Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 34 сӕр, 84 ф.–85 ф., 2 абз.
  • Гедеон мадиамӕгтыл фӕуӕлахиз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Гедеон мадиамӕгтыл фӕуӕлахиз
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеоны фӕзмут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Йегъовӕ у нӕ хуыздӕр Хӕлар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • «Ацу, ныртӕккӕ дӕм цы хъару ис, уыцы хъаруимӕ»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 34 сӕр, 84 ф.–85 ф., 2 абз.
Гедеон ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ сыкъайӕ ныууасыдысты, сӕ дурынтӕ ныппырх кодтой, сӕ цырӕгътӕ бӕрзонд систой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой

34 СӔРГОНД

Гедеон мадиамӕгтыл фӕуӕлахиз

Рӕстӕг куы рацыд, уӕд та израилӕгтӕ ногӕй Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ та мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Авд азы дӕргъы сын, Мадиамы зӕххыл чи цард, уыцы адӕм сӕ фос давтой ӕмӕ-иу сын алы аз дӕр, сӕ быдырты-иу цы ӕрзад, уый фесӕфтой. Ӕмӕ уый тыххӕй израилӕгтӕ лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты ӕмбӕхстысты. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодтаид. Уӕд Йегъовӕ йӕ зӕды арвыста иу лӕгмӕ, Гедеонмӕ. Зӕд ын загъта: «Йегъовӕ дӕу равзӕрста, цӕмӕй суай тыхджын хӕстон». Гедеон ӕй бафарста: «Ӕз израилӕгты куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон? Хуымӕтӕг адӕймаг куы дӕн!»

Цымӕ Гедеон куыд хъуамӕ бамбӕрстаид, Йегъовӕ йӕ ӕцӕгдӕр кӕй равзӕрста, уый? Къуымбил райста, зӕххыл ӕй байтыдта ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Райсомӕй къуымбил хуылыдз куы уа, зӕхх та – хус, уӕд зондзынӕн, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй израилӕгты ӕз фервӕзын кӕнон». Дыккаг бон райсомӕй къуымбил уыди тынг хуылыдз, зӕхх та – хус! Фӕлӕ Гедеоны фӕндыд, цӕмӕй ма йын Хуыцау ноджыдӕр иу хатт равдыстаид, кӕй йӕ равзӕрста, уый. Ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаид, ӕмӕ иннӕ бон райсомӕй къуымбил уыдаид хус, зӕхх та – хуылыдз. Ӕмӕ хабар раст афтӕ рауад. Уӕд Гедеон ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ ӕцӕгдӕр кӕй равзӕрста. Гъемӕ йе ’фсӕддонты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй мадиамӕгтимӕ схӕцыдаид.

Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты. Фӕлӕ де ’фсад ӕгӕр стыр кӕй у, уый тыххӕй, чи зоны, афтӕ ахъуыды кӕнат, ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ фӕуӕлахиз стут. Де ’фсадӕй хӕстмӕ цӕуын чи тӕрсы, уыдоны сӕхимӕ арвит». Уӕд 22 000 хӕстоны сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, ӕмӕ ма Гедеоны ӕфсады баззад 10 000 хӕстоны. Стӕй Йегъовӕ загъта: «Уӕддӕр дӕ хӕстонтӕ ӕгӕр бирӕ сты. Цӕугӕдонмӕ сӕ акӕн ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй дон баназой. Де ’фсады-иу ныууадз, дон нуазгӕйӕ дӕр знаджы чи хъахъхъӕна, ӕрмӕстдӕр уыдоны». Ахӕмтӕ разынд ӕрмӕстдӕр 300 лӕджы. Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, мадиамӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, кӕд мадиамаг ӕфсады 135 000 хӕстоны уыди, уӕддӕр.

Ӕхсӕвы Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ныр мадиамӕгтӕм бабырсут!» Гедеон йӕ адӕмӕн радта, кӕмӕй уасыдаиккой, ахӕм сыкъатӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цырӕгътӕ ӕмбӕхст кӕмӕн уыд, ахӕм стыр дурынтӕ. Гедеон сын загъта: «Мӕнмӕ кӕсут ӕмӕ, ӕз куыд кӕнон, сымах дӕр афтӕ кӕнут». Гедеон сыкъайӕ ныууасыд, дурын ныппырх кодта, йӕ цырагъ бӕрзонд систа ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Йегъовӕйы хъама ӕмӕ Гедеоны хъама!» 300 хӕстоны дӕр раст афтӕ бакодтой. Мадиамӕгтӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ алырдӕмты лидзынмӕ фесты. Афтӕ сӕмтъеры сты, ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой. Ацы хатт дӕр та Йегъовӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой.

Мадиамаг хӕстонтӕ, фыртӕссӕй цы фӕуой, уый нӕ зонынц

«Хайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ – нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй чи у, уыцы хъаруйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:7)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Гедеонӕн куыд равдыста, кӕй йӕ равзӕрста, уый? Гедеоны ӕфсады 300 хӕстоны йеддӕмӕ цӕуылнӕ уыд?

Тӕрхонгӕнджыты 6:1–16, 6:36–7:25; 8:28

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын