Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 4 сӕр 1–2 хӕйттӕ
  • Уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕнут?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕнут?
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 УӔ ХӔРДЗТӔ ПЪЛАН КӔНУТ
  • 2 ӔРГОМ НЫХАС КӔНУТ ӔМӔ БОНЗОНГӔ УТ
  • Ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куыд хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Ӕхца фыдбылызы хос у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 4 сӕр 1–2 хӕйттӕ
Лӕг ӕмӕ ус лӕмбынӕг хъуыды кӕнынц, се ’хца куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕндзысты, ууыл

4 ХАЙ

Уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕнут?

«Уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц» (Ӕмбисӕндтӕ 20:18)

Ӕнӕ ӕхцайӕ бинонты фӕдарӕн нӕй (Ӕмбисӕндтӕ 30:8). Куыд зонӕм, афтӕмӕй, ӕхца адӕймаджы бирӕ хъуыддӕгты «хъахъхъӕны» (Екклесиаст 7:12). Чи зоны, лӕг ӕмӕ усӕн зын вӕййы ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтыл дзурын, фӕлӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сын ӕхцайы тыххӕй зындзинӕдтӕ ма фӕзына (Ефесӕгтӕм 4:32). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой ӕмӕ, се ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕндзысты, уый фӕдыл-иу кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕной.

1 УӔ ХӔРДЗТӔ ПЪЛАН КӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» (Лукайы 14:28). Тынг ахсджиаг у, уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕндзыстут, уый иумӕ пълан кӕнын (Амос 3:3). Аныхас-иу кӕнут, цы уӕ хъӕуы балхӕнын ӕмӕ уӕ бон бахардз кӕнын цас у, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 31:16). Исты балхӕнынӕн уӕм ӕхца куы уа, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй балхӕнат. Архайут, цӕмӕй-иу уӕ хӕс райсын ма бахъӕуа. Уӕ къух цас амоны, уымӕй фылдӕр ма хардз кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 21:5; 22:7).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Мӕйы кӕрон ма уӕм ӕхца куы баззайа, уӕд-иу аныхас кӕнут, хуыздӕр сӕ куыд ис спайда кӕнӕн, ууыл.

  • Ӕхца уӕм фаг куы нӕ уа, уӕд-иу баныхас кӕнут, цӕмӕй уӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕнат. Зӕгъӕм, цӕттӕ хӕринаг ӕлхӕныны бӕсты хӕринаг уӕхӕдӕг кӕнут.

Лӕг ӕмӕ ус ныхас кӕнынц, се ’хца куыд хардз кӕндзысты, ууыл

2 ӔРГОМ НЫХАС КӔНУТ ӔМӔ БОНЗОНГӔ УТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Архайут ӕппӕт дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразыныл, ӕмӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы раз нӕ, фӕлӕ адӕмы раз дӕр» (2 Коринфӕгтӕм 8:21). Дӕ цардӕмбалӕн-иу ӕргом дзур, ӕхца дӕм цас ӕфты ӕмӕ цас бахардз кӕныс, уый.

Стыр хӕрдзтӕ кӕнын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу ӕнӕмӕнгӕй дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 13:10). Ӕхцайы тыххӕй ӕргом куы дзурат, уӕд уӕ бинонты ’хсӕн уыдзӕн фарн. Рох дӕ ма уӕд, цы ӕхцатӕ уӕм ӕфты, уыдон ӕрмӕст дӕу не сты, фӕлӕ уӕ дыууӕйы дӕр (1 Тимофеймӕ 5:8).

Лӕг ӕмӕ ус гӕххӕтмӕ кӕсынц, цӕмӕй балхӕной, цы фӕнд кодтой, уый

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Баныхас кӕнут, ӕнӕ кӕрӕдзи фӕрсгӕйӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон цас ӕхца хардз кӕнын у, ууыл.

  • Цӕмӕй уӕхи, ӕхцаимӕ баст зындзинӕдтӕй бахизат, уый тыххӕй-иу уе ’хцаты тыххӕй рагацау аныхас кӕнут.

ӔХЦАМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСУТ

Кӕд абон ӕнӕ ӕхцайӕ фӕцӕрӕн нӕй, уӕддӕр архайут, цӕмӕй ӕхцайы аххосӕй уӕ бинонты цард ма фехӕла кӕнӕ ӕнӕхъуаджы мӕт кӕнат (Матфейы 6:25–34). Цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уа, уый тыххӕй йӕ бирӕ ’хца нӕ хъӕуы. Библийы фыст ис: «Зыд мацӕуыл кӕнут» (Лукайы 12:15). Бинонты амонд ӕхцайӕ балхӕнӕн нӕй. Уӕдӕ дӕм цы ис, уый фагыл нымай ӕмӕ алкӕддӕр архай, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнай. Уый фӕрцы уӕ бинонтӕ амондджын уыдзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссардзыстут (Дзуттӕгтӕм 13:5).

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хӕстӕ ма исӕм?

  • Мӕ цардӕмбалимӕ ӕхцайы тыххӕй фӕстаг хатт ӕргом кӕд ныхас кодтам?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын