Разныхас
Абон лӕг ӕмӕ ус ӕнцонтӕй сивынц кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ, ӕмӕ бинонты цард ӕнцонтӕй фехӕлы. Уӕдӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой? Кӕд уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Ацы брошюрӕйы бинонты царды тыххӕй алцыдӕр фыст нӕй, фӕлӕ дзы ис хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Библийӕ. Адӕймаг йӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ куы араза, уӕд йӕ бинонтӕ амондджын уыдзысты.