Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 15 сӕр, 157–161 фф.
  • Хуыцауы коммӕ кӕсын пайда хӕссы алкӕмӕн дӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы коммӕ кӕсын пайда хӕссы алкӕмӕн дӕр
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ХЪӔУЫ ХУЫЦАУЫ КОММӔ КӔСЫН
  • Цавӕр хицауиуӕгадӕн хъӕуы аргъ кӕнын?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Сылгоймӕгтӕ, уӕ лӕгты нымайут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 15 сӕр, 157–161 фф.

15 СӔР

Хуыцауы коммӕ кӕсын пайда хӕссы алкӕмӕн дӕр

ЙЕГЪОВӔ у Дун-дунейы Хицау, ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды йӕ организациимӕ иумӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, уӕд хъуамӕ ӕнӕмӕнг йӕ коммӕ кӕсӕм. Мах кӕсӕм йӕ Фырты коммӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта чырыстон ӕмбырды хистӕрӕй. Стӕй, чи кӕй коммӕ хъуамӕ кӕса, уый тыххӕй Йегъовӕ цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый нӕ рох нӕу царды ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Хуыцау ахӕм ӕгъдау кӕй ӕрӕвӕрдта, уый стыр пайда хӕссы алкӕмӕн дӕр.

2 Бартӕ кӕй къухы сты, уыдоны коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй адӕм фыццаг хатт фехъуыстой Едемы цӕхӕрадоны. Уыцы хъуыды ис, Хуыцау сын цы дыууӕ фӕдзӕхсты загъта, уыдоны, ӕмӕ фыст сты Райдианы 1:28 ӕмӕ 2:16, 17. Адӕймагӕн хъуамӕ йӕ бар цыдаид цӕрӕгойтыл, адӕймаг йӕхӕдӕг та хъуамӕ йӕхи бакодтаид Хуыцауы дӕлбар. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы хъуыстаиккой, уӕд зӕххыл уыдаид фарн ӕмӕ дзы алцыдӕр уыдаид уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Чи кӕй коммӕ хъуамӕ кӕса, уый ма бӕлвырддӕр фыст ӕрцыд 1 Коринфӕгтӕм 11:3. Апостол Павел ныффыста: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы йеддӕмӕ алкӕй дӕр кӕй хъӕуы кӕйдӕр коммӕ кӕсын.

3 Абон адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕнды искӕй коммӕ кӕсын. Афтӕ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны адӕмӕн сӕ рагфыдӕлты нӕ бафӕндыд Дун-дунейы Хицауы коммӕ кӕсын (Райд. 3:4, 5). Фӕлӕ уымӕй сӕрибардӕр нӕ систы. Афтӕмӕй сӕхи бакодтой Сайтан Хӕйрӕджы дӕлбар. Уыцы хабӕртты аххосӕй адӕм Хуыцауӕй адард сты (Кол. 1:21). Ӕмӕ абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр сты Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).

4 Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый куы базыдтам ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕджы дӕлбар нал стӕм. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд куы райстам, уӕд нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ бар бакодтам. Кӕддӕр паддзах Давид Йегъовӕйӕ загъта, «дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис», зӕгъгӕ, ӕмӕ мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм (1 Аз. 29:11). Мах дӕр сӕрныллӕгӕй дзурӕм: «Базонут, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау. Уый нӕ сфӕлдыста, мах нӕхӕдӕг не сфӕлдыстам нӕхи. Мах стӕм йӕ адӕм, кӕй хизы, уыцы фыстӕ» (Пс. 100:3). Мах ӕмбарӕм, ӕппӕт дӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уымӕй уӕлдӕр ничи ис ӕмӕ уый аккаг у, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсӕм (Рарг. 4:11). Мах стӕм ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ, йӕ коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын алцӕмӕй дӕр фӕзминаг у Йесо Чырысти.

5 Йесо зӕххыл цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдонӕй цӕуыл сахуыр? Дзуапп ис Дзуттӕгтӕм 5:8 стихы: «Кӕд йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл». Йесо йӕ уӕларвон Фыдӕн алкӕддӕр уыд коммӕгӕс, фыдӕвзарӕнты-иу куы бахауд, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕхи фӕндӕй никуы ницы арӕзта ӕмӕ йӕхи зондӕй дӕр никуы дзырдта, стӕй йӕхицӕн кад нӕ агуырдта (Иоан. 5:19, 30; 6:38; 7:16–18). Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын стыр цины хос уыд йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ йӕ фӕдыл зылдысты, уӕддӕр (Иоан. 15:20). Йесо «йӕхи ӕрныллӕг кодта» ӕмӕ коммӕгӕс уыд суанг мӕлӕты онг, «мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл». Хуыцауӕн кӕронмӕ коммӕгӕсӕй кӕй баззад, уый стыр пайда ӕрхаста: уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фервӕзыны фадат, Йесойӕн йӕ Фыд скадджын ӕмӕ йын йӕхи та Хуыцау ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта (Фил. 2:5–11; Дзут. 5:9).

ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ХЪӔУЫ ХУЫЦАУЫ КОММӔ КӔСЫН

6 Хуыцауы Дун-дунейы Хицауыл чи нӕ нымайы, уыдон фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц ӕмӕ сӕхи бирӕ зындзинӕдты хай бакӕнынц. Фӕлӕ мах Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йӕм кӕй хъусӕм, уый фӕрцы уыцы зындзинӕдтӕй хызт стӕм. Не знаг Хӕйрӕг ӕдзухдӕр агуры, куыд нӕ аныхъуыра, уый. Йӕ ныхмӕ куы фӕлӕууӕм ӕмӕ Йегъовӕйы раз нӕхи куы ’рныллӕг кӕнӕм, уӕд дзы нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм (Матф. 6:10, 13; 1 Пет. 5:6–9).

7 Мах ӕмбарӕм, ӕмбырды хистӕр Чырысти кӕй у ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» стыр бартӕ кӕй радта. Уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уый зыны, иннӕтимӕ куыд стӕм, ууыл. Хуыцау ӕмбырды цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уымӕ хауы хъусын кӕныны хъуыддаг, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ дзы архайын, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ нын нӕ организаци цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ архайын (Матф. 24:45–47; 28:19, 20; Дзут. 10:24, 25; 13:7, 17).

8 Хуыцаумӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы ӕмбырды ис фарн, стӕй дзы алцыдӕр у уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый бӕрӕг у, йӕ адӕм сӕхи куыд дарынц, уымӕй (1 Кор. 14:33, 40). Мах нӕхицӕй зонӕм, адӕймаг Йегъовӕйы организацийы уа, уый куыд хорз у, ӕмӕ разы стӕм паддзах Давиды ныхӕстимӕ. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фыдадӕм кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд дарддӕр цингӕнгӕйӕ загъта: «Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 144:15).

9 Хуыцау бинонты ’хсӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ «сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг». Фӕлӕ нӕлгоймагӕн дӕр ис хицау – Чырысти, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау (1 Кор. 11:3). Сылгоймаг хъуамӕ кӕса йӕ сӕрыхицауы коммӕ, сывӕллӕттӕ та – сӕ ныййарджыты коммӕ (Еф. 5:22–24; 6:1). Бинонтӕй алчидӕр ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы архайа, уӕд сӕ хӕдзары уыдзӕн фарн.

10 Нӕлгоймаг хъуамӕ Чырыстийы фӕзма – хъуамӕ йӕ бинонты уарза ӕмӕ сын афтӕмӕй дӕтта разамынд (Еф. 5:25–29). Йӕ бартӕй раст куы пайда кӕна ӕмӕ йӕ хӕстӕ ӕндӕр искӕуыл куы нӕ ӕвӕра, уӕд йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн зын нӕ уыдзӕн йӕ коммӕ кӕсын. Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауӕн у, йемӕ хорз чи фидауы, ахӕм ӕххуысгӕнӕг (Райд. 2:18). Ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы куы нымайа ӕмӕ-иу алы хъуыддаджы дӕр йӕ фарсмӕ куы балӕууа ӕмӕ фӕразон куы уа, уӕд дзы райгонд уыдзӕн, стӕй уымӕй кад хӕсдзӕн Хуыцауӕн дӕр (1 Пет. 3:1–4). Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр Библийы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн дӕр фӕзминаг уыдзысты, ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы коммӕ кӕсын.

11 Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕсӕм хицӕутты коммӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сын «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты» (Ром. 13:1–7). Чырыстӕттӕ сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц. Уыдон хъалонтӕ фидынц ӕмӕ афтӕмӕй, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттынц, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матф. 22:21). Уымӕй уӕлдай ма, сӕ территорийы хъусын кӕнгӕйӕ сӕ зӕрдыл фӕдарынц, адӕймаджы тыххӕй информаци парахат кӕныны фӕдыл цы закъон ис, уый. Хицӕуттӕ нӕ цы фӕдомынц, уый Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ вӕййы, уӕд сӕ коммӕ фӕкӕсӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ аразын (Мар. 13:10; Хъуыд. 5:29).

12 Хуыцауы коммӕ кӕсын хъӕуы царды алы хъуыддаджы дӕр. Мах уырны, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр сӕхи Йегъовӕ Хуыцауы дӕлбар бакӕндзысты (1 Кор. 15:27, 28). Йегъовӕйы Дун-дунейы Хицауыл чи нымайа ӕмӕ ӕнустӕм йӕ коммӕ чи кӕса, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы тынг бирӕ арфӕдзинӕдтӕ!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын