129 СӔР
Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!»
МАТФЕЙЫ 27:15–17, 20–30 МАРЧЫ 15:6–19 ЛУКАЙЫ 23:18–25 ИОАННЫ 18:39–19:5
ПИЛАТ АРХАЙЫ ЙЕСОЙЫ СУӔГЪД КӔНЫНЫЛ
ДЗУТТӔГТӔ ДОМЫНЦ, ЦӔМӔЙ ВАРАВВӔЙЫ РАУАДЗОЙ
ЙЕСОЙӔ ХЫНДЖЫЛӔГ КӔНЫНЦ ӔМӔ ЙЫН ФЫДМИТӔ КӔНЫНЦ
Йесойы чи марын кодта, уыцы адӕмӕн Пилат гыццыл раздӕр загъта: «Ацы лӕджы... цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон. Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта» (Лукайы 23:14, 15). Ӕмӕ ныр та ӕндӕр хуызы афӕлвӕрдта Йесойы суӕгъд кӕнын. Адӕмӕн загъта: «Уе ’гъдаумӕ гӕсгӕ [уын] хъуамӕ Куадзӕны иу адӕймаджы рауадзон. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын уӕ паддзахы рауадзон?» (Иоанны 18:39).
Пилат зыдта, уыцы рӕстӕг ахӕстоны кӕй бадт Вараввӕ – абырӕг, адӕмы змӕнтӕг ӕмӕ лӕгмар. Гъемӕ адӕмы бафарста: «Кӕй уын рауадзон, Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?» Уыдон ын сауджынты хистӕрты ардыдӕй загътой, зӕгъгӕ нын рауадз Вараввӕйы – Йесойы нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ та сӕ уӕд Пилат ногӕй бафарста: «Ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон та ныхъхъӕр кодтой: «Вараввӕйы»! (Матфейы 27:17, 21).
Пилат хорзау нал фӕци, ӕмӕ сӕ бафарста: «Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та куыд бакӕнон?» Адӕм ныббогъ кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» (Матфейы 27:22). Ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалын домай, уымӕй ӕгаддӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа! Пилат та сын лӕгъстӕгӕнӕгау загъта: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта? Марын ӕй цӕй тыххӕй хъӕуы, ӕз ӕм ахӕмӕй ницы ссардтон. Бафхӕрдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн» (Лукайы 23:22).
Кӕд Пилат Йесойы суӕгъд кӕныныл йӕ уд скъуыдта, уӕддӕр уыцы знӕт адӕм ӕмдзыхӕй хъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» (Матфейы 27:23). Дины разамонджытӕ сӕ афтӕ сӕрра кодтой, ӕмӕ тугмондаг сырдтӕй уӕлдай нал уыдысты. Уымӕй дӕр цавӕрдӕр фыдгӕнӕджы кӕнӕ лӕгмары туг ныккалын нӕ домдтой, фӕлӕ ӕнаххос адӕймаджы туг – фондз боны размӕ дӕр ма Иерусалимы кӕй размӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ Паддзах кӕй хуыдтой, уый туг. Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй уым исчи уыди, уӕддӕр хъусӕй лӕууыдысты ӕмӕ сӕхи афтӕ дардтой, куыд ничи сӕ бафиппайдтаид.
Пилат уыдта, йӕ ныхӕстӕ адӕммӕ кӕй нӕ хъарынц. Ӕмӕ сӕ хъӕр тынгӕй-тынгдӕр куы кодта, уӕд дон рахаста, сӕ разы йӕ къухтӕ ныхсадта ӕмӕ сын загъта: «Ацы лӕджы туг мӕныл нӕй. Уӕ бар уӕхи». Фӕлӕ уыдон сӕ хъуыды нӕ фӕивтой. Ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йӕ туг махыл ӕмӕ нӕ сывӕллӕттыл уӕд» (Матфейы 27:24, 25).
Бӕстӕйы хицауы, раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнын тынгдӕр фӕндыд. Гъемӕ сын сӕ фӕнд сӕххӕст кодта – Вараввӕйы сын рауагъта. Йесойы та сбӕгънӕг кӕнын кодта ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмын кодта.
Ӕфсӕддонтӕ Йесойы фыднад фӕкодтой ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бӕстӕйы хицауы галуанмӕ бакодтой. Уым ӕгас ӕфсад ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын уыдон дӕр алы ӕфхӕрӕн митӕ фӕкодтой. Сындзытӕй кадыхуд сбыдтой ӕмӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркодтой. Йӕ рахиз къухмӕ та йын хъӕз лӕдзӕг радтой ӕмӕ йыл, паддзӕхтӕ кӕй дардтой, ахӕм сӕнтсырх пӕлӕз скодтой. Ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой: «Ӕгас нӕм цу, дзуттӕгты Паддзах!» (Матфейы 27:28, 29). Ӕмӕ ӕрмӕст ууыл куы ’рлӕууыдаиккой! Тутӕ дӕр ма йыл кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕсгом дзӕхстытӕ кодтой. Стӕй, йӕ къухы цы хъӕбӕр лӕдзӕг уыди, уый йын райстой ӕмӕ йын дзы йӕ сӕр хойын райдыдтой, ӕмӕ йыл цы ӕгадгӕнӕг «кадыхуд» уыд, уый сындзытӕ йӕ сӕры цармы ноджы арфдӕр нынныхстысты.
Уыцы фыдӕвзарӕнты Йесо цы лӕгдзинад ӕмӕ цы фидардзинад равдыста, уый Пилатыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хатт афӕлвӕрдта йӕхи ӕнаххос туг ныккалынӕй бахизын. Пилат загъта: «Мӕнӕ уӕм ӕй фӕкӕнын, цӕмӕй йӕ зонат, ӕз ӕм кӕй ницы аххос ссардтон». Чи зоны йӕ ныфс уыди, зӕгъгӕ йӕ адӕм афтӕ цӕфтӕй ӕмӕ йӕ туг лӕдӕрсгӕйӕ куы феной, уӕд сӕ зӕрдӕ фӕсӕтдзӕн. Ӕмӕ Йесо уыцы дурзӕрдӕ адӕмы раз куы ’рлӕууыд, уӕд Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!» (Иоанны 19:4, 5).
Кӕд Йесойы фыднад фӕкодтой, уӕддӕр цы уды фидардзинад ӕмӕ цы уӕздандзинад равдыста, уый суанг Пилаты зӕрдӕ дӕр бацагайдта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йӕ ныхӕстӕй бамбарӕн ис, йӕ цӕсты йын стыр кад дӕр кӕй уыд ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дӕр кӕй рыст.