Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 27 сӕр, 68 ф.–69 ф., 2 абз.
  • Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Корей Моисейы ӕмӕ Аароны ныхмӕ рацыд
    Нывтӕй конд радзырдтӕ
  • Йегъовӕ дӕ зоны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 27 сӕр, 68 ф.–69 ф., 2 абз.
Корей ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдон Моисей ӕмӕ Аароны раз лӕууынц

27 СӔРГОНД

Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты

Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд иухатт Корей, Дафан, Авирон ӕмӕ ма 250 адӕймаджы Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон ын загътой: «Кӕдмӕ ма уыдзӕн афтӕ! Ды цӕмӕн хъуамӕ уай нӕ разамонӕг, Аарон та – хистӕр сауджын? Йегъовӕ ӕрмӕст демӕ ӕмӕ Ааронимӕ нӕй, фӕлӕ не ’ппӕтимӕ дӕр». Уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Йегъовӕ уый афтӕ банымадта, цыма йын йӕхи ныхмӕ рацыдысты!

Моисей Корейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи рахӕцыд, уыдонӕн загъта: «Райсом Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбацӕут. Уӕ зынгхӕссӕнты буд ныккӕнут ӕмӕ сӕ уемӕ ӕрбахӕссут. Йегъовӕ равдисдзӕн, кӕй равзӕрста, уый».

Дыккаг бон Корей ӕмӕ йемӕ 250 адӕймаджы Йегъовӕйы цатыры раз Моисеимӕ фембӕлдысты. Уым сӕ буд ссыгътой, цыма сауджынтӕ уыдысты, уыйау. Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Иуварс ацӕут Корей ӕмӕ йӕ адӕмӕй».

Корейӕ уӕлдай Дафаны, Авироны ӕмӕ сӕ бинонты Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй иуварс ацыдаиккой. Ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр уайтагъд иуварс ацыдысты. Дафан, Авирон ӕмӕ сӕ бинонтӕ та лӕууыдысты сӕ цатырты раз. Ӕвиппайды зӕхх сӕ къӕхты бын байгом, ӕмӕ зӕххы бын фесты! Стӕй уӕларвӕй арт рацыд ӕмӕ Корейы ӕмӕ, йемӕ цы 250 адӕймаджы уыд, уыдоны аныхъуырдта.

Зӕхх дыууӕ дихы фӕци ӕмӕ Дафаны, Авироны ӕмӕ сӕ бинонты аныхъуырдта

Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Алы мыггаджы хистӕрӕй дӕр райс лӕдзӕг ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр ныффысс мыггаджы хистӕры ном. Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Мӕ цатырмӕ сӕ бахӕсс, ӕмӕ, кӕй равзарон, уымӕн йӕ лӕдзӕг дидинӕг рафтаудзӕн».

Дыккаг бон Моисей лӕдзджытӕ цатырӕй рахаста ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕн равдыста. Аароны лӕдзӕгыл фӕзынд дидинджытӕ ӕмӕ цӕттӕ миндалтӕ. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, хистӕр сауджынӕй Аароны кӕй равзӕрста.

«Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзуттӕгтӕм 13:17)

Фарстатӕ. Корей ӕмӕ иннӕтӕ Моисейы ныхмӕ цӕмӕн рацыдысты? Йегъовӕ хистӕр сауджынӕй Аароны кӕй равзӕрста, уый кӕцӕй зонӕм?

Нымӕцтӕ 16:1–17:13; 26:9–11; Псалом 106:16–18

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын