3 СӔР
«Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты», уыдоны
АЦЫ ныхӕстӕ загъта апостол Павел ӕмӕ фыст сты Дзуттӕгтӕм 13:7. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ уыцы хӕс ӕххӕст кодтой Йесо Чырыстийы иузӕрдион апостолтӕ – разамынд лӕвӕрдтой, уӕд чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон уыдысты разамонӕг совет (Хъуыд. 6:2–4). Н. э. 49 азмӕ разамонӕг советы апостолтӕй уӕлдай фӕзынд ӕндӕр ӕфсымӕртӕ дӕр. Иерусалимы сунӕт кӕныны фарста ӕвзӕрст куы цыди, уӕд дзы уыдысты «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Хъуыд. 15:1, 2). Сӕ хӕс уыди, алы рӕтты дӕр чырыстӕттыл чи фӕзындаид, ахӕм фарстатӕ ӕвзарын. Уыдон-иу ӕмбырдтӕм арвыстой фыстӕджытӕ ӕмӕ-иу исты уынаффӕ куы рахастой, уӕд-иу сын уый дӕр фехъусын кодтой. Афтӕмӕй ӕмбырдтӕ фидар кодтой, ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты иу зондыл хӕст ӕмӕ архайгӕ дӕр иухуызон кодтой. Ӕмбырдтӕ разамонӕг советы уынаффӕтӕм кӕй хъуыстой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ арфӕ кодта, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой (Хъуыд. 8:1, 14, 15; 15:22–31; 16:4, 5; Дзут. 13:17).
2 Апостолты мӕлӕты фӕстӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон сӕ сӕр сдардтой (2 Фес. 2:3–12). Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы куыд загъта, ӕцӕгдӕр афтӕ рауад: мӕнӕуы (ома сӕрст чырыстӕтты) ’хсӕн тыд ӕрцыд хӕмпӕлгӕрдӕг (ома мӕнг чырыстӕттӕ). Ӕмӕ афтӕ иумӕ рӕзыдысты бирӕ ӕнусты дӕргъы, суанг хуымгӕрдӕнты онг – «ацы цардӕвӕрды кӕроны» онг (Матф. 13:24–30, 36–43). Уыцы ӕнусты дӕргъы зӕххыл уыди, Чырыстийы хорзӕх кӕй уыд, ахӕм иугай сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕлӕ уӕд нӕ уыди разамонӕг совет, ома Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдтаид, ахӕм адӕмы къорд (Матф. 28:20). Фӕлӕ хуымгӕрдӕны рӕстӕг хъуамӕ уавӕр фӕивтаид.
3 «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар»? Йесо ахӕм фарстайӕ райдыдта, «ацы цардӕвӕрды кӕрон» базонӕн цӕмӕй уыдзӕн, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонӕй иу (Матф. 24:3, 42–47). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕууӕнкджын цагъар Хуыцауы адӕмӕн хъуамӕ «афоныл» лӕвӕрдтаид уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Йесо фыццаг ӕнусы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд лӕвӕрдта нӕлгоймӕгты къорды уылты, иу адӕймаджы уылты нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ афтӕ у ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр – ӕууӕнкджын цагъар иу адӕймаг нӕу.
«ӔУУӔНКДЖЫН ӔМӔ ЗОНДДЖЫН ЦАГЪАРЫ» КУЫД ИС БАЗОНӔН?
4 Цымӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕфсадын кӕмӕн бахӕс кодта? Уыцы хъуыддаг, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕй хуыздӕр хъуамӕ кӕмӕн бахӕс кодтаид! Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыдон сты «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ» ӕмӕ сӕ хӕс у, «„цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕной“, талынгӕй сӕ чи ракодта ӕмӕ сӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „диссаджы миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:9; Мал. 2:7; Рарг. 12:17). Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон цымӕ се ’ппӕт дӕр сты ӕууӕнкджын цагъар? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо фондз мин лӕджы, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты ма нымай, афтӕмӕй, диссаджы хуызы куы бафсӕста, уыцы хабар. Уӕд хӕринаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ уыдон та адӕмыл байуӕрстой (Матф. 14:19). Йесо бирӕты бафсӕста цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг абон дӕр афтӕ дӕтты.
5 Уӕдӕ «уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын хӕдзармӕгӕсӕг» у, 1919 азӕй фӕстӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг чи цӕттӕ кӕны ӕмӕ йӕ чи уары, уыцы сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд (Лук. 12:42). Ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ фӕстаг бонты дӕргъы иумӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Абон уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет.
6 Разамонӕг советы уылты нын Чырысти ӕмбарын кӕны, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Стӕй нын алкӕддӕр йӕ афоныл ратты диссаджы разамынд, Библийы уагӕвӕрдтӕй царды куыд пайда кӕнӕм, уый фӕдыл. Уыцы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрд цӕуы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты уылты (Ис. 43:10; Гал. 6:16). Раджы заманты-иу, ӕууӕнк кӕуыл уыд, ахӕм цагъарӕн, кӕнӕ хӕдзармӕгӕсӕгӕн, хицау йӕ бар бакодта йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ иууылдӕр. Раст афтӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн дӕр Чырысти йӕ бар бакодта йӕ хӕдзаронты. Цагъар ма йӕ хъус дары ӕхца ӕмӕ исбонмӕ, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ, конгрессты программӕтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ уадзыны хъуыддагмӕ, стӕй, Хуыцауы организацийы алыхуызон хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы цӕстдарджыты снысан кӕнынмӕ. Уыдӕттӕ иууылдӕр стыр пайда хӕссынц «хӕдзаронтӕн» (Матф. 24:45).
7 Ӕмӕ уӕд «хӕдзаронтӕ» та чи сты? Уыдон сты, цагъар хӕринаг кӕмӕн дӕтты, уыцы адӕм. Фӕстаг бонтӕн сӕ райдианы хӕдзаронтӕ иууылдӕр уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕстӕдӕр та сӕм ӕрбаиу сты «ӕндӕр фыстӕ» дӕр (Иоан. 10:16). Дыууӕ къорды дӕр сӕхи ӕфсадынц, ӕууӕнкджын цагъар уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕй.
8 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йесо ацы фыддунейӕн стӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд ӕууӕнкджын цагъарӕн йӕ бар бакӕндзӕн, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» (Матф. 24:46, 47). Ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыдон уӕлӕрвты сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты. Ӕмӕ 144 минӕй уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдонимӕ баиу уыдзысты ӕмӕ Чырыстиимӕ хицауиуӕг кӕндзысты. Уӕд зӕххыл ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар нал уыдзӕн. Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмӕн Йегъовӕ ӕмӕ Йесо разамынд дӕтдзысты, «кънйӕзтӕй» кӕй снысан кӕной, уыдоны уылты (Пс. 45:16).
РАЗАМЫНД НЫН ЧИ ДӔТТЫ, УЫДОНЫ РОХ КӔНЫН ЦӔУЫЛНӔ ХЪӔУЫ?
9 Нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарын ӕмӕ сыл алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндын. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уый нӕхи пайдайӕн у? Апостол Павел афтӕ загъта: «Уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17). Разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсын ӕмӕ сӕм хъусын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ныл ӕдзухдӕр тыхсынц ӕмӕ, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй нӕ хъахъхъӕнынц.
10 1 Коринфӕгтӕм 16:14 Павел ныффыста: «Алцыдӕр аразут уарзгӕйӕ». Ӕмӕ, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн дӕр сӕ бындур вӕййы уарзондзинад. Ацы диссаджы миниуӕджы тыххӕй 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы. Раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны, фӕлӕ цин кӕны рӕстдзинадыл. Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Уӕдӕ ӕфсымӕртӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн сӕ бындур уарзондзинад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, куы сӕм хъусӕм, уӕд нын хорз кӕй уыдзӕн. Стӕй ахӕм разамынд дзурӕг у Йегъовӕйы уарзондзинадыл.
11 Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгты уылты. Фӕлӕ Йегъовӕ раджы заманты дӕр ӕнӕххӕст адӕймӕгты уылты ӕххӕст кодта йӕ фӕндон. Зӕгъӕм, Ной сарӕзта нау ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы цы хъаймӕт хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй хъусын кодта (Райд. 6:13, 14, 22; 2 Пет. 2:5). Йегъовӕ Моисейӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ адӕмы Египетӕй ракодтаид (Рац. 3:10). Уымӕй уӕлдай, ӕнӕххӕст адӕймӕгты йӕ комытӕфӕй схайджын кодта, ӕмӕ йын йӕ Ныхас ныффыстой (2 Тим. 3:16; 2 Пет. 1:21). Уӕдӕ абон Йегъовӕ хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгты уылты кӕй дӕтты разамынд, уый тыххӕй йын йӕ организацийыл къаддӕр не ’ууӕндӕм. Уый ма нӕ стыр ныфс дӕр уадзы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ организаци цы стыр хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ къухы кӕй никуы бафтыдаиккой. Ӕууӕнкджын цагъар бирӕ азты дӕргъы алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнты куыд архайы, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг тых ын кӕй дӕтты разамынд. Йегъовӕ йӕ организацийы зӕххон хай абон стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ йын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ йыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм.
ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔМӔ ЙӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫЛ КӔЙ НӔ ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ
12 Ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл сӕ ныфс кӕй дарынц, уый ӕвдисынц, цы хӕстӕ сыл ис, уыдон зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй (Хъуыд. 20:28). Мах не ’ппӕт дӕр стӕм Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнӕм (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ӕууӕнкджын цагъар нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дзаджджын хӕринаг дӕтты, уый нын цӕмӕй ӕцӕг пайда хӕсса, уый тыххӕй ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ нӕ цух кӕнӕм ӕмӕ сӕм нӕхи дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕм. Ахӕм фембӕлдты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм (Дзут. 10:24, 25).
13 Йегъовӕйы организацийыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый ма бӕрӕг у нӕ мысайнӕгтӕй дӕр (Ӕмб. 3:9, 10). Не ’фсымӕртӕ тыхст уавӕры куы бахауынц, уӕд уайтагъд сӕ фарсмӕ балӕууӕм (Гал. 6:10; 1 Тим. 6:18). Уымӕ нӕ разӕнгард кӕны, бирӕ сӕ кӕй уарзӕм, уый. Ахӕм уавӕрты нын фӕзыны диссаджы фадат – нӕ бон вӕййы, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организацийы бирӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй равдисын (Иоан. 13:35).
14 Хуыцауы организацийыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый бӕрӕг у, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уымӕй дӕр. Мах хъуыр-хъуыр нӕ фӕкӕнӕм, цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ нын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы разамынд раттынц, ууыл дӕр. Уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр хауынц, разамынд нын чи дӕтты ӕмӕ кӕй коммӕ хъуамӕ кӕсӕм, уыдонмӕ (Дзут. 13:7, 17). Кӕд, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастой, уый кӕронмӕ не ’мбарӕм, уӕд дӕр ӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын хорз кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр фӕарфӕ кӕны, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йын йӕ организацимӕ кӕй хъусӕм, уый тыххӕй. Афтӕмӕй равдисӕм, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсӕм.
15 Уӕдӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл нӕ ныфс куыннӕ хъуамӕ дарӕм! Ацы цардӕвӕрды хуыцау, Хӕйрӕг, йӕ хуыздӕр куыст скодта Йегъовӕйы номыл ӕмӕ йӕ организацийыл цъыф калын (2 Кор. 4:4). Фӕлӕ дыл хинӕй ма рацӕуӕд! (2 Кор. 2:11). Хӕйрӕг ӕй зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад», ӕмӕ цалынмӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст не ’рцыд, уӕдмӕ архайы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй раст фӕндагӕй куыд фылдӕр фӕиппӕрд кӕна, ууыл (Рарг. 12:12). Фӕлӕ Хӕйрӕг цас тынгдӕр архайа, уыйас мах Йегъовӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕндзыстӕм. Цӕй уӕдӕ макуы фӕдызӕрдыг уӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ, абон йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл! Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕгас зӕххыл дӕр ӕфсымӕрты ’хсӕн уыдзӕн иудзинад.