Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 6 радз., 14–15 фф.
  • Давид нӕ тарст

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Давид нӕ тарст
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Давид ӕмӕ Голиаф
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • «Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Давид ӕмӕ Голиаф
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 6 радз., 14–15 фф.

6 РАДЗЫРД

Давид нӕ тарст

Куы фӕтӕрсыс, уӕд куыд бакӕныс? ~ Чи зоны, дӕ мад кӕнӕ дӕ фыдмӕ балидзыс, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Фӕлӕ дын ноджыдӕр чи баххуыс кӕна, иу ахӕм чидӕр ма ис. Уый алкӕмӕй тыхджындӕр у. Зоныс, чи у? ~ Йегъовӕ. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм иу лӕппуйы тыххӕй, йӕ ном хуынди Давид. Уый тыххӕй фыст ис Библийы. Давид зыдта, Йегъовӕ йын-иу алы хатт дӕр кӕй баххуыс кодта, ӕмӕ нӕ тарст.

Давидӕн йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ ныййарджытӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзтаид. Уымӕ гӕсгӕ Давид никуы ницӕмӕй тарст. Зыдта йӕ, Йегъовӕ йе ’мбал кӕй у ӕмӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Иухатт Давид фыстӕ куы хызта, уӕд стыр домбай ӕрбацыд, ӕмӕ фыстӕй иуыл йӕхи ныццавта! Зоныс, Давид цы сарӕзта? Домбайы фӕстейӕ асырдта, ӕрцахста йӕ ӕмӕ йӕ амардта! Фӕстӕдӕр та йын йӕ фыстыл арс йӕхи куы ныццавта, уӕд Давид арсы дӕр амардта! Дӕумӕ гӕсгӕ, Давидӕн чи баххуыс кодта? ~ О, Йегъовӕ.

Иухатт та Давид равдыста ноджы стырдӕр хъӕбатырдзинад. Израилӕгтӕ хӕцыдысты се знӕгтимӕ. Уыцы адӕм уыдысты филистимӕгтӕ. Филистимаг ӕфсӕддонтӕй иу уыд тынг-тынг стыр, уӕйыджы йас! Йӕ ном хуынди Голиаф. Уыцы уӕйыг Израилы ӕфсӕддонтӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕ хынджылӕг кодта. Израилы ӕфсӕддонтӕн дзырдта, цӕмӕй йемӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ дзы уыдон тынг тарстысты. Давид Голиафы куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Ӕз схӕцдзынӕн демӕ! Йегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ дын дӕ сӕр атӕхын кӕндзынӕн!» Давид хъӕбатыр уыд? ~ О, тынг хъӕбатыр уыд. Дарддӕр цы уыди, уый зоныс?

Давид райста дурӕхсӕн ӕмӕ фондз лӕгъз дуры, ӕмӕ Голиафы размӕ рацыд, цӕмӕй йемӕ схӕцыдаид. Голиаф куы федта, Давид бынтон ӕрыгон кӕй у, уӕд дзы хынджылӕг кӕнын райдыдта. Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хъамаимӕ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Йегъовӕйы номимӕ!» Уый фӕстӕ Давид йӕ дурӕхсӕны дур авӕрдта, Голиафы размӕ азгъордта, ӕмӕ йыл ӕй ныззыввыт кодта. Дур Голиафы ныхы ныссагъд. Уӕйыг зӕхмӕ мардӕй ӕрхауд! Филистимӕгтӕ афтӕ тынг фӕтарстысты, ӕмӕ лидзынмӕ фесты. Давиды хуызӕн ӕрыгон лӕппу уыцы уӕйыгыл куыд фӕтых? ~ Йегъовӕ йын баххуыс кодта. Йегъовӕйы раз уыцы уӕйыг ницы уыди!

Давид Голиафы амардта

Давид нӕ тарст, уымӕн ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн

Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Йегъовӕ алкӕмӕй тыхджындӕр у. Ӕмӕ Йегъовӕ у де ’мбал. Уӕдӕ иннӕ хатт истӕмӕй куы фӕтӕрсай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уай!

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Псалом 56:3, 4

  • 1 Самуилы 17:20–54

ФАРСТАТӔ

  • Давид цы сарӕзта, домбай ӕмӕ арс сӕхи йӕ фыстыл куы ныццавтой, уӕд?

  • Голиаф Йегъовӕйӕ куы хынджылӕг кодта, уӕд ын Давид цы загъта?

  • Давид Голиафыл куыд фӕтых ис?

  • Давид цӕуылнӕ фӕтарст домбайӕ, арсӕй ӕмӕ уӕйыгӕй?

  • Давидӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын