Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 11 сӕр, 32 ф.–33 ф., 2 абз.
  • Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Чи уыд Авраам?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 11 сӕр, 32 ф.–33 ф., 2 абз.
Авраам ӕмӕ Исахъ Мориайы хохмӕ фӕцӕуынц

11 СӔРГОНД

Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста

Авраам Исахъӕн арӕх дзырдта, адӕймаг Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарза ӕмӕ йын йӕ алы ныхасыл кӕй хъуамӕ ӕууӕнда. Фӕлӕ Исахъыл иу-25 азы куы цыд, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй иу хъуыддаг сарӕзтаид. Уыцы хъуыддаг ӕнцон саразӕн нӕ уыд. Цымӕ цы уыд?

Хуыцау Авраамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ дӕ фырты акӕн ӕмӕ йӕ Мориайы хохыл нывондӕн ӕрхӕсс». Авраам ӕй не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын уыцы хъуыддаг цӕмӕн аразын кӕны, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста.

Дыккаг бон райсомӕй раджы Авраам Исахъы ӕмӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы йемӕ ракодта ӕмӕ Мориайы хохырдӕм ацыдысты. Ӕртӕ боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм дардӕй хӕхтӕ разындысты. Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ Исахъимӕ хохыл нывонд не ’рхӕссой, уӕдмӕ. Авраам Исахъӕн сугтӕ ахӕссын кодта, йӕхӕдӕг та кард ахаста. Исахъ ӕй бафарста: «Нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уыцы фыс та кӕм ис?» Авраам ын загъта: «Мӕ лӕппу, Йегъовӕ нын ӕй ратдзӕн».

Хохмӕ куы ссыдысты, уӕд дзы нывондхӕссӕн сарӕзтой. Стӕй Авраам Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сбаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл схуыссын кодта.

Исахъ нывондхӕссӕныл хуыссы, Авраамӕн та йӕ къухы ис кард

Авраам кард куы систа, уӕд ӕм уӕлӕрвтӕй Йегъовӕйы зӕд ӕрдзырдта: «Авраам! Лӕппумӕ ма бавнал! Ныр ӕй зонын, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ цӕттӕ уыдтӕ дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ». Стӕй Авраам федта, йӕ сыкъатӕй пыхсыты чи стыхст, ахӕм фыры. Уӕд Авраам уайтагъд Исахъы суӕгъд кодта ӕмӕ уыцы фыры нывондӕн ӕрхаста.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Авраамы хуыдта йе ’мбал. Зоныс, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Авраам алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ йын цы дзырдта, уый. Ӕмӕ-иу кӕд иуӕй-иу хатт не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын цыдӕр цӕмӕн аразын кӕны, уый, уӕддӕр йӕ коммӕ каст.

Авраам Исахъӕн йӕ къухтӕ уӕгъд кӕны

Йегъовӕ та Авраамӕн ногӕй зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ – дӕуӕй чи рацӕуа, уыдон – сбирӕ уыдзысты». Йегъовӕ ма загъта, фидӕны Авраамы байзӕддаджы фӕрцы хорз адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн.

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16)

Фарстатӕ. Авраам куыд равдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый? Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

Райдиан 22:1–18; Дзуттӕгтӕм 11:17–19; Иаковы 2:21–23

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын