нӕ бафӕндыд, Йесойыл йӕ зӕрдӕ чи сивта ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыцы ахуыргӕнинӕгтау ацӕуын? Нӕ. Уыцы адӕмӕй уӕлдай Петрмӕ уыд иу диссаджы миниуӕг. Цавӕр?
8 Йесо йӕ апостолтӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр фӕнды ацӕуын» (Иоан. 6:67). Кӕд йӕ ныхас се ’ппӕтмӕ дӕр хауд, уӕддӕр та ацы хатт дӕр Петр иннӕты разӕй фӕци. Ӕвӕццӕгӕн, се ’ппӕтӕй хистӕр уыд, ӕмӕ уымӕн. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,– Петр уыд иннӕтӕй ӕргомдзырддӕр. Цы хъуыды кодта, уый зӕгъын никуы ӕфсӕрмы кодта. Ӕмӕ ацы хатт йӕ хъуыды загъта ахӕм диссаджы ныхӕстӕй: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:68).
9. Петр куыд равдыста, Йесойыл иузӕрдион кӕй уыд, уый?
9 Ацы ныхӕстӕ дын дӕ зӕрдӕ нӕ агайынц? Петр Йесойыл афтӕ фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы йӕм фӕзынд рӕсугъд миниуӕг – иузӕрдиондзинад. Петр хорз ӕмбӕрста, Йегъовӕ адӕмӕн Йесойы йеддӕмӕ ӕндӕр Ирвӕзынгӕнӕг кӕй нӕ радта. Стӕй уый дӕр уыдта, ӕмӕ Йесо адӕмы ирвӕзын кӕны йӕ ныхӕсты фӕрцы – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзуры, уый фӕрцы. Ӕмӕ дзы кӕд цыдӕртӕ йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста, уӕддӕр ӕй зыдта: Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ ӕнусон цардӕй хайджын уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йесойы фӕрцы.
Хъуамӕ Йесойы ахуырӕдтыл фидар хӕцӕм, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ сӕ куы не ’мбарын кӕной кӕнӕ дзы нӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд дӕр
10. Петры хуызӕн иузӕрдион кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
10 Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Абон бирӕтӕ дзургӕ бӕргӕ фӕкӕнынц, Йесойы уарзӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ иузӕрдион та нӕ разынынц. Чырыстийыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ ахуырӕдтӕм ын Петры цӕстӕй куы кӕсӕм, уымӕй. Хъуамӕ уыцы ахуырӕдтӕ базонӕм, сӕ хъуыды сын бамбарӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕнӕм, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ сӕ куы не ’мбарын кӕной кӕнӕ дзы нӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд дӕр. Йесойы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн уыдзӕн, иузӕрдион куы уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Бакӕс Псалом 97:10.)
Уайдзӕфы фӕстӕ дӕр – иузӕрдион
11. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕдӕм ацыд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
11 Уыцы хабӕрттӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо йӕ апостолтимӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕимӕдӕрты араст дард балцы цӕгатырдӕм. Уым, Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ цӕгат кӕроны, уыд Ермоны хох. Ӕмӕ-иу уыцы урссӕр хохы цъупп иуӕй-иу хатт зынди Галилейӕйы денджызӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цыди, Филиппы Кесарийы раз чи уыд, уыцы хъӕутӕм, ӕмӕ Ермоны хох сӕ разы бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кодтаb. Уыцы рӕсугъд ранӕй хуссарырдӕм куы акастаис, уӕд дзы хорз зынди Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ фылдӕр хай. Ӕмӕ уым Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты иу ахсджиаг хъуыддагӕй бафарста.
12, 13. а) Йесойы цӕмӕн фӕндыд, адӕм дзы цы хъуыды кодтой, уый базонын? ӕ) Петр Йесойӕн цавӕр дзуапп радта, уымӕй йӕ уырнындзинад куыд равдыста?
12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Цы дзурынц адӕм мӕн тыххӕй, чи, дам, у?» Хӕрзаг, Петр ӕдзынӕг каст Йесойы цӕстытӕм ӕмӕ та йӕ ногӕй бамбӕрста, йӕ Хицау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, куыд уӕззау зонды хицау у ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ у. Йесойы фӕндыд базонын, адӕм цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уымӕй цавӕр хатдзӕгтӕ скодтой. Ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой, адӕм ӕй кӕуыл нымадтой, уый. Фӕлӕ ма Йесойы ноджыдӕр иу цыдӕр фӕндыд базонын. Цымӕ, ӕдзухдӕр йемӕ чи вӕййы, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц? Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?» (Лук. 9:18–20).
13 Ӕмӕ та Петр дзуапмӕ фӕрӕвдз. Бирӕтӕ цы хъуыды кодтой, уый загъта фидарӕй, ныфсджынӕй: «Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт». Уый Йесойӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ мидбылты худгӕйӕ, Петрӕй раппӕлыд. Ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕцӕг уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн уыцы ахсджиаг хъуыддаг адӕймаг кӕй нӕ раргом кодта, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцау. Петрӕн йӕ бон сси бамбарын, Йегъовӕ уӕды онг цы диссаджы хабӕрттӕ раргом кодта, уыдонӕй сӕ иу – рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, чи у, уый. (Бакӕс Матфейы 16:16, 17.)
14. Йесо Петрӕн йӕ бар цавӕр ахсджиаг хӕстӕ бакодта?
14 Библийы Чырыстийы тыххӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, уый у, аразджытӕ кӕй аппардзысты, уыцы дур (Пс. 118:22; Лук. 20:17). Ӕмӕ ныр ахӕм пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ ӕмбырд кӕй сараздзӕн уыцы дурыл, кӕнӕ къӕдзӕхдурыл, ома Петр гыццыл раздӕр Чырысти кӕй схуыдта, ууыл. Ӕмӕ уый фӕстӕ Петрӕн загъта, уыцы ӕмбырды йын йӕ бар кӕй кӕны тынг ахсджиаг хӕстӕ. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йесо Петры иннӕ апостолтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта. Фӕлӕ йын ӕцӕгӕй та фылдӕр куыст бахӕс кодта. Йесо Петрӕн радта «паддзахады дӕгъӕлтӕ» (Матф. 16:18, 19). Петрмӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ фӕндаг байгом кодтаид ӕртӕ къордӕн: фыццаг дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн, уый фӕстӕ самариӕгтӕн ӕмӕ фӕстагмӕ та иннӕ адӕмтӕн.
15. Петр Йесойӕн куыд бауайдзӕф кодта ӕмӕ цӕмӕн?
15 Фӕлӕ ма фӕстӕдӕр Йесо загъта, бирӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕуа, уый дзуапп дӕттын дӕр фылдӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй хъӕудзӕн. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ хаудысты Петрмӕ дӕр (Лук. 12:48). Йесо дарддӕр ӕргом кодта Мессийӕйы тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, дзырдта, Иерусалимы хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Петры уыцы ныхӕстӕ мӕты бафтыдтой. Ӕмӕ Йесойы иуварс акодта ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:21, 22).
16. Йесо Петрӕн йӕ рӕдыдмӕ куыд бацамыдта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕй алкӕмӕн дӕр зондзонӕн куыд сты?
16 Петры ӕвзӕрӕй ницы фӕндыд зӕгъын. Ӕмӕ йын Йесо цы дзуапп радта, уый йӕ дисы куыннӕ бафтыдтаид. Йесо Петрӕй иуварс азылд, иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бакаст – ӕвӕццӕгӕн, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кодтой – ӕмӕ загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:23; Мар. 8:32, 33). Йесойы ныхӕстӕ абон махӕй алкӕмӕн дӕр сты зондзонӕн. Адӕймаг ӕй йӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕсын куыд райдайы, уый. Ӕмӕ уый тынг тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕймаджы Хуыцауы зондыл нӕ сараздзыстӕм, фӕлӕ Хӕйрӕджы, кӕд ын нӕ зӕрды баххуыс кӕнын уыди, уӕддӕр. Фӕлӕ цымӕ Петр уый фӕстӕ куыд бакодта?
17. Йесо Петрӕн, «ацу мӕ разӕй, Сайтан», зӕгъгӕ, цӕмӕн загъта?
17 Петр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, Йесо йӕ Сайтаныл ӕмӕ Хӕйрӕгыл кӕй нӕ нымадта. Сайтанимӕ ӕндӕрхуызон ныхас кодта. Йесо равдыста, Сайтанимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы уыд (Матф. 4:10). Фӕлӕ Петрмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ каст – зыдта йӕ, бирӕ хорз миниуджытӕ йӕм кӕй ис. Ӕрмӕст ацы уавӕры раст нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын йӕ рӕдыд комкоммӕ загъта. Петр хъуамӕ Йесойӕн цӕлхдуртӕ мауал ӕвӕрдтаид, фӕлӕ йын хъуамӕ ӕххуыс кодтаид.
Зонд нын куы амоной, уӕд-иу нӕ рӕдыд сӕрныллӕгӕй сраст кӕнӕм – ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ Фыдмӕ, Йегъовӕ Хуыцаумӕ
18. Петр иузӕрдиондзинад куыд равдыста ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
18 Цымӕ Петр ныхмӕ дзурын райдыдта, смӕсты науӕд фӕтӕргай? Нӕ, афтӕ нӕ бакодта. Уый равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ йӕ рӕдыдыл басаст. Ӕмӕ та ам дӕр рабӕрӕг, куыд иузӕрдион уыди, уый. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йын хатт йӕ рӕдыдмӕ бацамонын ма бахъӕуа. Уӕдӕ нын зонд куы амоной, уӕд-иу нӕ рӕдыд сӕрныллӕгӕй сраст кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ Фыдмӕ, Йегъовӕ Хуыцаумӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:13.)
Петр иузӕрдион уыд, йӕ рӕдыдмӕ йын-иу куы бацамыдтой, уӕд дӕр
Йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд
19. Йесо цавӕр диссаджы хабар загъта ӕмӕ Петр цӕуыл хъуыды кодтаид?
19 Гыццыл фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта ноджыдӕр иу диссаджы хабар: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ» (Матф. 16:28). Петр, хӕрзаг, сцымыдис. Цымӕ Йесойы цы зӕгъын фӕнды? Чи зоны, хъуыдытӕ кодта, зӕгъгӕ ма уыцы карз уайдзӕфы фӕстӕ мӕнмӕ ахӕм кад кӕцӕй ӕрхаудзӕн.
20, 21. а) Радзур, Петр цы цӕстылуайӕн федта, уый тыххӕй. ӕ) Петрӕн цӕстылуайӕн куыд баххуыс кодта йӕ рӕдыд бамбарынӕн?
20 Фӕлӕ иу къуырийы фӕстӕ Йесо йемӕ ракодта Иаковы, Иоанны ӕмӕ Петры ӕмӕ семӕ «бӕрзонд хохмӕ» ссыд. Ӕвӕццӕгӕн, уый уыд Ермоны хох – кӕм уыдысты, уырдыгӕй афтӕ дард нӕ уыд. Уый уыдаид ӕхсӕвы, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ апостолы дӕр хуыссӕг йӕ быны скодта. Фӕлӕ Йесо куы куывта, уӕд ӕрцыд диссаджы хабар. Ӕмӕ ма цӕй хуыссӕг ӕмӕ цӕй цыдӕр! (Матф. 17:1; Лук. 9:28, 29, 32).
21 Сӕ тӕккӕ цӕстыты раз Йесойӕн йӕ хуыз ивын райдыдта. Йӕ цӕсгом ныррухс ӕмӕ хурау тӕмӕнтӕ калдта. Йӕ дарӕс та ахӕм урс фестад, ӕмӕ цӕхӕр калдта. Уый фӕстӕ Йесойы раз февзӕрд дыууӕ лӕджы: сӕ иу уыд Моисейы хуызӕн, иннӕ – Илийайы хуызӕн. Уыдон йемӕ ныхас кодтой «йӕ ацыдыл – Иерусалимы йыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл», ӕвӕццӕгӕн, кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ кӕй райгас уыдзӕн, уыдӕттыл. Ныр Петр бамбӕрста, ӕцӕгдӕр кӕй рӕдыд ӕмӕ Йесойӕн дзӕгъӕлы кӕй дзырдта, дӕхи хъизӕмӕрттӕй бахиз, зӕгъгӕ (Лук. 9:30, 31).
22, 23. а) Петр зӕрдӕхӕлар кӕй уыд, уый куыд равдыста? ӕ) Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн уыцы ӕхсӕв цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын сты?
22 Уыцы диссаджы цӕстылуайӕн уынгӕйӕ Петры дӕр бафӕндыд хорзӕй исты саразын. Стӕй йӕ фӕндыд, уыцы цӕстылуайӕн ма фылдӕр куы ахастаид. Гъемӕ уый куы федта, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Илийа Йесойы цурӕй фӕцӕуынц, уӕд загъта: «Ахуыргӕнӕг, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ам ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрӕм: иу дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстылуайӕны уыцы дыууӕ лӕджы ӕцӕгӕй Моисей ӕмӕ Илийа нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдон раджы амардысты. Ӕмӕ сӕ цӕй цатыртӕ хъуыди. Петр цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста. Фӕлӕ афтӕ зӕрдӕхӕлар кӕй уыд ӕмӕ йӕ хорздзинад аразын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй йӕ адӕймаг куыннӕ хъуамӕ уарза?! (Лук. 9:33).
Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ Петр дӕр федта диссаджы цӕстылуайӕн
23 Уыцы ӕхсӕв ма Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн ӕндӕр арфӕдзинадӕй дӕр схайджын сты. Сӕ сӕрмӕ хохыл фӕзынд мигъ. Ӕмӕ уырдыгӕй райхъуыст хъӕлӕс – уый уыд Йегъовӕ Хуыцауы хъӕлӕс! Йегъовӕ загъта: «Ай у мӕ Фырт, ӕз кӕй равзӕрстон, уый. Хъусут ӕм». Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Илийа фӕцыдӕр сты, ӕмӕ апостолтӕ Йесоимӕ хохыл иунӕгӕй баззадысты (Лук. 9:34–36).
24. а) Петр цы цӕстылуайӕн федта, уый йын куыд баххуыс кодта? ӕ) Абон махӕн та куыд баххуыс кӕндзӕн?
24 Уыцы цӕстылуайӕн Петрӕн уыд стыр лӕвар. Ӕмӕ ахӕм лӕвар у махӕн дӕр. Бирӕ азты фӕстӕ Петр ныффыста, уыцы ӕхсӕв цы стыр кады аккаг сси, уый тыххӕй – йӕхи цӕстӕй федта Йесойӕн йе стыр кад, фидӕны уӕларвон Паддзах куыд уыдзӕн, уый. Уыцы цӕстылуайӕн сбӕлвырд кодта, Хуыцауы Ныхасы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ӕцӕг кӕй сты. Стӕй Петрӕн йӕ уырнындзинад дӕр бафидар кодта ӕмӕ йӕ фӕлварӕнтӕм бацӕттӕ кодта. (Бакӕс 2 Петры 1:16–19.) Цӕй уӕдӕ мах дӕр иузӕрдион уӕм, Йегъовӕ нын кӕй сӕвӕрдта, уыцы Хицауыл ӕмӕ нын цы дзуры, уымӕ хъусӕм, нӕ рӕдыдмӕ нын куы бацамона, уӕд-иу ӕй сраст кӕнӕм ӕмӕ алы бон дӕр сӕрныллӕгӕй йӕ фӕдыл цӕуӕм. Ӕмӕ уӕд, уыцы цӕстылуайӕн Петры уырнындзинад куыд фидар кодта, афтӕ фидар кӕндзӕн мах уырнындзинад дӕр.
a Бӕрӕг у, ӕмбырдгӕнӕны цы адӕм уыд, уыдон фидар зондыл хӕст кӕй нӕ уыдысты. Тӕккӕ знон дӕр ма Йесойы Хуыцауы пехуымпар хуыдтой, ныр та фӕиннӕрдӕм сты (Иоан. 6:14).
b Галилейӕйы денджызы былгӕронӕй сӕ цӕуын хъуыди 50 километры. Кӕм уыдысты, уыцы бынат уыд денджызӕй 210 метры дӕлдӕр. Ӕмӕ сӕ цӕуын кӕдӕм хъуыд, уый та уыд денджызӕй 350 метры уӕлдӕр. Кӕуылты цыдысты, уым ӕрдз уыди тынг рӕсугъд.