Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 25 сӕр, 64 ф.–65 ф., 3 абз.
  • Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатыр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатыр
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Цатыр кувынӕн
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... уыд»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 25 сӕр, 64 ф.–65 ф., 3 абз.
Цатыр ӕмӕ йӕ кӕрт

25 СӔРГОНД

Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатыр

Моисей Синайы хохыл куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй сарӕзтаид, израилӕгтӕ йын кӕм куывтаиккой, ахӕм цатыр. Израилӕгты-иу ӕндӕр ранмӕ ацӕуын куы хъуыдаид, уӕд-иу ӕй сӕ бон уыдаид семӕ ахӕссын.

Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй баххуыс кӕной цатыр саразынӕн». Израилӕгтӕ ӕрбахастой сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, зынаргъ дуртӕ, стӕй алыхуызон аивгӕнӕнтӕ. Ӕрбахастой ма къуымбил, кӕттаг, фосы цӕрмттӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Израилӕгтӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ ӕрбахастой, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Фаг нӕм ис. Мацыуал хӕссут».

Израилӕгтӕ, цы сӕм ис, уымӕй ӕххуыс кӕнынц цатыр саразынӕн

Нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй алыхуызон куыстытӕм чи арӕхст, уыдон иууылдӕр ӕххуыс кодтой цатыр аразынӕн. Йегъовӕ сын зонд лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ куыст хорз кодтаиккой. Чидӕртӕ сӕ ӕлвисгӕ кодтой, чидӕртӕ – уафгӕ, чидӕртӕ та хъуымацыл ӕндахӕй нывтӕ кодтой. Иннӕтӕ та зынаргъ дуртӕ ӕвӕрдтой, сызгъӕринӕй цыдӕртӕ арӕзтой кӕнӕ хъӕдӕрмӕгыл алыхуызон нывтӕ къахтой.

Израилӕгтӕ цатыр сарӕзтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Цатырӕн скодтой, дыууӕ хайыл ӕй чи дих кодта, ахӕм рӕсугъд ӕмбӕрзӕн. Цатырӕн йӕ иу хай хуынди «Сыгъдӕг бынат», иннӕ хай та – «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат». Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты уыди бадзырды чырын. Конд уыди акъаци бӕласӕй ӕмӕ сызгъӕринӕй. Сыгъдӕг бынаты та уыд сызгъӕрин цырагъдарӕн, стъол ӕмӕ, хӕрздӕф буд кӕм сыгътой, ахӕм нывондхӕссӕн. Кӕрты уыд ӕрхуы аг ӕмӕ стыр нывондхӕссӕн. Бадзырды чырын израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзыстӕм. Бадзырд цы у, уый зоныс? Зӕгъӕм, дыууӕ адӕймаджы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттынц, уӕд уый фӕхонынц бадзырд.

Йегъовӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты равзӕрста, цӕмӕй цатыры сауджынтӕй лӕггад кодтаиккой. Уыдон хъуамӕ цатырмӕ зылдаиккой ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастаиккой. Ӕрмӕстдӕр Ааронӕн, хистӕр сауджынӕн, уыд уый бар, цӕмӕй-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацыдаид. Уырдӕм-иу бацыд афӕдз иу хатт ӕмӕ-иу нывонд ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ бинонты тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй ӕнӕхъӕн Израилы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.

Израилӕгтӕ цатыр арӕзт фесты, Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй иу аз куы рацыд, уӕд. Ӕмӕ сын ныр уыд, Йегъовӕйӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм бынат.

Йегъовӕ цатыры сӕрмӕ мигъ фӕзынын кодта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цатырӕй райгонд кӕй у. Цалынмӕ-иу уыцы мигъ цатыры сӕрмӕ лӕууыд, уӕдмӕ-иу израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ нӕ ацыдысты. Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу израилӕгтӕ зыдтой, цӕуын сӕ кӕй хъӕуы, уый. Цатыр-иу систой ӕмӕ-иу мигъы фӕстӕ ацыдысты.

«Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ“» (Раргомад 21:3)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Моисейӕн цы бахӕс кодта? Йегъовӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты цавӕр хъуыддагӕн равзӕрста?

Рацыд 25:1–9; 31:1–11; 40:33–38; Дзуттӕгтӕм 9:1–7

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын