Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 5 сӕр, 18 ф.–19 ф., 5 абз.
  • Ной сарӕзта нау

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ной сарӕзта нау
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ной аразы нау
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Уый «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 5 сӕр, 18 ф.–19 ф., 5 абз.
Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ нау аразынц

5 СӔРГОНД

Ной сарӕзта нау

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ зӕххыл адӕм сбирӕ сты. Фӕлӕ сӕ фылдӕр ӕвзӕр уыдысты. Суанг ма уӕлӕрвты дӕр иуӕй-иу зӕдтӕ ӕвзӕр систы. Уыдон уӕлӕрвты сӕ хӕдзар ныууагътой ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты. Афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый зоныс? Цӕмӕй адӕмы хуызӕн суыдаиккой ӕмӕ сӕхицӕн устытӕ ракуырдтаиккой.

Уыцы зӕдтӕ цы сылгоймӕгты ракуырдтой, уыдонӕн райгуырд лӕппутӕ. Лӕппутӕ куы сыстыр сты, уӕд систы тынг тыхджын. Уыдон адӕмӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ сын бирӕ ӕвзӕр митӕ кодтой. Фӕстӕдӕр адӕм иууылдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын райдыдтой. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, уыцы хабарӕн кӕрон скӕнын кӕй хъӕуы. Уый сфӕнд кодта ӕвзӕр адӕмы Доны хъаймӕты фесафын.

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ нау аразынц ӕмӕ хӕринаг ӕмбырд кӕнынц

Фӕлӕ уыцы рӕстӕг царди, иннӕтӕй чи хицӕн кодта, ахӕм адӕймаг. Йӕ ном хуынди Ной. Уыди йын ус ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы – Сим, Хам ӕмӕ Иафет. Уыдонӕн дӕр уыди устытӕ. Йегъовӕ Нойӕн бахӕс кодта стыр нау саразын, цӕмӕй йӕ бинонтӕ Доны хъаймӕты аирвӕзтаиккой. Уыцы нау хъуамӕ уыдаид тынг стыр къоппы хуызӕн ӕмӕ хъӕдӕй конд, ӕмӕ хъуамӕ доныл ленк кодтаид. Йегъовӕ ма Нойӕн бахӕс кодта наумӕ алыхуызон цӕрӕгойты бакӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр аирвӕзтаиккой.

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ уайтагъд райдыдтой нау аразын, ӕмӕ йӕ арӕзтой 50 азы бӕрц. Уыдон ӕй сарӕзтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр бацамыдта, афтӕ. Уыцы рӕстӕг ма Ной адӕмӕн дзырдта, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕм ничи хъуыста.

Ӕмӕ рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй наумӕ бацыдаиккой. Цӕй ӕмӕ базонӕм, дарддӕр цы ’рцыд, уый.

«Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матфейы 24:37)

Фарстатӕ. Йегъовӕ адӕмы Доны хъаймӕты фесафын цӕмӕн сфӕнд кодта? Йегъовӕ Нойӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта?

Райдиан 6:1–22; Матфейы 24:37–41; 2 Петры 2:5; Иудӕ 6

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын