151 зарӕг
Хуыцауы фыртты кад раргом уыдзӕн
Йегъовӕ раргом кӕндзӕн тагъд
Йӕ фыртты алкӕмӕн.
Уыдзысты сӕрст чырыстӕттӕ
Уӕларвон паддзӕхтӕ.
БАЗАРД
Хуыцау йӕ фырттӕн ратдзӕни
Ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.
Уыдзӕни сын Чырыстийау
Уӕлахиздзауты кад.
Уӕларвӕй ’рцӕудзӕн Паддзах тагъд,
Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн,
Ныууасдзӕн фӕстаг уадындз уӕд,
Ӕрӕмбырд сӕ кӕндзӕн.
БАЗАРД
Хуыцау йӕ фырттӕн ратдзӕни
Ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.
Уыдзӕни сын Чырыстийау
Уӕлахиздзауты кад.
Чырысти уӕд фӕстаг хӕстмӕ
’Взӕрстыты ракӕндзӕн.
Уӕрыккӕн ’мӕ йӕ усагӕн
Чындзӕхсӕв уӕд уыдзӕн.
БАЗАРД
Хуыцау йӕ фырттӕн ратдзӕни
Ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.
Уыдзӕни сын Чырыстийау
Уӕлахиздзауты кад.
(Ноджыдӕр кӕс Дан. 2:34, 35; 1 Кор. 15:51, 52; 1 Фес. 4:15–17.)