Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bhs 11 сӕр, 132–141 фф.
  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
  • Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Фенын Библи цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АДӔМ УЫЙБӔРЦ ЗЫНДЗИНӔДТӔ ЦӔМӔН ӔВЗАРЫНЦ?
  • ХУЫЦАУ ЦӔМӔН УАДЗЫ, ЦӔМӔЙ АДӔМ ЗЫНДЗИНӔДТӔ ӔВЗАРОЙ?
  • ЙЕГЪОВӔ УЫЙБӔРЦ РӔСТӔГ ЦӔМӔН ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?
  • УЫНАФФӔТӔ ХӔССЫНЫ БАР ДЫН КӔЙ ИС, УЫМӔЙ КУЫД СПАЙДА КӔНДЗЫНӔ?
  • Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Фылдӕр фенын
Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
bhs 11 сӕр, 132–141 фф.

11 СӔР

Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

1, 2. Бирӕтӕ цӕуыл фӕхъуыды кӕнынц?

АДӔЙМАГ алы бон дӕр цавӕрдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ фехъусы. Кӕмдӕр ӕнӕхъӕн хъӕу цунамийы бын фӕци. Ӕндӕр ран иу нӕлгоймаг аргъуаны адӕмы ӕхсын райдыдта, ӕмӕ дзы бирӕты фӕцӕфтӕ кодта, чидӕртӕ та дзы фӕмард. Кӕмдӕр та сылгоймаг ракӕй амард ӕмӕ йын фондз сывӕллоны баззад.

2 Ахӕм бӕллӕхтӕ куы ’рцӕуы, уӕд бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Цӕмӕн цӕуы ахӕм хабӕрттӕ?» Адӕймаг нӕ фембары, адӕм сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц, афтӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн тухӕн кӕнынц. Ды дӕр уыдӕттыл фӕхъуыды кӕныс?

3, 4. а) Аввакум Йегъовӕйы цӕмӕй бафарста? б) Йегъовӕ йын цавӕр дзуапп радта?

3 Библийӕ базонӕн ис, Хуыцауыл тынг чи ’ууӕндыд, уыдон дӕр-иу ахӕм фарстатыл кӕй хъуыды кодтой. Зӕгъӕм, пехуымпар Аввакум Йегъовӕйы бафарста: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц, алы ран загъд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынц» (Аввакум 1:3).

4 Аввакумы 2:2, 3 стихты кӕсӕм, Хуыцау Аввакумӕн цавӕр дзуапп радта, уый. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн. Йегъовӕ адӕмы тынг уарзы. Библи зӕгъы: «Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Ӕмӕ кӕд махӕн зын у адӕмы зындзинӕдтӕм кӕсын, уӕд Йегъовӕйӕн та уый ноджы зындӕр у (Исай 55:8, 9). Уӕдӕ аныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл: адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

АДӔМ УЫЙБӔРЦ ЗЫНДЗИНӔДТӔ ЦӔМӔН ӔВЗАРЫНЦ?

5. Адӕм зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый тыххӕй дины разамонджытӕй бирӕтӕ цы фӕзӕгъынц? Библи та цы дзуры?

5 Адӕймагыл исты бӕллӕх кӕнӕ исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Хуыцау ын ӕй йӕ ныхыл ныффыста, зӕгъгӕ. Стӕй сауджынтӕй дӕр фехъусӕн вӕййы, зӕгъгӕ, дам, уый Хуыцауы фӕндон уыд. Чидӕртӕ та суанг афтӕ дӕр дзурынц, ӕмӕ, дам, адӕм мӕлынц, цӕмӕй уӕлӕрвты Хуыцауимӕ уой. Зӕгъӕм, сывӕллон куы амӕлы, уӕд фӕзӕгъынц, Хуыцау, дам, ӕй йӕхимӕ акодта, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕй уӕлӕрвты ноджыдӕр иу зӕд хъуыд. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕвзӕр хабӕрттӕ Йегъовӕйы аххосӕй никуы ’рцӕуынц. Библийы фыст ис: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10).

6. Ӕгас зӕххыл адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон бирӕтӕ Хуыцауы аххос цӕмӕн кӕнынц?

6 Ӕгас зӕххыл адӕм цыдӕриддӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон бирӕтӕ Хуыцауы аххос кӕнынц, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау у ацы дунейы хицау. Фӕлӕ 3-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй ӕцӕгӕй ацы дунейы хицау у Сайтан Хӕйрӕг.

7, 8. Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

7 Библи дзуры: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Ацы дунейы хицау, Хӕйрӕг, у фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр. Уый сайы «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» (Раргомад 12:9). Адӕмӕй дӕр бирӕтӕ уый хуызӕн сты. Ӕмӕ уый у ӕрмӕст иу аххосаг, адӕм кӕрӕдзи цӕмӕн сайынц, кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц ӕмӕ афтӕ ӕгъатыр цӕмӕн сты, уымӕн.

8 Адӕмы цард афтӕ уӕззау цӕмӕн у, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд уый фӕстӕ сӕ цот дӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой. Ӕмӕ адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй кӕрӕдзийӕн бирӕ маст ӕвзарын кӕнынц. Арӕх иутӕ иннӕтӕй сӕхи уӕлдӕр февӕрынц. Ӕмӕ уый тыххӕй кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, хӕцынц ӕмӕ иннӕты бартӕ ссӕндынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уымӕн ма ис ноджыдӕр иу аххосаг. Библийы фыст ис: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Адӕймагыл хатт исты бӕллӕх кӕнӕ исты ӕвзӕр хабар ӕрцӕуы, уыцы хабар кӕм ӕрцыд, уыцы рӕстӕг уым кӕй уыд, уый тыххӕй.

9. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ иугӕр Хуыцау уадзы, цӕмӕй адӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарой, уӕд уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыдзӕн?

9 Адӕмӕн зындзинӕдтӕ Йегъовӕ не ’взарын кӕны. Адӕм кӕй хӕцынц, кӕрӕдзи кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕй ис, уый йӕ аххос нӕу. Стӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕ дӕр, зӕгъӕм, зӕххӕнкъуыстытӕ, тыхдымгӕтӕ ӕмӕ донивылдтӕ, Хуыцауӕй не сты. Фӕлӕ уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Кӕд Йегъовӕ Дун-дунейы ӕппӕты тыхджындӕр у, уӕд цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуа?» Мах ӕй зонӕм, Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы. Ӕмӕ иугӕр уадзы, цӕмӕй ахӕм хабӕрттӕ цӕуа, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн (1 Иоанны 4:8).

ХУЫЦАУ ЦӔМӔН УАДЗЫ, ЦӔМӔЙ АДӔМ ЗЫНДЗИНӔДТӔ ӔВЗАРОЙ?

10. Хӕйрӕг Йегъовӕйы куыд фӕаххосджын кодта?

10 Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕйы фӕсайдта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ ӕвзӕр хицау у ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕ хорз цыдӕр ӕмбӕхсы. Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй сӕ бауырныдтаид, уый Йегъовӕйӕ хуыздӕр хицау кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕй нӕ хъӕуы (Райдиан 3:2–5; кӕс 27-ӕм уӕлӕмхасӕн).

11. Цавӕр фарстайӕн хъӕуы дзуапп базонын?

11 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сын ис бар, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Йегъовӕ куыд хъуамӕ бакодтаид, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, Адам ӕмӕ Евӕ раст кӕй нӕ хъуыды кодтой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый кӕй зоны, адӕмӕн хуыздӕр цы у, уый?

12, 13. а) Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта? б) Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн бар цӕмӕн радта, цӕмӕй ацы дунейы хицау уа, ӕмӕ адӕмӕн хицауӕдтӕ скӕнынӕн рӕстӕг цӕмӕн радта?

12 Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ йыл цардаиккой Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕмӕ йӕ фӕнд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Хӕйрӕг ӕй куыдфӕнды ма къуылымпы кодтаид, уӕддӕр (Райдиан 1:28; Исай 55:10, 11). Уый тыххӕй Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы уайтагъд нӕ фесӕфта, фӕлӕ бауагъта, цӕмӕй сын цот рацыдаид. Ӕмӕ сын стӕй сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг равзӕрстаиккой, хицау сын чи уыдзӕн, уый.

13 Хӕйрӕг Йегъовӕйы хицаудзинад сдзырддаг кодта милуангай зӕдты раз (Иов 38:7; Данел 7:10). Ӕмӕ йын Йегъовӕ рӕстӕг радта, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, йӕ ныхӕстӕ раст уыдысты ӕви нӕ. Стӕй адӕмӕн дӕр радта рӕстӕг, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы скодтаиккой хицауӕдтӕ ӕмӕ равдыстаиккой, ӕнӕ Хуыцауӕй ӕнтыстджын уыдзысты ӕви нӕ.

14. Рӕстӕг цы равдыста?

14 Мингай азты дӕргъы адӕм архайынц, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой, фӕлӕ сын ницы уайы. Афтӕмӕй сбӕлвырд, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта. Адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй сӕ бон ницы у. Пехуымпар Йеремийы ныхӕстӕ дӕр раст разындысты. Уый загъта: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

ЙЕГЪОВӔ УЫЙБӔРЦ РӔСТӔГ ЦӔМӔН ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

15, 16. а) Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм уыйбӕрц рӕстӕг хъизӕмар кӕной? б) Йегъовӕ афтӕ цӕуылнӕ бакӕны, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ ма цӕуа?

15 Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм уыйбӕрц рӕстӕг зындзинӕдтӕ ӕвзарой? Ӕмӕ афтӕ цӕуылнӕ бакӕны, цӕмӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ ма цӕуа? Хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕджы хицаудзинадӕй кӕй ницы рауайдзӕн. Адӕм цынӕхуызон хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад, фӕлӕ дзы иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ. Кӕд наукӕ ӕмӕ технологитӕ размӕ цӕуынц, уӕддӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ, мӕгуырдзинад, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕстытӕ ноджы фылдӕр кӕнынц. Адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын.

16 Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ ныртӕккӕ афтӕ куы бакӕнид, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ ма цӕуа, уӕд афтӕ рауаид, цыма Хӕйрӕджы фарс у. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй! Стӕй адӕм дӕр хъуыды кӕниккой, ӕмӕ сын хорз ӕнтысы сӕхицӕн разамынд дӕттын, Хӕйрӕг куыд дзырдта, афтӕ. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ сты мӕнг, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕмӕй никуы ницы сараздзӕн, цӕмӕй адӕм уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ сайгӕ нӕ кӕны (Дзуттӕгтӕм 6:18).

17, 18. Йегъовӕ цы сараздзӕн, цӕмӕй, Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр мауал баззайа?

17 Хӕйрӕг ӕмӕ адӕм Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый стыр зиан ӕрхаста. Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй уыцы бӕллӕхтӕй фӕд дӕр мауал баззайа? О, йӕ бон у. Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон. Йегъовӕ зоны, тагъд Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт, куыд фӕнд кодта, афтӕ. «Ингӕнты чидӕриддӕр ис», уыдоны райгас кӕндзӕн (Иоанны 5:28, 29). Адӕм нал рынчын кӕндзысты ӕмӕ нал мӕлдзысты. Хӕйрӕг цыдӕриддӕр зиан ӕрхаста, уымӕй Йесо фӕд дӕр нӕ ныууадздзӕн. Йегъовӕ Йесойы уылты «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ» фехалдзӕн (1 Иоанны 3:8). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, нырмӕ кӕй быхсы, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ нӕхицӕн Хицауӕй равзарӕм. (Бакӕс 2 Петры 3:9, 10.) Ӕмӕ зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд нын баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сфӕразӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.)

18 Йегъовӕ нын тыххӕй ницы аразын кӕны ӕмӕ нын афтӕ нӕ дзуры, хъуамӕ мӕ Хицауӕй равзарат, зӕгъгӕ. Уый адӕмӕн скодта диссаджы лӕвар – радта сын сӕрибардзинад, кӕнӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Цӕй ӕмӕ базонӕм, уый зынаргъ лӕвар цӕмӕн у.

УЫНАФФӔТӔ ХӔССЫНЫ БАР ДЫН КӔЙ ИС, УЫМӔЙ КУЫД СПАЙДА КӔНДЗЫНӔ?

19. Йегъовӕ нын цавӕр диссаджы лӕвар скодта? Уыцы лӕвары тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

19 Йегъовӕ нын уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй радта, уымӕй тынг хицӕн кӕнӕм цӕрӕгойтӕй. Уыдон архайынц инстинкттӕм гӕсгӕ, ома сын сӕ ӕрдзыхъӕд цы амоны, уымӕ гӕсгӕ. Уыдонӕй уӕлдай мах нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, куыд цӕрдзыстӕм, уый ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕви нӕ (Ӕмбисӕндтӕ 30:24). Стӕй роботты хуызӕн дӕр не стӕм. Роботтӕ фӕаразынц, сӕ программӕйы ӕвӕрд цы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Мах та нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдзыстӕм, не ’мбӕлттӕ чи уыдзысты ӕмӕ царды цавӕр фӕндаг равзардзыстӕм, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса!

20, 21. Дӕ бон цы уынаффӕтӕ рахӕссын у, уыдонӕй абон ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ цавӕр уыдзӕн?

20 Йегъовӕ у нӕ Фыд, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзӕм (Матфейы 22:37, 38). Фыдӕн ӕхсызгондӕр цы уыдзӕн: сывӕллон ын йӕхи зондӕй куы зӕгъа, уарзын дӕ, зӕгъгӕ, ӕви йын уыцы ныхӕстӕ исчи куы зӕгъын кӕна? Йегъовӕ нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг равзарӕм, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ. Хӕйрӕг, стӕй Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Ды та куыд спайда кӕндзынӕ, уынаффӕтӕ хӕссыны бар дын кӕй ис, уымӕй?

21 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайай, уӕд уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ. Цалдӕр милуан адӕймаджы аскъуыддзаг кодтой, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ кӕй слӕудзысты (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ныртӕккӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй цӕрай, адӕм зындзинӕдтӕ кӕм нал ӕвзардзысты, уыцы ног дунейы? Ацы фарстайӕн дзуапп ис иннӕ сӕры.

ЦЫ БАЗЫДТАМ

1. АДӔМЫ ЗЫНДЗИНӔДТЫ ХУЫЦАУ НӔУ АХХОСДЖЫН

«Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10)

Адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

  • 1 Иоанны 5:19

    Ацы дунейы хицау у Сайтан Хӕйрӕг.

  • Екклесиаст 8:9

    Бирӕтӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц иннӕ адӕмы аххосӕй.

  • Екклесиаст 9:11

    Адӕймагыл хатт исты бӕллӕх кӕнӕ исты ӕвзӕр хабар ӕрцӕуы, уыцы хабар куы ’рцыд, уыцы рӕстӕг уым кӕй уыд, уый тыххӕй.

  • 1 Петры 5:7

    Йегъовӕ адӕмы тынг уарзы. Ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый йын тынг зын у.

2. ХӔЙРӔГ СДЗЫРДДАГ КОДТА ЙЕГЪОВӔЙЫ ХИЦАУДЗИНАД

«Хуыцау зоны... уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:5)

Йегъовӕ Хӕйрӕджы уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта?

  • Райдиан 3:2–5

    Хӕйрӕг Хуыцауы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, ӕвзӕр хицау у. Уый фӕндыд, цӕмӕй адӕмы бауырныдтаид, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый скъуыддзаг кӕныны бар сын кӕй ис.

  • Иов 38:7

    Хӕйрӕг Йегъовӕйы хицаудзинад сдзырддаг кодта милуангай зӕдты раз.

3. РАБӔРӔГ, ХӔЙРӔГ МӔНГ НЫХӔСТӔ КӔЙ КОДТА

«Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23)

Адӕм уыйбӕрц рӕстӕг зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

  • Исай 55:9

    Адӕм алыхуызон хицаудзинад дӕр бафӕлвӕрдтой, фӕлӕ рабӕрӕг, ӕнӕ Хуыцауӕй сын кӕй ницы уайы.

  • 2 Петры 3:9, 10

    Йегъовӕ ӕвдисы фӕразондзинад. Уый рӕстӕг радта, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ нӕхицӕн Хицауӕй равзарӕм.

  • 1 Иоанны 3:8

    Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ Йесо фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, Хӕйрӕг цы зиан ӕрхаста, уымӕй.

4. ДӔ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ РАСТ СПАЙДА КӔН – ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДАЙ

«Зондджын у, мӕ хъӕбул... цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11)

Йегъовӕйы цӕуылнӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕвӕндонӕй лӕггад кӕнӕм?

  • Ӕмбисӕндтӕ 30:24

    Цӕрӕгойтӕ архайынц инстинкттӕм гӕсгӕ, адӕмӕн та Хуыцау радта уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Ӕмӕ нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ.

  • Матфейы 22:37, 38

    Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын