Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 9 сӕр, 28 ф.–29 ф., 1 абз.
  • Лӕппу сын райгуырд!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Лӕппу сын райгуырд!
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау загъта, паддзӕхтӕ дзы кӕй рацӕудзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Чи уыд Авраам?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 9 сӕр, 28 ф.–29 ф., 1 абз.
Зӕдтӕ Авраамимӕ ныхас кӕнынц, Саррӕ та сӕм цатырӕй хъусы

9 СӔРГОНД

Лӕппу сын райгуырд!

Авраам ӕмӕ Саррӕ иумӕ бирӕ фӕцардысты. Уры сын цы дзӕбӕх хӕдзар уыд, уый ныууагътой ӕмӕ цатырты цӕрын райдыдтой. Фӕлӕ Саррӕ хъуыр-хъуыр ницӕуыл кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕмӕ куы хъусой, уӕд алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн.

Саррӕйы тынг фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллон уыдаид, ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕгӕн, Агарӕн, дӕуӕй сывӕллон куы райгуырид, уӕд мын мӕхи хъӕбулы хуызӕн уаид». Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Агарӕн райгуырд лӕппу. Йӕ ном хуынди Измаил.

Саррӕ у сывӕрджын

Бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд иу бон Аврааммӕ ӕрбацыд ӕртӕ уазӕджы. Авраамыл уӕд цыди 99 азы, Саррӕйыл та – 89 азы. Авраам сӕ бӕласы бын ӕрбадын кодта ӕмӕ сын сӕ разы фынг ӕрӕвӕрдта. Уыцы уазджытӕ чи уыдысты, уый зоныс? Уыдон уыдысты зӕдтӕ! Зӕдтӕ Авраамӕн загътой: «Иннӕ аз уын ацафон райгуырдзӕн лӕппу». Саррӕ та уыцы рӕстӕг уыд цатыры ӕмӕ сӕм сусӕгӕй хъуыста. Саррӕ ныххудт ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Зӕронд куы дӕн, уӕд ма мын сывӕллон куыд райгуырдзӕн?»

Иннӕ аз Саррӕйӕн райгуырд лӕппу, Йегъовӕйы зӕд куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Авраам ӕй схуыдта Исахъ. Уыцы ном нысан кӕны «худын».

Исахъыл иу-фондз азы куы цыди, уӕд дзы Измаил арӕх хынджылӕг кодта. Саррӕ уый уыдта, ӕмӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй Агары ӕмӕ йӕ лӕппу Измаилы сӕ хӕдзарӕй арвыстаид. Авраамы уый нӕ фӕндыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд Исахъы Измаилӕй бахъахъхъӕнын, ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Саррӕмӕ байхъус. Ӕз Измаилӕн ӕххуыс кӕндзынӕн. Зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый та сӕххӕст кӕндзынӕн Исахъы фӕрцы».

Агар ӕмӕ Измаил фӕцӕуынц, Саррӕ та Исахъыл хӕцы

«Саррӕйӕн... йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг рацӕуа, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:11)

Фарстатӕ. Зӕдтӕ Авраамӕн цы загътой? Йегъовӕ Исахъы куыд бахъахъхъӕдта?

Райдиан 16:1–4, 15, 16; 17:25–27; 18:1–15; 21:1–14; Дзуттӕгтӕм 11:11

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын