Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 35 сӕр, 86 ф.–87 ф., 1 абз.
  • Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕн раргом кодта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Иегъовӕйы арфӕдзинадӕй хайджын уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 35 сӕр, 86 ф.–87 ф., 1 абз.
Аннӕ гыццыл Самуилы цатырмӕ Илиймӕ ӕрбакодта

35 СӔРГОНД

Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта

Иу израилаг лӕгӕн, Елхъанӕн, уыди дыууӕ усы, Аннӕ ӕмӕ Феннанӕ. Фӕлӕ Елхъан Аннӕйы фылдӕр уарзта. Феннанӕ ӕдзухдӕр Аннӕйӕ хынджылӕг кодта, уымӕн ӕмӕ Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, йӕхицӕн та уыди бирӕ сывӕллӕттӕ. Алы аз дӕр-иу Елхъан йӕ бинонты Силоммӕ Йегъовӕйы цатырмӕ акодта, цӕмӕй-иу ын уым бакуывтаиккой. Иухатт цатыры куы уыдысты, уӕд Елхъан федта, йӕ уарзон ус Аннӕ цӕуылдӕр тынг кӕй мӕт кӕны. Елхъан ын загъта: «Аннӕ, дӕ хорзӕхӕй, ма ку. Ӕз демӕ нӕ дӕн? Ӕз дӕ бирӕ уарзын».

Уый фӕстӕ Аннӕ цатыры хибарӕй слӕууыд, цӕмӕй Хуыцаумӕ скуывтаид. Йегъовӕйӕн кӕугӕйӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Аннӕ йын дзырд радта: «Йегъовӕ, фырт мын куы райгуыра, уӕд ӕй ӕз дӕуӕн ратдзынӕн, цӕмӕй дын цӕрӕнбонтӕм лӕггад кӕна».

Аннӕ цӕссыг калгӕйӕ Хуыцаумӕ кувы, хистӕр сауджын Илий та йӕм кӕсы

Хистӕр сауджын Илий федта, Аннӕ кӕугӕйӕ кӕй кувы, ӕмӕ афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ расыг у. Ӕмӕ йын куы бауайдзӕф кодта, уӕд ын Аннӕ загъта: «Нӕ, мӕ хицау, расыг нӕ дӕн. Иу цыдӕр мӕ тынг тыхсын кӕны, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн дзурын». Илий бамбӕрста, раст дзы кӕй нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ йын загъта: «Хуыцау дын раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Уӕд Аннӕйӕн фенцондӕр, ӕмӕ цатырӕй ацыд. Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ йын райгуырд лӕппу. Аннӕ йӕ схуыдта Самуил. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Аннӕ куыд амондджын уыдаид!

Аннӕйӕ нӕ ферох, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый. Самуилы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй Хуыцауы цатырмӕ ӕркодта, цӕмӕй йын уым лӕггад кодтаид. Аннӕ Илийӕн загъта: «Ацы лӕппуйы тыххӕй Йегъовӕмӕ куывтон. Цӕрӕнбонтӕм ӕй Йегъовӕйӕн дӕттын». Елхъан ӕмӕ-иу Аннӕ алы аз дӕр Самуилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу ын ног ӕнӕдыс къаба ӕрхастой. Йегъовӕ ма Аннӕйӕн ноджыдӕр радта ӕртӕ фырты ӕмӕ дыууӕ чызджы.

«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут» (Матфейы 7:7)

Фарстатӕ. Аннӕ цӕуыл мӕт кодта? Йегъовӕ Аннӕйӕн куыд раарфӕ кодта?

1 Самуилы 1:1–2:11, 18–21

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын