Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 31 сӕр, 78 ф.
  • Йесо Навин ӕмӕ Гаваоны цӕрджытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо Навин ӕмӕ Гаваоны цӕрджытӕ
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зондджын гаваойнӕгтӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хур ӕрлӕууыд
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо Навины чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йӕ ныхасӕн хицау у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 31 сӕр, 78 ф.
Гаваойнӕгтӕ сӕ уӕлӕ зӕронд дзаумӕттӕ скодтой; ныхас кӕнынц Йесо Навин ӕмӕ йе ’фсӕддонтимӕ

31 СӔРГОНД

Йесо Навин ӕмӕ Гаваоны цӕрджытӕ

Иерихоныл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй фехъуыстой ӕнӕхъӕн Ханааны цӕрӕг адӕмтӕ. Ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ сфӕнд кодтой израилӕгтимӕ схӕцын. Фӕлӕ сӕм Гаваоны цӕрджытӕ не ’рбаиу сты. Уыдон сӕ уӕлӕ зӕронд дзаумӕттӕ скодтой ӕмӕ Йесо Навинмӕ ацыдысты. Куы ныххӕццӕ сты, уӕд ын загътой: «Мах ӕрцыдыстӕм дард бӕстӕйӕ. Мах фехъуыстам Йегъовӕйы тыххӕй, стӕй уын Египеты ӕмӕ Моавы зӕххыл куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Дзырд нын раттут, нӕ ныхмӕ кӕй нӕ рацӕудзыстут, ӕмӕ уын уӕд мах лӕггад кӕндзыстӕм».

Йесо Навин сыл баууӕндыд ӕмӕ сын дзырд радта, сӕ ныхмӕ сын кӕй нӕ рацӕудзысты. Ӕртӕ боны фӕстӕ рабӕрӕг, ӕцӕгӕй дард бӕстӕйӕ кӕй нӕ уыдысты. Уыдон дӕр Ханааны зӕххӕй уыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо Навин бафарста: «Цӕмӕн нӕ асайдтат?» Гаваойнӕгтӕ йын загътой: «Мах фӕтарстыстӕм! Мах зонӕм, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ сӕрыл кӕй тох кӕны. Уӕ хорзӕхӕй, ма нӕ амарут». Йесо Навин йӕ ныхас нӕ фӕсайдта, ӕмӕ сӕ удӕгасӕй ныууагъта.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ханаайнаг паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ гаваойнӕгты ныхмӕ рацыдысты. Уӕд Йесо Навин ӕмӕ йе ’фсад ӕнӕхъӕн ӕхсӕв гаваойнӕгты зӕхмӕ фӕцыдысты, цӕмӕй сӕ сӕрыл рахӕцыдаиккой. Дыккаг бон райсомӕй раджы израилӕгты ӕфсад ханаайнӕгты ӕфсадимӕ схӕцыд. Ханаайнӕгтӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ аирвӕзтысты – Йегъовӕ сыл арвӕй стыр дуртӕ ныккалдта. Стӕй Йесо Навин Йегъовӕйӕ ракуырдта, цӕмӕй хур ӕрлӕууын кодтаид. Цымӕ дзы ахӕм диссаг кӕй ракуырдта, уый цӕуыл дзурӕг уыд? Йӕ зӕрдӕ йыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй дардта, ууыл. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр хур ӕрлӕууын кодта! Ӕмӕ цалынмӕ израилӕгтӕ се знӕгты нӕ ныццагътой, уӕдмӕ хур ӕнӕхъӕн бон йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлыд.

Йесо Навин арвмӕ кӕсы ӕмӕ Йегъовӕйӕ куры, цӕмӕй хур ӕрлӕууын кӕна

«„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“. Уымӕй уӕлдай цы зӕгъат, уый та у Фыдбылызӕй» (Матфейы 5:37)

Фарстатӕ. Гаваойнӕгтӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй удӕгасӕй баззадаиккой? Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд баххуыс кодта?

Йесо Навин 9:1–10:15

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын