141 зарӕг
Агурӕм фарнуарзаг адӕмы
Йесо нын загъта: «Хорз хабар хӕссут».
Хуыцауы рухс ныхас дзырдта,
Цыди хъӕуӕй-хъӕумӕ ӕдзух.
Агуырдта Йесо сабыр адӕмы,
Цӕгатӕй хуссармӕ
алкӕм хъусын кодта уый.
Ныр мах дӕр адӕммӕ цӕуӕм,
Хуыцауы хорз хабар хӕссӕм:
«Фыдцардӕн тагъд Йегъовӕ
скӕндзӕн кӕрон».
БАЗАРД
Агурӕм мах
Фарнуарзаг, сабыр адӕймӕгты.
Агурӕм мах
Сӕрныллӕгты, сыгъдӕгзӕрдӕты.
Ацы хъуыддаг
Кӕнӕм бӕстон.
Абон фӕстӕ кӕнӕн ӕппындӕр нӕй.
Мах алы адӕймагӕн дӕр
Ӕххуыс кӕнӕм ӕппӕт тыхтӕй.
Ногӕй ’мӕ ногӕй адӕммӕ цӕуӕм,
Зӕрдӕсаст чи у, уый хъуамӕ
бафидар кӕнӕм.
Сӕдӕгай адӕймӕгтӕй дӕр
Сӕ иу куы уа фӕлмӕнзӕрдӕ,
Уӕд махӕн уый нӕ циныл бафтаудзӕн цин.
БАЗАРД
Агурӕм мах
Фарнуарзаг, сабыр адӕймӕгты.
Агурӕм мах
Сӕрныллӕгты, сыгъдӕгзӕрдӕты.
Ацы хъуыддаг
Кӕнӕм бӕстон.
(Ноджыдӕр кӕс Ис. 52:7; Матф. 28:19, 20; Лук. 8:1; Ром. 10:10.)