7 ФАРСТА
Искӕй мемӕ ӕмуат ӕрцӕуын куы фӕнда, уӕд куыд бакӕнон?
ДЫ КУЫД БАКӔНИС?
Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Хэзер Майкимӕ базонгӕ ис дыууӕ мӕйы размӕ, фӕлӕ йӕ цыма рагӕй дӕр зоны, афтӕ йӕм кӕсы. Ӕдзухдӕр кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ фӕфыссынц, телефонӕй сахатгай фӕныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ иу йӕ ныхас кӕронмӕ нӕма фӕвӕййы, афтӕ йӕ иннӕ бамбары!
Фӕстаг дыууӕ мӕйы Майк ӕмӕ Хэзер сӕ кӕрӕдзийы къухтыл хӕцыдысты ӕмӕ-иу искуы иухатт кӕрӕдзийӕн апъа кодтой. Фӕлӕ ныр Майкӕн уыдӕттӕ фаг нал сты. Хэзеры та нырма уымӕй дарддӕр ницы фӕнды. Фӕлӕ йӕ Майк ныууадза, уый дӕр ӕй нӕ фӕнды. Афтӕ хорз ын никӕимӕ вӕййы. Хэзер хъуыды кӕны: «Цӕй, Майкимӕ кӕрӕдзийӕн исчи дӕр не стӕм».
Кӕд уыцы кары дӕ, ӕмӕ дӕ бон у искӕимӕ ӕмбӕлын райдайын, уӕд Хэзеры бынаты куыд бакӕнис?
ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!
Ӕмуат ӕрцӕуын у Хуыцауы лӕвар, фӕлӕ ӕрмӕст лӕг ӕмӕ усӕн. Бинонтӕ скӕныны размӕ ӕмуат чи ӕрцӕуы, уыдон уыцы лӕварӕн нӕ аргъ кӕнынц. Уый абарӕн ис, кӕй дын балӕвар кодтой, уыцы рӕсугъд дзаумайӕ рыгсӕрфӕн куыд скӕнай, уыимӕ
Ӕрдзы закъӕттӕ куы ницӕмӕ дарай ӕмӕ, зӕгъӕм, бӕласӕй куы рагӕпп кӕнай, уӕд цъиуау нӕ атӕхдзынӕ, фӕлӕ дӕ тъӕпп зӕххыл фӕцӕудзӕн. Ӕмӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн, Хуыцауы закъӕттӕ куы ницӕмӕ дарай, уӕд дӕр, зӕгъӕм, ацы закъон куы фехалай: «Хӕтындзинадӕй уӕхи хизут» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3).
Ацы закъонмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы? Библийы фыст ис: «Хӕтгӕ чи кӕны, уый... йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Цымӕ ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?
Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, бинонтӕ скӕныны размӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, ахӕм ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ бавзарынц, дӕлдӕр цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй ӕппынкъаддӕр иу.
ФӔФӔСМОН КӔНЫНЦ. Бинонтӕ скӕныны размӕ ӕмуат чи ’рцыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр фӕзӕгъынц, ууыл кӕй фӕсмон кӕнынц.
КӔРӔДЗИЙЫЛ НАЛ ФЕУУӔНДЫНЦ. Лӕппу ӕмӕ чызг ӕмуат куы ’рцӕуынц, уӕд сӕ дыууӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц: «Цымӕ ма ноджыдӕр кӕимӕ уыди?»
ФӔСАЙДЫ ВӔЙЙЫНЦ. Бирӕ чызджыты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ дзаумайау пайда кӕной, фӕлӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ уарзой ӕмӕ сыл тыхсой. Лӕппутӕй та бирӕтӕ фӕзӕгъынц, семӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл цы чызг сразы вӕййы, уымӕн йӕ кад сӕ цӕсты кӕй ӕрхауы.
Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн: бинонтӕ скӕныны размӕ искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуай, уӕд дӕхи фӕхудинаг кӕндзынӕ (Ромӕгтӕм 1:24). Дӕ кад дӕлӕмӕ ма ’руадз!
Бӕрӕг уӕд, уыцы тыхтӕ дӕм кӕй ис, цӕмӕй дӕхи «хӕтындзинадӕй... бахизай» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3). Дӕхи бинонтӕ дын куы фӕзына, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ цардӕмбалимӕ ӕмуат ӕрцӕуын. Ӕмӕ уӕд фӕсмон ницӕуыл кӕндзынӕ, стӕй дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзыстут (Ӕмбисӕндтӕ 7:22, 23; 1 Коринфӕгтӕм 7:3).
КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?
Ӕцӕгӕй дӕ чи уарза, уый дӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй бафхӕрдзӕн?
Хуыцауӕй цӕй тыххӕй адард уыдзынӕ, ахӕмӕй дын исты аразын кӕндзӕн? (Дзуттӕгтӕм 13:4).