Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 8 сӕр, 26 ф.–27 ф., 1 абз.
  • Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи уыд Авраам?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Авраам – Хуыцауы хӕлар
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 8 сӕр, 26 ф.–27 ф., 1 абз.
Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ дзаумӕттӕ ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй Урӕй ацӕуой

8 СӔРГОНД

Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой

Вавилонмӕ хӕстӕг уыд горӕт Ур. Уым адӕм Йегъовӕйӕн нӕ куывтой, фӕлӕ бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн. Фӕлӕ дзы царди, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн чи куывта, ахӕм адӕймаг. Йӕ ном хуынди Авраам.

Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ныууадз дӕ хӕдзар ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу». Стӕй йын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕм, ӕмӕ дӕ фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзысты».

Авраам нӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕдӕм ӕрвиты, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Гъемӕ Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ, стӕй йӕ фыд Фаррӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лот сӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ дард фӕндагыл ацыдысты.

Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Йегъовӕ сӕ цы зӕхмӕ кодта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраамыл цыди 75 азы. Уыцы зӕхх хуынди Ханаан. Уым Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ацы зӕхх иууылдӕр ратдзынӕн дӕ сывӕллӕттӕн». Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, стӕй уыдысты зӕронд. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕ йӕ ныхас куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид?

Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ фӕцӕуынц Ханааны зӕхмӕ

«Авраам... йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр» (Дзуттӕгтӕм 11:8)

Фарстатӕ. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Авраам цы хъуамӕ сарӕзтаид? Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

Райдиан 11:29–12:9; Хъуыддӕгтӕ 7:2–4; Галатӕгтӕм 3:6; Дзуттӕгтӕм 11:8

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын