Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 12 радз., 26–27 фф.
  • Хъӕбатыр лӕппу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъӕбатыр лӕппу
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Павелы фервӕзын кодта йӕ хойы лӕппу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Байхъусут-ма, цы мыл ӕрцыд, уый уын бамбарын кӕнон»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Фидар лӕуу – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 12 радз., 26–27 фф.
Павелы хойы лӕппу ныхас кӕны ӕфсӕддонты хистӕримӕ

12 РАДЗЫРД

Хъӕбатыр лӕппу

Йӕ мады ӕфсымӕры чи фервӕзын кодта, уыцы лӕппуйы тыххӕй-ма фылдӕр базонӕм. Уыцы лӕппуйы мады ӕфсымӕр уыд апостол Павел. Йӕ ном куыд хуынди, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ зонӕм, тынг хъӕбатыр кӕй уыд. Цы сарӕзта, уый базонын дӕ фӕнды? ~

Павел уыд Иерусалимы ахӕстоны. Ахӕстоны йӕ уымӕн сбадын кодтой, ӕмӕ иннӕтӕн Йесойы тыххӕй дзырдта. Ӕвзӕр адӕм Павелы нӕ уарзтой, ӕмӕ баныхас кодтой: «Ӕфсады хистӕрӕн зӕгъӕм, цӕмӕй ӕфсӕддонтӕ Павелы тӕрхондонмӕ ӕрбакӕной. Мах та фӕндаджы был бамбӕхсдзыстӕм, ӕмӕ Павел нӕ рӕзты куы фӕцӕйцӕуа, уӕд ӕй амардзыстӕм».

Павелмӕ ахӕстонмӕ йӕ хойы лӕппу ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта, марынмӕ йӕ кӕй хъавынц

Павелы марынмӕ кӕй хъавыдысты, уый Павелӕн йӕ хойы лӕппу радзырдта йӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕфсӕддонты хистӕрӕн дӕр

Павелӕн йӕ хойы лӕппу фехъуыста, Павелы марынмӕ кӕй хъавынц. Цымӕ куыд бакодта? Павелмӕ ахӕстонмӕ бацыд, ӕмӕ йын хабар радзырдта. Павел ын загъта, цӕмӕй ӕфсӕддонты хистӕрӕн алцыдӕр радзырдтаид. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы лӕппу ӕфсӕддонты хистӕримӕ ныхас кӕнын нӕ тарст? ~ Ӕвӕццӕгӕн, тарст, уымӕн ӕмӕ уыцы лӕг стыр бынат ахста. Фӕлӕ Павелы хойы лӕппу уыд хъӕбатыр ӕмӕ йӕм бацыд.

Уыцы лӕг зыдта, куыд бакӕнын хъуыд, уый. Павелимӕ арвыста 500 ӕфсӕддоны бӕрц, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой! Загъта сын, цӕмӕй уыцы ӕхсӕв Павелы Кесаримӕ акодтаиккой. Цымӕ Павелы амардтой? ~ Нӕ. Уыцы ӕвзӕр адӕмӕн сӕ фӕндӕй ницы рауад.

Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, цӕмӕй Павелы хойы лӕппуйы хуызӕн хъӕбатыр уай. Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд мах дӕр фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн хъӕбатырӕй дзурдзынӕ? ~ Афтӕ куы кӕнай, уӕд, чи зоны, искӕй мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнай.

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Хъуыддӕгтӕ 23:12–24

  • Матфейы 24:14; 28:18–20

  • 1 Тимофеймӕ 4:16

ФАРСТАТӔ

  • Ӕвзӕр адӕм Павелӕн цы кӕнынмӕ хъавыдысты?

  • Павелы хойы лӕппу цы сарӕзта? Уыцы лӕппуйы хъӕбатыр схонӕн цӕмӕн ис?

  • Цӕмӕй Павелы хойы лӕппуйы хуызӕн хъӕбатыр уай, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын