Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 14 сӕр, 40 ф.–41 ф., 1 абз.
  • Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъар
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 14 сӕр, 40 ф.–41 ф., 1 абз.
Иосиф Потифары усӕй фӕлидзы

14 СӔРГОНД

Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъар

Иосиф уыди Иаковы кӕстӕр фырттӕй сӕ иу. Йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд ӕй уыдонӕй фылдӕр кӕй уарзы. Куыд хъуыды кӕныс, уый сын ӕхсызгон уыди? Кӕцӕй! Ӕмӕ уый тыххӕй Иосифмӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ дзы сӕ удхӕссӕг уыдтой. Иухатт Иосиф федта ӕнахуыр фынтӕ ӕмӕ сӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта. Уыцы фынтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йын иу бон йе ’фсымӕртӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акувдзысты. Ӕмӕ дзы ныр бынтондӕр сӕ удхӕссӕг федтой!

Иосифы йе ’фсымӕртӕ дзыхъмӕ ӕппарынц

Иу бон Иосифы ӕфсымӕртӕ горӕт Сихеммӕ хӕстӕг фыстӕ куы хызтой, уӕд сӕм Иаков Иосифы арвыста, ацу ӕмӕ сӕ фен, зӕгъгӕ. Йе ’фсымӕртӕ йӕ дардӕй куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ уыцы фынтӕуынӕг ӕрбацӕуы. Амарӕм ӕй!» Уыдон ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ арф дзыхъхъы ныппӕрстой. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕй сӕ иу, Иудӕ, загъта: «Ма йӕ амарут! Фӕлтау ӕй цагъарӕй ауӕй кӕнӕм!» Ӕмӕ йӕ уӕд дыууын ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой, Мадиамы зӕххӕй чи уыд ӕмӕ сӕ рӕзты Египетмӕ чи фӕцӕйцыд, уыцы уӕйгӕнджытӕн.

Стӕй Иосифы уӕлӕдарӕс сӕгъы туджы сӕвдылдтой ӕмӕ йӕ сӕ фыдмӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: «Ацы уӕлӕдарӕс дӕ фырты нӕу?» Иаков афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Иосифы цавӕрдӕр хъӕддаг сырд бахордта. Йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст. Ӕмӕ йӕ кӕд иннӕтӕ сабыр кодтой, уӕддӕр тынг хъыг кодта.

Иосиф ахӕстоны

Египеты Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой иу стыр хицауӕн, Потифарӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ Иосифӕн ӕххуыс кодта. Потифар федта, Иосиф хорз кусӕг кӕй у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ йӕ Потифар йӕ хӕдзары хистӕрӕй сӕвӕрдта.

Иосиф уыди рӕсугъд ӕмӕ тыхджын лӕппу, ӕмӕ Потифары усӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Алы бон дӕр Иосифӕн дзырдта, цӕмӕй йемӕ схуыссыдаид. Цымӕ Иосиф та куыд бакодта? Уый йын загъта: «Нӕ! Уый раст нӕу. Мӕ хицау мыл ӕууӕнды, ды та йӕ ус дӕ. Ӕз демӕ куы схуыссон, уӕд Хуыцауы раз тӕригъӕд сараздзынӕн!»

Иу бон Потифары ус Иосифӕн йӕ уӕлӕдарӕсыл ныххӕцыд, мемӕ схуысс, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы Иосиф алыгъд. Потифар хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ӕй йӕ ус асайдта, Иосиф мӕ йемӕ тыхӕй хуыссын кодта, зӕгъгӕ. Потифар тынг смӕсты, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны сбадын кодта. Фӕлӕ Йегъовӕ Иосифы нӕ ферох кодта.

«Уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн» (1 Петры 5:6)

Фарстатӕ. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ цы зӕрдӕ дардтой? Иосифы ахӕстоны цӕй тыххӕй сбадын кодтой?

Райдиан 37:1–39:23; Хъуыддӕгтӕ 7:9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын