Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • rj 5 хай, 12–15 фф.
  • Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»
  • Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Раздӕхут мӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
  • Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн
    Зарут Йегъовӕйӕн!
  • Йегъовӕ дӕ тынг уарзы!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх
rj 5 хай, 12–15 фф.

ФӔНДЗӔМ ХАЙ

Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»

Ацы брошюрӕйы цы зындзинӕдты кой цӕуы, уыдон дын, мыййаг, зонгӕ сты? Кӕд о, уӕд иунӕг нӕ дӕ. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ раджы заманты дӕр ӕмбӕлдысты ахӕм зындзинӕдтыл, ӕмӕ абон дӕр ӕмбӕлынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы сӕ сӕрты ахызтысты, ӕмӕ дӕуӕн дӕр уый дӕ бон бауыдзӕн.

Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхай, уӕд дӕ фарсмӕ балӕудзӕн

ӔППЫНДӔР ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхай, уӕд дӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн. Баххуыс дын кӕндзӕн мӕт ӕмӕ сагъӕстимӕ тох кӕнынӕн. Кӕд дын исчи дӕ зӕрдӕ скъахта, уӕд дын дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ бадзӕбӕх кӕндзӕн. Стӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, ӕмӕ уӕд дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ зонды ногӕй фарн ӕрцӕрдзӕн. Ӕмӕ та дӕ уӕд ногӕй бафӕнддзӕн Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын. Дӕ уавӕр абарӕн уыдзӕн фыццаг ӕнусы чырыстӕтты уавӕримӕ. Апостол Петр сӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Сымах уыдыстут дзӕгъӕл фысты хуызӕн, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ» (1 Петры 2:25).

Кӕд дӕ фӕнды ныртӕккӕ царды хорзӕй исты саразын, уӕд Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх. Никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ! Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн стыр циндзинад ӕрхӕсдзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй, цы аразӕм, уый Йегъовӕйӕн кӕнӕ масты хос вӕййы, кӕнӕ – цины хос. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын йӕхи тыхӕй нӕ уарзын кӕны ӕмӕ нӕ йӕхицӕн тыхӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны (Дыккаг закъон 30:19, 20). Иу библииртасӕг уый афтӕ бамбарын кодта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы дуары хӕцӕн ӕддӕрдыгӕй нӕй – ӕрмӕстдӕр ӕй мидӕгырдыгӕй ис байгом кӕнӕн». Уыцы дуар байгом кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй йын скӕнӕм зынаргъ лӕвар – равдисӕм ын, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, ӕмӕ йын ӕрхӕссӕм, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад. Ӕцӕгдӕр, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у уый аккаг, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ йын куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд махӕй амондджындӕр нӕ вӕййы (Хъуыддӕгтӕ 20:35; Раргомад 4:11).

Ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цыд, ахӕм хойыл зӕрдиагӕй цин кӕнынц

Стӕй ногӕй ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын куы райдайай, уӕд та ӕмбардзынӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый, ӕмӕ иннӕ адӕмау рӕстдзинадӕй ӕххормаг нал уыдзынӕ (Матфейы 5:3). Ӕгас дунейы дӕр адӕм фӕхъуыды кӕнынц: «Цӕмӕн цӕрӕм?» Фӕнды сӕ царды ахсджиаг фарстатӕн дзуапп зонын, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ скодта. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ йын куы нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕцӕг амондджын никуы уыдзыстӕм. Ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн уымӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы, ӕмӕ Йегъовӕйӕн, кӕй йӕ уарзы, уый тыххӕй куы лӕггад кӕна (Псалом 63:1–5).

Зон ӕй: Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕн: ацы брошюрӕ чи цӕттӕ кодта, уыдон бирӕ фӕкуывтой ӕмӕ йыл бирӕ фӕфыдӕбон кодтой. Уый фӕстӕ дӕ къухмӕ бахауд, чи зоны дын ӕй ӕрбахаста хистӕр нӕлгоймӕгтӕй йе та хотӕй, ӕфсымӕртӕй чидӕр. Стӕй дӕ цыдӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ бакӕсай ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый дӕ зӕрдӕмӕ айсай. Ӕппӕт уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Рох нӕ, фӕлӕ ма дӕ фӕлмӕнӕй фӕстӕмӕ йӕхимӕ кӕны (Иоанны 6:44).

Йегъовӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны кӕй никуы ферох кӕны, уый нын хӕссы стыр удӕнцой. Нӕ хо Доннӕ уый йӕхиуыл бавзӕрста. Мӕнӕ куыд зӕгъы: «Сабыргай-сабыргай рӕстдзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл дӕн, фӕлӕ-иу арӕх хъуыды кодтон, 139 псаломы 23 ӕмӕ 24 стихты цы фыст ис, ууыл: „О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы, ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн“. Ӕз ӕй зыдтон, ацы дунеимӕ мын иумӕйагӕй кӕй ницы ис, мӕ бынат уым кӕй нӕй. Зыдтон ӕй, Йегъовӕйы организацийы кӕй хъуамӕ уон. Гыццылгай йӕ ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууагъта. Ӕрмӕстдӕр мӕ хъуыди, фӕстӕмӕ йӕм кӕуыл ӕрбаздӕхтаин, уыцы фӕндаг ссарын. Ӕмӕ куыд цин кӕнын, кӕй йӕ ссардтон!»

«Гыццылгай йӕ ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууагъта. Ӕрмӕстдӕр мӕ хъуыди, фӕстӕмӕ йӕм кӕуыл ӕрбаздӕхтаин, уыцы фӕндаг ссарын»

Мах зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй ды дӕр, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый» ногӕй банкъарай (Нееми 8:10). Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтӕ, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ!

Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уыдоны фарстатӕн дзуаппытӕ

ЦӔМӔЙ РАЙДАЙОН?

Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, ахӕм хо кӕсы Библи

Адӕймаг иу цасдӕр рынчын куы ахӕссы, уӕд стӕй йӕ къахыл уайтагъд не слӕууы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр раздӕрау кӕнын нӕ райдайы. Афтӕ дӕуӕн дӕр уайтагъд алцы нӕ уайдзӕн, фӕлӕ ма тыхс. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй алы бон дӕр иу гыццыл уӕддӕр дӕхи куы ӕфсадай, уӕд та дӕм ногӕй хъарутӕ фӕзындзӕн. Чи зоны, дӕ бон у иу цалдӕр минуты Библи кӕсын кӕнӕ йын йӕ аудиозаписьмӕ хъусын, нӕ публикацитӕй искӕцы иртасын кӕнӕ, нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уымӕ ӕркӕсын. Уымӕй уӕлдай, ӕвӕстиатӕй бацархай, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ацӕуай. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та – Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

«Ӕмбырдтӕм куы нал цыдтӕн, уӕд мӕм кувын дӕр худинаг каст. Фӕлӕ уӕддӕр мӕхимӕ уыцы ныфс ссардтон, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывтон. Уымӕй цасдӕры фӕстӕ иу хистӕр нӕлгоймагыл фембӕлдтӕн. Уый мын бамбарын кодта, Йегъовӕ мыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта. Стӕй мын уынаффӕ радта, зӕгъгӕ, дам, алы бон дӕр Библи кӕс. Ӕмӕ йӕ куы райдыдтон кӕсын, уӕд мӕм хъару фӕзынд, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтаин. Цасдӕры фӕстӕ уацамынды цӕуын дӕр райдыдтон. Куыд амондджын дӕн, Йегъовӕ мыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта» (Эвӕ).

ӔМБЫРДЫ МӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ РАКӔСДЗЫСТЫ?

Се ’ппӕт дӕр дыл тынг бацин кӕндзысты. Уайдзӕфтӕ дын нӕ кӕндзысты, фӕлӕ дӕ сӕ уарзтӕй батавдзысты ӕмӕ сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзысты, цӕмӕй дын дӕ ныфсыл ныфс бафтауой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

«Паддзахады залмӕ бацӕуын мӕм афтӕ зын каст, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Хъуыды кодтон, цымӕ мӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, зӕгъгӕ. 30 азы размӕ дӕр ӕмбырды чи уыд, иу ахӕм ацӕргӕ хо мын загъта: „Хъӕбул, ӕгас цу дӕ хӕдзармӕ!“ Уыцы ныхас мын мӕ зӕрдӕ бацагайдта. Ӕз ӕцӕгдӕр ӕрбаздӕхтӕн мӕ хӕдзармӕ!» (Хавьер).

«Ӕмбырдмӕ куы бацыдтӕн, уӕд ӕппӕты фӕстейӕ сбадтӕн, цӕмӕй мӕ мачи федтаид. Фӕлӕ, гыццылӕй ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый бирӕтӕ хъуыды кодтой ӕмӕ мӕ базыдтой. Афтӕ тынг мыл бацин кодтой ӕмӕ мын ахӕм зӕрдиаг хъӕбыстӕ фӕкодтой, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма мӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтӕн» (Марко).

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ МЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ?

Демӕ уыдзысты хӕларзӕрдӕ. Раппӕлдзысты дӕ, кӕй дӕ фӕнды, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый» зынг ногӕй ссудзын (Раргомад 2:4). «Фӕлмӕнӕй» дын баххуыс кӕндзысты, цы рӕдыдтытӕ ӕруагътай, уыдон сраст кӕнынӕн (Галатӕгтӕм 6:1; Ӕмбисӕндтӕ 28:13). Чи зоны, искӕмӕн зӕгъой, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕна, зӕгъӕм, чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» кӕнӕ «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕ алы къахдзӕфыл дӕр уыдзысты дӕ фарсмӕ, ныфс дӕ уадздзысты ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзысты (Исай 32:1, 2).

«Аст азы дӕргъы ӕмбырдтӕм нӕ цыдтӕн, ӕмӕ уал азы дӕргъы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй мын баххуыс кодтаиккой. Иу бон мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕ иу равдыста, иумӕ ист кӕм уыдыстӕм, ахӕм къамтӕ, ӕмӕ уыцы диссаджы рӕстӕг мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Ӕрхъуыды кодтон, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ куыд цин кодтон, уый, ӕмӕ та мӕ бафӕндыд уыцы циндзинад банкъарын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын фӕлмӕнӕй баххуыс кодтой, цӕмӕй та Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайын райдыдтаин» (Виктор).

«Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн»

Дыууӕ хойы ӕмбырды иу зарджыты чиныгӕй зарынц

Нӕ зарджыты чиныджы, «Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!», зӕгъгӕ, ис, адӕймагӕн удӕнцой чи хӕссы ӕмӕ дзы ныфс чи бауадзы, бирӕ ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ зарджытӕ. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та ногӕй Хуыцауы хъуыддӕгты архайын райдайай. Ӕркӕсӕм дзы иумӕ, 38 зарӕгмӕ. Арӕзт у 1 Петры 5:10 стихы фыст ныхӕстыл. Хуыйны «Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн».

  1. Йӕ рухсмӕ дӕу Хуыцау ӕрбахуыдта, ӕмӕ

    Цӕуыс рӕстдзинады фӕндагыл ныр.

    Дӕ зӕрдӕ дын уыдта – фӕндыд дӕу рагӕй дӕр

    Хуыцауы ссарын ’мӕ рӕстӕй цӕрын.

    Ды загътай уӕд: «Дӕуӕн цӕрдзынӕн ӕз».

    Хуыцау дын алкӕддӕр кӕндзӕн ӕххуыс!

  2. Хуыцау дӕ балхӕдта ыстыр аргъӕй кӕддӕр –

    Нӕ бавгъау кодта иунӕг Фырты уый.

    Фӕнды йӕ тынг, цӕмӕй ӕнтыстджын алкӕд уай,

    Тыхтӕ ӕмӕ дын хъарутӕ дӕтты.

    Нӕ уыдзӕн рох дӕ фыдӕбон, дӕ уарзт –

    Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн дӕ зынаргъ.

    БАЗАРД

    Хуыцау йӕ Фырты радта, цӕмӕй уа цард дӕуӕн.

    Уыдзӕн Хуыцау дӕ ныфс, дӕу бафидар кӕндзӕн.

    Дӕ разӕй уый цӕудзӕни, уый дӕ мӕсыг уыдзӕн.

    Дӕуӕн уыдзӕн дӕ ныфс, дӕу бафидар кӕндзӕн.

Цӕмӕй нӕ зарджыты чиныгӕй ацы зарӕгмӕ ӕмӕ иннӕ зарджытӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл байхъусай, уый тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын