2 СӔР
Чырыстийы нымайӕм
«РАЙДИАНЫ Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх», ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста – ӕппӕт дӕр уыди «тынг хорз» (Райд. 1:1, 31). Йегъовӕ адӕмы сфӕлдыста ӕнустӕм амондджынӕй цӕрынӕн. Фӕлӕ Едемы цӕхӕрадоны змӕнтджытӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕм рӕстӕгмӕ фарн ӕмӕ амондӕй ӕнӕхай фесты. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Йегъовӕ бамбарын кодта, Адамы байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи уа, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕгас зӕххыл дӕр раст дин йӕ къахыл слӕудзӕн ӕмӕ Хуыцау Фыдбылызы фесафдзӕн ӕмӕ йын йӕ фыдхъуыддӕгтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн (Райд. 3:15). Ӕмӕ та уӕд алцыдӕр уыдзӕн «тынг хорз». Уыцы хъуыддӕгтӕ Йегъовӕ сараздзӕн йӕ Фырт Йесо Чырыстийы ӕххуысӕй (1 Иоан. 3:8). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ хорз ӕмбара, Чырыстийыл Хуыцауы хъуыддаджы цавӕр хӕстӕ ис, уый ӕмӕ йӕ нымайа (Хъуыд. 4:12; Фил. 2:9, 11).
ЧЫРЫСТИЙЫЛ ЦАВӔР ХӔСТӔ ИС
2 Чырыстийыл Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ хӕстӕ ис. Йесо у адӕмы Ирвӕзынгӕнӕг, Хистӕр сауджын, чырыстон ӕмбырды Хистӕр ӕмӕ ныр та Хуыцауы Паддзахады Паддзах дӕр. Уыцы хӕстӕй алкӕцыйыл дӕр лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, Хуыцау хъуыддӕгтӕ куыд аразы, уымӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ Йесойы дӕр ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Чырыстийыл цы хӕстӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕрты тыххӕй базонӕн ис Библийӕ.
3 Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд рабӕрӕг, коммӕгӕс адӕм Хуыцауимӕ уый уылты кӕй бафидаудзысты (Иоан. 14:6). Йесо йӕ уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй сси адӕмы Ирвӕзынгӕнӕг (Матф. 20:28). Йесо ӕнӕуи хорз адӕймаг нӕ уыд ӕмӕ зӕхмӕ, адӕм сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ куыд рухс кӕной, ӕрмӕст уый равдисынмӕ не ’рцыд. Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕйраджыдӕр Йесойы фӕрцы сӕххӕст уыдзӕн. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы у нӕ бон ногӕй Хуыцауы хорзӕх ссарын (Хъуыд. 5:31; 2 Кор. 5:18, 19). Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уый фӕстӕ кӕй райгас, уый фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Хуыцауы уӕларвон Паддзахады дӕлбар цӕрой ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уой.
4 Чырысти у Хистӕр сауджын дӕр. Уый йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн сӕ «лӕмӕгъдзинӕдтӕ... ӕмбары» ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕны. Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта». Ӕмӕ стӕй, Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уыдоны баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕххӕстӕй пайда кӕной, Хуыцауимӕ бафидауынӕн цы мадзал ис, уымӕй: «Гъемӕ уӕдӕ баввахс уӕм, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (Дзут. 4:14–16; 1 Иоан. 2:2).
5 Йесо ма у ӕмбырды Хистӕр дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджыты фыццаг ӕнусы нӕ хъуыди зӕххон разамонӕг, ӕмӕ абон мах дӕр нӕ хъӕуы. Йесо нын разамынд дӕтты сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ, Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ чи архайы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Уыцы фыййӕуттӕ Хуыцауы дзугыл куыд тыхсынц, уый тыххӕй дзуапп дӕттынц Чырыстийы раз ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыды раз (Дзут. 13:17; 1 Пет. 5:2, 3). Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты Йесойы тыххӕй загъта: «Ӕз ӕй адӕмыхӕттытӕн радтон, цӕмӕй сын уа ӕвдисӕн, радтон ӕй адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй сын уа хицау ӕмӕ разамонӕг» (Ис. 55:4). Ацы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый Йесо равдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ куы загъта: «Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти» (Матф. 23:10).
6 Йесо нӕм цы зӕрдӕ дары ӕмӕ йӕ махӕн ӕххуыс кӕнын куыд тынг фӕнды, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Йесо Чырысти ӕмбырдӕн разамынд фӕлмӕнӕй кӕй дӕтты ӕмӕ нын удӕнцой кӕй хӕссы, уымӕй бӕрӕг у, уый дӕр йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйау «хорз фыййау» кӕй у (Иоан. 10:11; Ис. 40:11).
7 Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы бамбарын кодта, Чырыстийыл ма ноджыдӕр цавӕр хӕс ис, уый: «Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ. Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:25, 28). Йесо у, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг ӕмӕ, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕлӕрвты уыди Хуыцауимӕ, куыд «дӕсны кусӕг», афтӕ (Ӕмб. 8:22–31). Ӕмӕ йӕ зӕхмӕ куы рарвыста, уӕд дӕр ын алкӕддӕр ӕххӕст кодта йӕ фӕндон. Йесо мӕлӕты онг йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй баззад. Уый цы фӕлварӕн сфӕрӕзта, уымӕй зындӕр фӕлварӕн ӕрхъуыды кӕнӕн нӕй (Иоан. 4:34; 15:10). Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау уӕларвон цардмӕ райгас кодта ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта (Хъуыд. 2:32–36). Хуыцау ын бахӕс кодта, цӕмӕй ӕнӕнымӕц хъомысджын зӕдтимӕ иумӕ зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр фесафа ӕмӕ зӕхх фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕна (Ӕмб. 2:21, 22; 2 Фес. 1:6–9; Рарг. 19:11–21; 20:1–3). Ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр уыдзӕн иу хицауад – Хуыцауы уӕларвон Паддзахад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй (Рарг. 11:15).
ЧЫРЫСТИЙЫ КӔЙ НЫМАЙӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ
8 Йесо Чырысти у ӕххӕст ӕмӕ нын алцӕмӕй дӕр у фӕзминаг. Хуыцау ын бахӕс кодта, цӕмӕй ныл тыхса. Уый нын пайда кӕд хӕсдзӕн? Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ, йӕ организаци размӕ куыд цӕуы, афтӕ дзы мах дӕр фӕстейӕ куы нӕ зайӕм.
9 Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хорз ӕмбӕрстой, Чырысти Хуыцауы хъуыддаджы цы бынат ахсы, уый ӕмӕ йӕ нымадтой. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыди? Чырысти сын сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы разамынд лӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ архайдтой ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кодтой (Хъуыд. 15:12–21). Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды цы иудзинад уыди, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Кӕрӕдзийӕн дзурӕм, ӕцӕг цы у, уый ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм, буарӕн йӕ сӕр Чырыстийы дӕлбар уӕвгӕйӕ. Дарддӕр уымӕй рӕзы ӕгас буар дӕр: буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц ӕмӕ иумӕ сӕ куыст кӕнынц алыхуызон хъӕугӕ нуӕртты фӕрцы. Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы куса, уӕд буар ӕгасӕй дӕр рӕздзӕн ӕмӕ фидар кӕндзӕн уарзондзинады» (Еф. 4:15, 16).
10 Ӕмбырды алчидӕр иннӕтимӕ ӕмгуыст куы фӕкӕны ӕмӕ Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад фӕрӕзы, стӕй кӕрӕдзи иу бинонтау фӕуарзынц. Уарзондзинады хуызӕн та «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Иоан. 10:16; Кол. 3:14; 1 Кор. 12:14–26).
11 Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йесо Чырысти Паддзах кӕй у. Уӕдӕ ныр Йесо хицауиуӕг кӕны йе знӕгты ’хсӕн (Пс. 2:1–12; 110:1, 2). Цымӕ уый зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн цӕуыл дзурӕг у? Тагъд Йесо сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау йе знӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый ӕмӕ равдисдзӕн, «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» кӕй у (Рарг. 11:15; 12:10; 19:16). Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, адӕм йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, ома, Чырыстийы рахиз фарс чи лӕууа, уыдоны фервӕзын кӕндзӕн (Матф. 25:34). Куыд хорз у, Чырыстийыл цы хӕстӕ ис, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ, ацы фӕстаг бонты ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ цы стыр куыст цӕуы, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм.