ФАРСТАТӔ, ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН КӔЙ ФӔНДЫ, УЫДОНӔН
1 хай. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы рӕстдзинад базыдтай. Уый руаджы Хуыцаумӕ баввахс дӕ ӕмӕ дын фӕзынд ныфс, фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзынӕ ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзынӕ, уымӕй. Ды Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй баууӕндыдтӕ, ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс, уый фӕрцы ныр дӕр хайджын дӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Дӕхи цӕстӕй уыныс, Йегъовӕ абон йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый (Зах. 8:23).
Уӕдӕ кӕд ныр дӕхи донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕныс, уӕд хорз уаид, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ демӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл куы аныхас кӕниккой (Дзут. 6:1–3). Йегъовӕ дын дарддӕр дӕр арфӕ кӕнӕд, цӕмӕй йӕ ноджы хуыздӕр базонай ӕмӕ дӕ схайджын кӕнӕд, зӕрдӕ нын цы хӕрзиуӕгӕй бавӕрдта, уымӕй! (Иоан. 17:3).
1. Донаргъуыд райсын дӕ цӕмӕн фӕнды?
2. Чи у Йегъовӕ?
• «Йегъовӕ... у иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй» (Дык. з. 4:39).
• «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Пс. 83:18).
3. Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын ахсджиагыл цӕмӕн нымайыс?
• «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном“» (Матф. 6:9).
• «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ром. 10:13).
4. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый Библи цавӕр ныхӕстӕй ӕмбарын кӕны?
• «Ӕххуысгӕнӕг мын у Йегъовӕ, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг» (Пс. 121:2).
• «Нӕ уӕларвон Фыд» (Матф. 6:9).
• «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8).
5. Дӕ бон цы у Йегъовӕ Хуыцауӕн раттын?
• «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30).
• «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Лук. 4:8).
6. Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый дӕ цӕмӕн фӕнды?
• «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11).
7. Кӕмӕ фӕкувыс ӕмӕ кӕй номӕй фӕкувыс?
• «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат мӕ номӕй [Йесойы номӕй],– ратдзӕн уын ӕй» (Иоан. 16:23).
8. Дӕ бон цӕй тыххӕй у Хуыцаумӕ кувын?
• «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр. Ратт нын къӕбӕр абоны фаг. Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, мах дӕр, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн куыд ныххатыр кӕнӕм, афтӕ. Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн“» (Матф. 6:9–13).
• «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14).
9. Йегъовӕ адӕймаджы куывдтытӕ, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй ма хъуса?
• «Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн... фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй» (Мих. 3:4).
• «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у» (1 Пет. 3:12).
10. Чи у Йесо Чырысти?
• «Симон Петр ын дзуапп радта: „Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт“» (Матф. 16:16).
11. Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?
• «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28).
• «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43).
12. Дӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ?
• «Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15).
13. Чырыстимӕ цавӕр бартӕ ис?
• «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18).
• «Хуыцау [ӕй] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном» (Фил. 2:9).
14. Уырны дӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет, Йесо кӕй сӕвӕрдта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у?
• «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» (Матф. 24:45).
15. Сыгъдӕг тых удгоймаг у?
• «Ӕмӕ йын зӕд загъта: „Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт“» (Лук. 1:35).
• «Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13).
16. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд пайда кӕны?
• «Йегъовӕйы ныхасӕй фӕзынд арв, йӕ комытӕфӕй – цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон» (Пс. 33:6).
• «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).
• «Фыстады иу пехуымпар-ныхас дӕр кӕйдӕр хъуыдытӕм гӕсгӕ... нӕу, уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Пет. 1:20, 21).
17. Цы у Хуыцауы Паддзахад?
• «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Дан. 2:44).
18. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ?
• «Ныссӕрфдзӕн [сын] сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Рарг. 21:4).
19. Кӕцӕй йӕ зоныс, адӕм Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй тагъд рӕстӕджы кӕй схайджын уыдзысты?
• «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕм] хибарӕй бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: „Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?“ Йесо сын дзуапп радта: „...Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон“» (Матф. 24:3, 4, 7, 14).
• «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн» (2 Тим. 3:1–5).
20. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын ахсджиагыл кӕй нымайыс, уый куыд ӕвдисыс?
• «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33).
• «Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: „Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд“» (Матф. 16:24).
21. Чи сты Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ?
• «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у... Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар» (Иоан. 8:44).
• «Стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Рарг. 12:9).
22. Хӕйрӕг Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодта?
• «Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: „Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“. Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: „Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый“» (Райд. 3:2–5).
• «Сайтан... Йегъовӕйӕн загъта: „Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн“» (Иов 2:4).
23. Дӕ бон куыд у ӕвдисын, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты?
• «[Хуыцауӕн] лӕггад кӕн... дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд» (1 Аз. 28:9).
• «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).
24. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?
• «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12).
25. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты?
• «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Еккл. 9:5).
26. Чи амард, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?
• «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыд. 24:15).
27. Йесо Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цал уыдзысты?
• «Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон» (Рарг. 14:1).