148 зарӕг
Ды радтай дӕ иунӕг Фырты
Нӕ Хуыцау, Йегъовӕ,
Нӕ нын уыд раздӕр ныфс.
Цы нывонд ӕрхастай,
Уый нын ныфс дӕтты.
Нӕ цард дӕуӕн дӕттӕм,
Дӕуӕн лӕггад кӕнӕм.
’Мӕ дзурӕм алкӕмӕн –
Дӕ фӕнд ӕххӕст кӕны.
БАЗАРД
Ды бафыстай стыр аргъ –
Дӕ уарзон Фырты цард.
Нӕ зарӕг у дӕ кадӕн.
Дӕ лӕвар махӕн у зынаргъ.
Дӕ уарзтӕй мах тавыс,
’Мӕ демӕ ’нгом ыстӕм.
Дӕ рухс ном, нӕ Хӕлар,
Махӕн у зынаргъ.
Дӕ Фырт ӕрцыд, цӕмӕй
Цӕрӕм ӕцӕг цардӕй.
Уый амард мах тыххӕй,
’Мӕ уый у стыр лӕвар.
БАЗАРД
Ды бафыстай стыр аргъ –
Дӕ уарзон Фырты цард.
Нӕ зарӕг у дӕ кадӕн.
Дӕ лӕвар махӕн у зынаргъ.
КӔРОНБӔТТӔН
Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ ыстӕм,
Дӕ иунӕг хъӕбулы мах тыххӕй кӕй рарвыстай.
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9.)