13 СӔР
«Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн»
НӔХИ Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ йын хъуамӕ нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр кад хӕссӕм. Апостол Павел уый фӕдыл хорз разамынд радта. Уый ныффыста: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат ӕви ӕндӕр исты аразат,– алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31). Уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдты ирдӕй зынынц йе ’ххӕст удыхъӕды миниуджытӕ (Кол. 3:10). Цӕмӕй сыгъдӕг адӕм уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы фӕзмӕм (Еф. 5:1, 2).
2 Ацы хъуыддагмӕ чырыстӕттӕн сӕ хъус ӕрдардта апостол Петр дӕр: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг“» (1 Пет. 1:14–16). Раджы заманты Израилы адӕмау, чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ ацы дунейы зондахастӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной. Уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, сыгъдӕг хъуыддагӕн хицӕнгонд кӕй сты (Рац. 20:5).
3 Цӕмӕй алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидар хӕцӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы бӕлвырд цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бамбарын кодта, уыдоныл (2 Тим. 3:16). Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтам Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, куыд архайы, уый тыххӕй ӕмӕ йӕм баввахс стӕм. Ноджыдӕр ма бамбӕрстам, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй хъуамӕ агурӕм ӕмӕ нын царды мидӕг Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр кӕй мацы хъуамӕ уа (Матф. 6:33; Ром. 12:2). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та хъуыди нӕ удыхъӕд ногмӕ раивын (Еф. 4:22–24).
НӔ ДИН ӔМӔ НЕ ’ГЪДАУ МАЦӔМӔЙ ФӔЧЪИЗИ КӔНӔМ
4 Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Не знаг, Хӕйрӕг, йӕ хуыздӕр куыст скодта, рӕстдзинады фӕндагӕй нӕ куыд аиуварс кӕна, уый. Ацы фыддуне дӕр ныл ӕндавы, стӕй тӕригъӕд нӕ мидӕг кӕй цӕры, уый тыххӕй дӕр нын хатгай фӕзын вӕййы. Уӕдӕ цӕмӕй, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ уырнындзинадыл тох кӕнын. Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй, нӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты ӕмӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Рӕстдзинады тыххӕй нӕ хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕудзӕн (2 Тим. 3:12). Фӕлварӕнты-иу хъуамӕ цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нын кӕй ис фӕлварӕнтӕ (1 Пет. 3:14–16; 4:12, 14–16).
5 Кӕд Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл. Уый Хӕйрӕджы зондыл ӕмӕ дунейы зондыл никуы ацыд (Матф. 4:1–11; Иоан. 6:15). Йесо, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сива, ууыл хъуыды дӕр никуы акодта. Кӕд дзы дуне йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй йе сӕфт уыдта, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, дуне уыдонӕй дӕр йе сӕфт кӕй уындзӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕцӕгдӕр ӕвзарынц хъизӕмӕрттӕ, фӕлӕ, Хуыцауы Фырт дунейыл кӕй фӕуӕлахиз, уый зонгӕйӕ сты хъӕбатыр (Иоан. 15:19; 16:33; 17:16).
6 Цӕмӕй ацы дунейӕ ма уӕм, уый тыххӕй мах дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийау хъуамӕ Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм. Хъуамӕ ацы дунейы политикӕйы ӕмӕ ӕхсӕнадон хъуыддӕгты нӕхи ма тъыссӕм. Стӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм дунейы хӕлд зондахастӕй дӕр. Мах уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕм, Иаковы 1:21 цы уынаффӕ ис, уымӕ: «Ныууадзут, ӕлгъагӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уый, стӕй уыцы ӕнӕхъӕугӕ миниуӕг – ӕвзӕрдзинад, ӕмӕ, сымах фервӕзын кӕнынхъом чи у, уыцы дзырд сӕрныллӕгӕй уӕ зӕрдӕты тауын бауадзут». Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уӕд рӕстдзинады дзырд нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы «тауын бауадздзыстӕм», ӕмӕ, дуне цы дӕтты, уыдӕттӕм бӕллын дӕр нӕ райдайдзыстӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Нӕ йӕ зонут, ӕви, ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг кӕй у? Уӕдӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн уа, уый йӕхи Хуыцауӕн знаг кӕны» (Иак. 4:4). Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи тынг фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ ацы дунейӕ дард лӕууӕм.
7 Хуыцауы Ныхас нын дзуры, цӕмӕй нӕхи хизӕм хӕлд митӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй: «Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд» (Еф. 5:3). Уӕдӕ нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ ма уой, ӕнӕгъдау, хӕлд кӕнӕ чъизи цы у, уыдӕттыл. Стӕй хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, цӕмӕй-иу нӕ ныхас ӕнӕфсарм хабӕрттӕм ма рахиза. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауӕн цы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын нӕ кӕй фӕнды.
НӔХИ СЫГЪДӔГ ДАРӔМ
8 Хуыцауы адӕм ӕй ӕмбарынц, сыгъдӕг ӕрмӕст сӕ дин ӕмӕ се ’гъдау кӕй хъуамӕ ма уа, фӕлӕ ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой. Раджы заманты сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕ Израилы адӕмӕй домдта, цӕмӕй-иу сӕ цатыртӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, уым сыгъдӕг уыдаид. Мах дӕр хъуамӕ нӕхи сыгъдӕг дарӕм, цӕмӕй нӕм Йегъовӕ «ӕнаккагӕй мацы фена» (Дык. з. 23:14).
9 Павел ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ... нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Кор. 7:1). Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕй алчидӕр, уӕлдай нӕу, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг, хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕхи найа ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕхса. Царды уавӕртӕ алы бӕстӕты алыхуызон сты, фӕлӕ нӕхи ныхсын ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты сыгъдӕг дарыны фаг сапон ӕмӕ дон кӕмфӕнды дӕр ис ссарӕн.
10 Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ, кӕм цӕрӕм, уым хорз фӕзонынц. Нӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ алыварс алцы йӕ бынаты ӕмӕ сыгъдӕг куы уа, уӕд афтид уымӕй дӕр нӕ сыхӕгтӕн хъусын кӕндзыстӕм. Уыцы хъуыддаг бинонтӕй алкӕй хӕс дӕр у. Ӕфсымӕрты уӕлдайдӕр хъус дарын хъӕуы хӕдзармӕ ӕмӕ кӕртмӕ, уымӕн ӕмӕ хӕдзармӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ зылд куы уа ӕмӕ кӕрт дӕр ӕфснайд куы уа, уӕд уый иннӕтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Бинонты хистӕр хӕдзармӕ йӕ хъус куы дара ӕмӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгты дӕр йӕхимӕ разамынд куы иса, уӕд ӕцӕгдӕр зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕ бинонтӕн у хорз уынаффӕгӕнӕг (1 Тим. 3:4, 12). Хотӕн дӕр сӕ хӕс у, цӕмӕй сыгъдӕгдзинадмӕ сӕ хъус дарой, уӕлдайдӕр – хӕдзары мидӕг (Тит. 2:4, 5). Сывӕллӕтты дӕр сыгъдӕгдзинадыл куы ахуыр кӕной, уӕд сӕ къомнӕт ӕфснайдзысты ӕмӕ йӕ сыгъдӕг дардзысты. Афтӕмӕй бинонтӕй алчидӕр сыгъдӕгдзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсдзӕн, ӕмӕ уый та фӕстӕдӕр бахъӕудзӕн, ног дунейы Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд.
11 Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ ӕмбырдтӕм машинӕтыл фӕцӕуынц. Иуӕй-иу рӕтты та хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнӕ машинӕйӕ ӕппындӕр ницы бакӕндзынӕ. Машинӕмӕ дӕр хъӕуы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ зилын ӕмӕ йӕ сыгъдӕг дарын. Нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ машинӕйӕ дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, мах дӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг адӕмӕй кӕй стӕм. Уый хауы нӕ сумкӕтӕм ӕмӕ нӕ Библитӕм дӕр.
12 Хуыцауы уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй дӕр. Стыр хицауы раз чъизи ӕмӕ куыдфӕнды кондӕй ницы хуызы ӕрлӕууиккам. Уӕдӕ хъусынгӕнгӕйӕ кӕнӕ сценӕйӕ Йегъовӕйы номӕй куы фӕдзурӕм, уӕд та не ’ддаг бакастыл цас тынгдӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм! Нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ гӕсгӕ иннӕтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕнӕ хорз цӕстӕй кӕсдзысты, кӕнӕ ӕвзӕр. Не ’ддаг бакастӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм кӕй стӕм ӕмӕ иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм (1 Кор. 10:31–33; 1 Тим. 2:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ уацамынды куы фӕцӕуӕм, ӕмбырдмӕ йе та конгресмӕ нӕхи куы фӕрӕвдз кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцауы Ныхасы сыгъдӕгдзинады тыххӕй ӕмӕ не ’ддаг бакасты тыххӕй цы фыст ис, уый. Мах фӕнды алкӕддӕр Йегъовӕйӕн кад хӕссын.
13 Афтӕ конд хъуамӕ уӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ кӕнӕ филиалмӕ куы цӕуӕм, уӕд дӕр. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Вефил нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар». Уӕдӕ, ӕмбырды куыд конд вӕййӕм ӕмӕ уым нӕхи куыд фӕдарӕм, афтӕ конд хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕхи афтӕ хъуамӕ дарӕм Вефилы дӕр.
14 Нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ фӕллад куы уадзӕм, уӕд дӕр. Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм: «Ахӕм кондӕй искӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй радзурын нӕ фефсӕрмы кӕндзынӕн?»
ФӔЛЛАД УАДЗЫН ӔМӔ ИРХӔФСӔНТӔ
15 Цӕмӕй адӕймагӕн цардӕй йӕ зӕрдӕ райа ӕмӕ йе ’нӕниздзинад ма фӕцуда, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы йӕ фӕллад суадзын ӕмӕ йӕхи аирхӕфсын. Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йемӕ хибар ранмӕ ацыдаиккой ӕмӕ «иу гыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой» (Мар. 6:31). Адӕймаг йӕ фӕллад куы суадзы ӕмӕ йӕхи истӕуыл куы аирхӕфсы, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы. Ног хъарутӕ та йӕм фӕзыны, цӕмӕй дарддӕр йӕ куыст ӕмӕ йӕ царды хабӕрттӕ кӕна.
16 Абон бирӕ алыхуызон ирхӕфсӕнтӕ ис, ӕмӕ чырыстӕтты хъӕуы Хуыцауы зондӕй архайын ӕмӕ дзы кӕцы равзардзысты, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Царды мидӕг ирхӕфсӕнтӕн сӕхи бынат ис, фӕлӕ сӕйраг не сты. Библи нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» адӕм «Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1, 4). Ацы дуне ирхӕфсӕнтыл цы нымайы, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ, Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн хи аирхӕфсынӕн нӕ бӕззынц.
17 Фыццаг ӕнусы дӕр адӕм ирхӕфсӕнтыл мард уыдысты, ӕмӕ чырыстӕтты хъуыди уыдӕттӕй сӕхи хизын. Ромы амфитеатрты-иу адӕм сӕхи ирхӕфстой, иннӕтӕ куыд хъизӕмар кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ. Адӕмы бахъӕлдзӕг кӕныны тыххӕй-иу сценӕйыл ӕвдыстой тыхми, тугкалд ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад. Фӕлӕ чырыстӕттӕ ахӕм хабӕрттӕй дард лӕууыдысты. Абон дӕр дунейы адӕм сӕхи ахӕм цӕуылдӕрты фӕирхӕфсынц. Бирӕ ирхӕфсӕнтӕ афтӕ конд сты, цӕмӕй адӕймаджы чъизи монцтӕ цырен кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «лӕмбынӕг кӕсӕм», куыд цӕрӕм, уымӕ ӕмӕ, адӕймаджы ӕгъдау чи халы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй нӕхи хизӕм (Еф. 5:15, 16; Пс. 11:5). Стӕй цавӕрдӕр ирхӕфсӕн, чи зоны, йӕхӕдӕг ӕвзӕр ма уа, фӕлӕ дзы адӕм, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ кӕной (1 Пет. 4:1–4).
18 Чырыстонӕн йӕхи аирхӕфсынӕн ӕмӕ йӕ фӕллад суадзынӕн бирӕ хорз фадӕттӕ ис. Ацы хъуыддаджы бирӕтӕн стыр ӕххуыс фесты, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы хорз уынаффӕтӕ ссардтой, уыдон.
19 Хатгай цалдӕр бинонтӕ искӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ арвитынц. Науӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕхонынц чындзӕхсӕвмӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм бадтмӕ (Иоан. 2:2). Фысымтӕ йӕ хъуамӕ ӕмбарой, бадты тыххӕй дзуапп уыдон кӕй дӕттынц. Бирӕ адӕм куы ’рӕмбырд вӕййы, уӕд алцӕмӕ дӕр фӕхъӕуы уӕлдай хъус дарын. Ахӕм фембӕлдты адӕм сӕхи сӕрибар кӕй фӕхатынц, уый иуӕй-иуты фӕсайы, ӕмӕ хӕрд ӕмӕ нозтӕн бӕрц нал фӕзонынц, стӕй, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ӕндӕр ахӕм митӕ дӕр бакӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ бацархайынц, цӕмӕй бадты ӕгӕр бирӕ адӕм дӕр ма уа, ӕмӕ ӕгӕр бирӕ дӕр ма ахӕсса. Кӕд дзы нозт уа, уӕддӕр – бӕрцӕй (Фил. 4:5). Алцыдӕр афтӕ куы спълан кӕной, ӕмӕ бадты чи уа, уыдон хорз баулӕфой ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар уа, уӕд хӕрд ӕмӕ нозт афтӕ ахсджиаг нӕ уыдзысты.
20 Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уазӕгуарзон кӕй сты, уый раппӕлинаг хъуыддаг у (1 Пет. 4:9). Иннӕты нӕхимӕ куы хонӕм, цӕмӕй иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм, нӕхи аирхӕфсӕм ӕмӕ аныхӕстӕ кӕнӕм, уӕд-иу, мӕгуыр чи у кӕнӕ тыхст уавӕры чи ис, уыдоны дӕр ма ферох кӕнӕм (Лук. 14:12–14). Ахӕм фембӕлдмӕ нын нӕхи куы фӕхоной, уӕд та архайдзыстӕм, Марчы 12:31 куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Хорз уаид, иннӕты хорздзинадӕн аргъ кӕнын куы зониккам.
21 Чырыстӕттӕн стыр циндзинад хӕссынц Хуыцауы рӕдау лӕвӕрттӕ. Стӕй йӕ ӕмбарынц, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕймаг «хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына» (Еккл. 3:12, 13). Алцыдӕр «Хуыцауы кадӕн» куы аразӕм, уӕд уыцы бадт фысымтӕн дӕр ӕмӕ уазджытӕн дӕр сӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн ӕмӕ-иу ӕй ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕндзысты.
СКЪОЛАЙЫ
22 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ скъолайы кӕй ахуыр кӕнынц, уый сын стыр пайда хӕссы. Скъолайы сахуыр вӕййынц хорз кӕсын ӕмӕ фыссын. Стӕй иннӕ урокты дӕр бирӕ цыдӕртӕ базонынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы фӕстӕдӕр ӕнцондӕр вӕййы уырнындзинадимӕ баст нысӕнттӕм тырнын. Цалынмӕ скъолайы фӕахуыр кӕнынц, уӕдмӕ дӕр ӕппӕт хъарутӕй фӕархайынц, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕ царды фыццаг бынаты уой ӕмӕ афтӕмӕй се «Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы» сӕ зӕрдыл дарой (Еккл. 12:1).
23 Кӕд нырма ӕрыгон дӕ, уӕд, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгӕттимӕ, куы нӕ хъӕуа, уӕд дӕ рӕстӕг ма ’рвит (2 Тим. 3:1, 2). Йегъовӕ нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй нӕ ацы дунейӕ бахъахъхъӕна, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ алы фадӕттӕ дӕр ис дунейы зондахастӕй дӕхи бахизынӕн (Пс. 23:4; 91:1, 2). Уӕдӕ нын Йегъовӕ цыдӕриддӕр дӕтты, уыдонӕй пайда кӕн ӕмӕ дӕхи хъахъхъӕн (Пс. 23:5).
24 Бирӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ аскъуыддзаг кодтой, фӕсурокты ма скъолайы цы хабӕрттӕ вӕййы, уыдоны кӕй нӕ архайдзысты ӕмӕ афтӕмӕй ацы дунейӕ сӕхи кӕй хиздзысты. Афтӕ цӕмӕн кӕнынц, уый се ’мкъласӕгтӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕ алкӕд нӕ фембарынц. Фӕлӕ сӕйрагдӕр у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ де ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнай ӕмӕ йӕм хъусай. Хъуамӕ дӕхицӕн фидарӕй зӕгъай, скъолайы сывӕллӕтты цы хъуыддӕгтӕм фӕразӕнгард кӕнынц, уыдоны кӕй нӕ архайдзынӕ ӕмӕ дӕхи кӕй хиздзынӕ ахӕм зондахастӕй, зӕгъгӕ, ӕз иннӕтӕй хуыздӕр дӕн кӕнӕ мӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕр у (Гал. 5:19, 26). Ӕрыгӕттӕ, уӕ ныййарджытӕ уын Библимӕ гӕсгӕ цы хорз уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ куы хъусат, ӕмӕ уӕ рӕстӕг, ӕмбырды уын цы хорз ӕмбӕлттӕ ис, уыдонимӕ куы ’рвитат, уӕд уӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын.
КУЫСТ ӔМӔ ӔМБӔЛТТӔ
25 Фыстадмӕ гӕсгӕ хӕдзары хистӕртӕн сӕ хӕс у сӕ бинонтыл тыхсын (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарынц, фыццаг бынаты сын сӕ куыст нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ кӕй хъуамӕ уой (Матф. 6:33; Ром. 11:13). Уыдон Хуыцауыл иузӕрдион сты, ӕмӕ сын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый кӕй ис, уый фагыл нымайынц. Уый фӕрцы сӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны не скӕнынц ӕмӕ, фылдӕр ӕхца куыд бакусой, ууыл не свӕйынц (1 Тим. 6:6–10).
26 Чырыстӕттӕй кусгӕ чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой Библийы уагӕвӕрдтӕ. Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй чи кусы, ахӕм чырыстон не сразы вӕййы, Хуыцауы закъон ӕмӕ, кӕм цӕры, уыцы бӕстӕйы закъон чи халы, ахӕм хъуыддӕгтыл (Ром. 13:1, 2; 1 Кор. 6:9, 10). Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ куыд тӕссаг сты, уый дӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа. Мах Чырыстийы ӕфсӕддонтӕ стӕм, ӕмӕ ӕхца бакусыны тыххӕй никуы сразы уыдзыстӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, хӕстытӕ кӕнӕ политикӕимӕ баст чи у ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг чи уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл (Ис. 2:4; 2 Тим. 2:4). Стӕй нын хъуамӕ Хуыцауы знаг «Стыр Вавилонимӕ» иумӕйагӕй мацы уа (Рарг. 18:2, 4; 2 Кор. 6:14–17).
27 Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар куы хӕцӕм, уӕд нӕ фембӕлдты хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты куыст ӕмӕ ӕхцайы хабӕрттыл не ’фтаудзыстӕм ӕмӕ сӕ куыд спайда кӕнӕм, ууыл дӕр нӕ архайдзыстӕм. Мах ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕрбацӕуӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм. Уыцы фембӕлдты Хуыцауы фынгӕй нӕхи фефсадӕм ӕмӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар вӕййӕм» (Ром. 1:11, 12; Дзут. 10:24, 25). Уӕдӕ-иу ахӕм фембӕлдты нӕ ныхас сӕйраджыдӕр хъуамӕ уа Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтыл.
НЕ ’МЧЫРЫСТӔТТИМӔ ИУДЗИНАДЫ УӔМ
28 Йегъовӕ йӕ адӕмӕй домы, цӕмӕй «архайой, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст уой фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Алчидӕр нӕ йӕхи пайдайыл нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (1 Фес. 5:15). Дзырд дӕр ыл нӕй, де ’мбырды дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ахӕм зӕрдӕйы уаг ис! Уӕлдай нӕу, кӕцы адӕмыхаттӕй стӕм, цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл стӕм, цавӕр ахуырад нӕм ис, мӕгуыр стӕм ӕви хъӕздыг – не ’ппӕт дӕр цӕрӕм уыцы иу рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ахӕм иудзинад кӕй ис, уый иннӕтӕ дӕр уынынц (1 Пет. 2:12).
29 Не ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй ма Библийы фыст ис: «Ис иу буар ӕмӕ иу сыгъдӕг тых, сымах цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уый дӕр иу куыд у, афтӕ. Ис иу Хицау, иу уырнындзинад ӕмӕ иу аргъуыд. Ис иу Хуыцау – се ’ппӕты Фыд, се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, се ’ппӕты уылты ӕмӕ се ’ппӕты мидӕг дӕр чи архайы, уый» (Еф. 4:4–6). Ацы ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы нӕ Хицауыл нымайӕм, ӕмӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдты фӕдыл, стӕй дзы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕдыл дӕр иухуызон хъуыды кӕнӕм. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн радта рӕстдзинады сыгъдӕг ӕвзаг, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын (Соф. 3:9).
30 Чырыстон ӕмбырды цы фарн ӕмӕ цы иудзинад ис, уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр базыртӕ басадзы. Мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый: «Се ’ппӕты дӕр иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иумӕ уыдзысты, фыстӕ кӕрты иумӕ куыд вӕййынц... афтӕ» (Мих. 2:12). Уӕдӕ нӕ алчидӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕд ӕмӕ, не ’хсӕн цы фарн ӕмӕ цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнӕд.
31 Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбакодта, уыдон тынг амондджын сты! Йегъовӕйы ном хӕссай, уый стыр кад у, ӕмӕ уый тыххӕй мах цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ. Дарддӕр дӕр Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд ӕппӕт хъарутӕй архайдзыстӕм йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кӕндзыстӕм (2 Кор. 3:18).