Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 14 радз., 30–31 фф.
  • Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕрдзысты дзӕнӕты
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Чи райгас уыдзӕн? Ӕмӕ кӕм цӕрдзысты?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • «Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 14 радз., 30–31 фф.
Йесо Чырысти у, дзӕнӕты цӕрӕг адӕмы Паддзах

14 РАДЗЫРД

Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн

Цавӕр Паддзахады кой кӕнӕм, уый зоныс? ~ О, уый у Хуыцауы Паддзахад. Уый зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн. Уыцы Паддзахады тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? ~

Алы паддзахадӕн дӕр вӕййы паддзах ӕмӕ йӕ бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн вӕййы сӕ хицау. Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у, уый зоныс? ~ Уый у Йесо Чырысти. Чырысти цӕры уӕлӕрвты, ӕмӕ тагъд суыдзӕн Паддзах зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр! Куыд хъуыды кӕныс, Чырысти зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд амондджын уыдзыстӕм? ~

Дзӕнӕтмӕ тынгдӕр цӕй тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Мах уыдзыстӕм тынг амондджын! Дзӕнӕты хылтӕ ӕмӕ хӕстытӕ нал уыдзӕн. Адӕм кӕрӕдзи уарздзысты. Рынчын дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты, къуырматӕ хъусын райдайдзысты, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн лидзын ӕмӕ гӕппытӕ кӕнын. Алкӕмӕн дӕр хӕринаг фаг уыдзӕн. Сырдтӕ та иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ хъаздзысты ӕмӕ мах дӕр хъаздзыстӕм семӕ. Чи амард, уыдон райгас уыдзысты. Ацы брошюрӕйӕ цы сылгоймӕгты ӕмӕ нӕлгоймӕгты тыххӕй базыдтай, зӕгъӕм, Ревеккӕ, Раав, Давид ӕмӕ Илийа, уыдон дӕр райгас уыдзысты! Куы райгас уой, уӕд дӕ семӕ фембӕлын нӕ фӕндид? ~

Йегъовӕ дӕ бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архайай ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд ды дӕр уыцы рӕсугъд дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзынӕ! Фӕнды дӕ? ~

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Исай 2:4; 11:6–9; 25:8; 33:24; 35:5, 6

  • Иоанны 5:28, 29; 17:3

ФАРСТАТӔ

  • Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у?

  • Йесо Чырысти Паддзах кӕмӕн уыдзӕн?

  • Чырысти зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд цавӕр цард уыдзӕн?

  • Цӕмӕй ды дӕр ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрай, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын