Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 39 сӕр, 96 ф.
  • Израилы фыццаг паддзах

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Израилы фыццаг паддзах
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Саул – Израилы фыццаг паддзах
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Кӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Фыццаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 39 сӕр, 96 ф.
Паддзах Саул Самуилы уӕлӕдарӕсы кӕроныл фӕхӕцыд, фӕлӕ йын фескъуыд

39 СӔРГОНД

Израилы фыццаг паддзах

Йегъовӕ-иу израилӕгтӕн тӕрхонгӕнджыты сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сын разамынд лӕвӕрдтаиккой. Фӕлӕ уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй сын уыдаид паддзах. Ӕмӕ Самуилӕн загътой: «Нӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис паддзӕхтӕ. Мах дӕр паддзах хъӕуы». Самуилмӕ уый хорз нӕ фӕкаст, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта. Хуыцау ын загъта: «Адӕм сӕ къух дӕуыл нӕ систой, фӕлӕ мӕныл. Зӕгъ сын, кӕй сын уыдзӕн паддзах, фӕлӕ сӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕй домдзӕн». Фӕлӕ адӕм уӕддӕр загътой: «Афтӕ дӕр фӕуӕд. Уадз ӕмӕ нын уа паддзах!»

Йегъовӕ Самуилӕн загъта, израилӕгтӕн сӕ фыццаг паддзах кӕй уыдзӕн иу нӕлгоймаг, Саул. Саул Самуилмӕ горӕт Рамӕмӕ куы ’рцыд, уӕд ын Самуил йӕ сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хуыцау ӕй паддзахӕй кӕй равзӕрста.

Фӕстӕдӕр Самуил израилӕгты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын сӕ ног паддзахы равдыстаид. Уыдон Саулы ацагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. Цӕуылнӕ, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ цыдӕр хӕссинӕгты ’хсӕн бамбӕхст. Куы йӕ ссардтой, уӕд ӕй адӕмы ’хсӕн ӕрлӕууын кодтой. Саул алкӕмӕй бӕрзонддӕр уыди, стӕй уыд тынг рӕсугъд лӕппу. Самуил загъта: «Кӕсут, Йегъовӕ кӕй равзӕрста». Адӕм ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

Райдианы паддзах Саул Йегъовӕйы коммӕ касти ӕмӕ йын Самуил цы дзырдта, уый арӕзта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ зондахаст фӕивта. Зӕгъӕм, Саулӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй нывӕндтӕ хастаид. Иухатт ын Самуил загъта, цӕмӕй йӕм банхъӕлмӕ кастаид, цалынмӕ кӕцӕйдӕр фӕстӕмӕ цыди, уӕдмӕ. Фӕлӕ Самуил ӕрӕгмӕ цыди, ӕмӕ уӕд Саул сфӕнд кодта нывӕндтӕ ӕрхӕссын. Самуил уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уый Саулӕн загъта: «Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстай, уымӕй раст нӕ бакодтай». Цымӕ Саул йӕ рӕдыдӕй истӕуыл сахуыр?

Фӕстӕдӕр Саул амаликӕгтимӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд ын Самуил бафӕдзӕхста, цӕмӕй дзы удӕгасӕй макӕй ныууагътаид. Фӕлӕ уый амаликӕгты паддзах Агагы удӕгасӕй ныууагъта. Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Саул мӕ ныууагъта. Мӕ ныхасмӕ мын нал хъусы». Самуилӕн уый тынг зын уыди, ӕмӕ Саулӕн загъта: «Йегъовӕмӕ кӕй нал хъусыс, уый тыххӕй ӕндӕр паддзахы сӕвӕрдзӕн». Самуил куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Саул йӕ уӕлӕдарӕсы кӕроныл фӕхӕцыд, ӕмӕ йын фескъуыд. Самуил ын загъта: «Абон дын Йегъовӕ дӕ къухӕй ратыдта Израилы паддзахад». Ныр Йегъовӕ паддзахӕй хъуамӕ равзӕрстаид, чи йӕ уарзтаид ӕмӕ йын йӕ коммӕ чи кастаид, ахӕм адӕймаджы.

«Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у» (1 Самуилы 15:22)

Фарстатӕ. Израилӕгты цы бафӕндыд? Йегъовӕ Саулы бӕсты ӕндӕр паддзахы равзарын цӕмӕн сфӕнд кодта?

1 Самуилы 8:1–22; 9:1, 2, 15–17; 10:8, 20–24; 13:1–14; 15:1–35

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын