120 СӔР
Дыргъ хӕссынц ӕмӕ сты Йесойы хӕлӕрттӕ
ӔЦӔГ СӔНӔФСИРБӔЛАС ӔМӔ ЙӔ КЪАЛИУТӔ
ЙЕСОЙЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ ХАЙДЖЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТЫ
Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ фӕныхас кодта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Уыди тынг ӕнафон, рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбисӕхсӕвӕй дӕр ахызт. Ӕмӕ сын ныр радзырдта, сӕ хъарутыл сын хъарутӕ чи бафтыдтаид, ахӕм фӕсномыг ныхас.
Райдыдта йӕ афтӕ: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсирбӕлас, мӕ Фыд та – сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг» (Иоанны 15:1). Уыцы абарст адӕймаджы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, цалдӕр ӕнусы размӕ Израилы адӕмы тыххӕй цы загъд уыд, уый – Йегъовӕ сӕ схуыдта йӕ сӕнӕфсирбӕлас (Йереми 2:21; Оси 10:1, 2). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы адӕмыл йӕ къух систа (Матфейы 23:37, 38). Уӕдӕ Йесо загъта, уӕды онг кӕй никуы фехъуыстой, ахӕм хъуыды. Н. э. 29 азы Йесо сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд сси, йӕ Фыд кӕмӕ зилы, уыцы сӕнӕфсирбӕлас. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, уыцы сӕнӕфсирбӕлас ӕрмӕст йӕхимӕ кӕй нӕ амоны:
«Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый [мӕ Фыд] алыг кӕны, дыргъ чи хӕссы, уый та ссыгъдӕг кӕны, цӕмӕй ноджы фылдӕр дыргъ хӕсса. [...] Къалиутӕ сӕнӕфсирбӕласыл куы нӕ уой, уӕд сӕ бон дыргъ хӕссын нӕу, ӕмӕ афтӕ сымах дӕр мемӕ иудзинады куы нӕ уат, уӕд уӕ бон нӕ уыдзӕн дыргъ хӕссын. Ӕз дӕн сӕнӕфсирбӕлас, сымах та – къалиутӕ» (Иоанны 15:2–5).
Йесо йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, куы ацӕуа, уӕд сын кӕй рарвитдзӕн ӕххуысгӕнӕг, ома сыгъдӕг тых. 51 боны фӕстӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕцӕгдӕр схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ систы сӕнӕфсирбӕласы къалиутӕ. Ӕмӕ «къалиутӕ» та иууылдӕр хъуамӕ уой Йесоимӕ иудзинады. Цӕй тыххӕй?
Йесо бамбарын кодта: «Мемӕ иудзинады чи ис ӕмӕ ӕз иудзинады кӕимӕ дӕн, уый хӕссы бирӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ мӕнӕй уӕ бон ӕппындӕр ницы у». Уыцы «къалиутӕ», ома йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ, хъуамӕ бирӕ дыргъ хастаиккой: Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдон фӕзмыдтаиккой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ исчи Йесоимӕ иудзинады куы нал уыдаид ӕмӕ дыргъ куы нал хастаид, уӕд та? Йесо загъта: «Мемӕ иудзинады чи нӕй, уый та... аппардзысты». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мемӕ иудзинады куы уат ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы уой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый-иу ракурут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн» (Иоанны 15:5–7).
Уый фӕстӕ йӕ апостолтӕн ногӕй сӕ хъус ӕрдардта, уӕдмӕ дӕр дыууӕ хатты цӕй кой кодта, уымӕ – хъуамӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной (Иоанны 14:15, 21). Ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстут мӕ уарзондзинадӕй». Фӕлӕ адӕймаг Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Фырты уарза, уый фаг нӕу. Йесо ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый уын фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ ӕз куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзат. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта. Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоанны 15:10–14).
Цалдӕр сахаты фӕстӕ Йесо йӕ цард ӕцӕгдӕр радта, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй равдыста йе стыр уарзондзинад. Йӕ цӕвиттон хъуамӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр разӕнгард кӕна, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзи ахӕм удуӕлдай уарзтӕй уарзой. Йесо уымӕй размӕ куыд загъта, афтӕмӕй иннӕ адӕмы ’хсӕн уымӕй бӕрӕг дардзысты: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:35).
Апостолтӕ куыннӕ бафиппайдтаиккой, Йесо сӕ йӕ «хӕлӕрттӕ» кӕй схуыдта, уый. Ӕмӕ сӕ афтӕ цӕмӕн схуыдта, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Ӕз... уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон». Йесойы адджын хӕлар уай ӕмӕ йын йӕ Фыд цы дзырдта, уый зонай, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хӕлардзинад ма фехӕлдаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр «бирӕ дыргъ хастаиккой». Йесо сын загъта, зӕгъгӕ, афтӕ куы кӕнат, уӕд, «мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн» (Иоанны 15:15, 16).
«Къалиутӕ», ома Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд сӕ бон бауыдзӕн, цы зындзинӕдтӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон сфӕразын. Йесо сӕ бафӕдзӕхста, ацы дуне сӕ йе сӕфт кӕй уындзӕн. Фӕлӕ сӕ ныфс дӕр бауагъта: «Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт. Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, йӕхиуӕтты куыд уарзы, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ не стут... ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны» (Иоанны 15:18, 19).
Дуне сӕ йе сӕфт цӕмӕн уындзӕн, уый тыххӕй ма сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ та уын кӕндзысты мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц». Йесо загъта, йе сӕфт дзы чи уыдта, уыцы адӕмӕн тӕрхонгӕнӕг кӕй сты, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон: «Ӕз сӕ разы куы нӕ сарӕзтаин, ӕндӕр исчи кӕй никуы сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд сыл тӕригъӕд нӕ уаид, ныр та мын мӕ хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, фӕлӕ уӕддӕр се сӕфт федтой мӕнӕй дӕр ӕмӕ мӕ Фыдӕй дӕр». Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йесойӕ се сӕфт кӕй уыдтой, уымӕй сӕххӕст пехуымпарад (Иоанны 15:21, 24, 25; Псалом 35:19; 69:4).
Фӕстагмӕ сын Йесо ногӕй загъта, кӕй сын рарвитдзӕн ӕххуысгӕнӕг, ома сыгъдӕг тых. Уыцы ӕгӕрон хъаруйӕ Хуыцау хайджын кӕны Йесойы фӕдылдзӕуджыты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у дыргъ хӕссын – «ӕвдисӕн лӕууын» (Иоанны 15:27).