Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 34 сӕр, 82 ф.–83 ф., 6 абз.
  • Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо ӕвзары йӕ апостолты
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо амоны хохыл
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 34 сӕр, 82 ф.–83 ф., 6 абз.
Йесо хохмӕ фӕцӕуы

34 СӔР

Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы

МАРЧЫ 3:13–19 ЛУКАЙЫ 6:12–16

  • ЙЕСОЙЫ 12 АПОСТОЛЫ

Аргъауӕг Иоанн Йесомӕ куы бацамыдта, ай Хуыцауы Уӕрыкк у, зӕгъгӕ, уӕдӕй рацыд афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Йесо адӕмӕн хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд цалдӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаджы систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдон уыдысты Андрей, Симон Петр, Иоанн, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, Иоанны ӕфсымӕр Иаков дӕр, Филипп ӕмӕ Нафанаил (хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр). Фӕстӕдӕр ма Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ноджыдӕр бирӕтӕ систы (Иоанны 1:45–47).

Ныр Йесойӕн йӕ бон уыд йӕхицӕн апостолтӕ равзарын. Уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ йемӕ уыдаиккой, цӕмӕй сын бирӕ хабӕрттӕ бӕстондӕр бамбарын кодтаид ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтаид. Фӕлӕ сӕ цалынмӕ нӕ равзӕрста, уӕдмӕ уал ацыд хохмӕ. Уыцы хох, ӕвӕццӕгӕн, уыди Галилейӕйы денджызы ’рдыгӕй, Капернауммӕ хӕстӕг. Уым Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй куырдта зонд ӕмӕ арфӕдзинад. Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ дзы 12 адӕймаджы апостолтӕй равзӕрста.

Йесо равзӕрста, райдианы цы ӕхсӕз лӕджы ранымадтам, уыдоны, стӕй ма Матфейы – Йесо хъалонӕмбырдгӕнӕны кӕуыл фембӕлд, уый. Иннӕ фондз та уыдысты Иудӕ (хуыдтой ма йӕ Фаддей ӕмӕ «Иаковы фырт» дӕр), Симон Кананит, Фома, Алфейы фырт Иаков ӕмӕ Иудӕ Искариот (Матфейы 10:2–4; Лукайы 6:16).

Йесо йӕ дыууадӕс апостолы равзарыны размӕ кувы

Уыцы 12 ахуыргӕнинаджы уӕды онг дӕр ӕдзух Йесоимӕ уыдысты ӕмӕ сӕ чи цавӕр адӕймаг уыд, уый хорз зыдта. Чидӕртӕ дзы уыдысты, йӕ хӕстӕджытӕ. Зӕгъӕм, дыууӕ ӕфсымӕры, Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Йесойы ӕмхӕрӕфырттӕй ӕппӕты хистӕртӕ. Стӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Алфей уыди Йесойы фыд Иосифы ӕфсымӕр. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд Алфейы фырт Иаков уыди Йесойӕн йӕ фыдыфсымӕры лӕппу.

Йесойӕн йӕ апостолты нӕмтӕ бахъуыды кӕнын зын нӕ уыдаид. Фӕлӕ дӕуӕн та? Цӕмӕй сӕ бахъуыды кӕнай, уый тыххӕй дын цы баххуыс кӕндзӕн? Се ’хсӕн уыди дыууӕ Симоны, дыууӕ Иаковы ӕмӕ дыууӕ Иудӕйы. Симонӕн (ома Петрӕн) уыди ӕфсымӕр Андрей, Иаковӕн та (Зеведейы фыртӕн) уыди ӕфсымӕр Иоанн. Уый уал дын аст апостолы. Иннӕ цыппар та уыдысты: хъалонисӕг Матфей, Фома – фӕстӕдӕр дызӕрдыг чи кодта, уыцы ахуыргӕнинаг, стӕй Нафанаил – Йесо бӕласы бын лӕугӕ кӕй федта, уый, ӕмӕ Нафанаилы ӕмбал Филипп.

Апостолтӕй иуӕндӕс уыдысты, Йесо йӕхӕдӕг кӕцӕй уыд, уырдыгӕй – Галилейӕйӕ, ӕрмӕст цардысты алы рӕтты. Нафанаил уыди Канӕйӕ. Филипп, Петр ӕмӕ Андрей уыдысты Вифсаидӕйӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Петр ӕмӕ Андрей цӕрынмӕ алыгъдысты Капернауммӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Матфей дӕр уыцы горӕты цард. Капернаумы кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг ма цардысты Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр, ӕмӕ кӕсаг ахсыны куыст дӕр уым кӕмдӕр кодтой. Куыд зыны, афтӕмӕй Йесойы апостолтӕй ӕрмӕстдӕр Иудӕ Искариот – фӕстӕдӕр ӕй чи ауӕй кодта, уый – уыди Иудейӕйӕ.

  • Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Хуыцаумӕ куы фӕкуывта, уый фӕстӕ цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахаста?

  • Йесойы апостолтӕ чи уыдысты ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ цӕй фӕрцы бахъуыды кӕндзынӕ?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын