Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 42 сӕр, 102 ф.–103 ф., 3 абз.
  • Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Зӕрдӕйӕн... адджын сси»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Ионафан. «Уый Хуыцауимӕ архайдта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • «Йегъовӕйӕн... йӕ бон у фервӕзын кӕнын»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йегъовӕйыл иузӕрдион у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 42 сӕр, 102 ф.–103 ф., 3 абз.
Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг

42 СӔРГОНД

Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

Паддзах Саулы хистӕр фырт Ионафан уыд хъӕбатыр хӕстон. Давид дзы загъта, зӕгъгӕ, у цӕргӕсӕй тагъддӕр ӕмӕ домбайӕ тыхджындӕр. Иухатт Ионафан къуыбырыл ауыдта филистимаг ӕфсӕддонты ӕмӕ йын йӕ хӕцӕнгарз чи хаста, уымӕн загъта: «Кӕд нын уыцы филистимӕгтӕ афтӕ зӕгъой, рацӕут ардӕм, зӕгъгӕ, уӕд нын уый уыдзӕн нысан Йегъовӕйӕ, ӕмӕ уӕд ссӕудзыстӕм ӕмӕ семӕ схӕцдзыстӕм». Филистимӕгтӕ сӕм ныхъхъӕр кодтой: «Рацӕут ардӕм, ӕмӕ схӕцӕм!» Гъемӕ сӕм Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг дӕр ссыдысты ӕмӕ 20 филистимаджы амардтой.

Ионафан Давидӕн йӕ дзаумӕттӕй цыдӕртӕ дӕтты

Ионафан Саулы хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Саулы фӕстӕ Израилы паддзах уый хъуамӕ суыдаид. Фӕлӕ Ионафан зыдта, Йегъовӕ паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр хӕлӕг нӕ кодта. Ионафан ӕмӕ Давид систы хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, кӕрӕдзи кӕй хъахъхъӕндзысты. Ионафан Давидӕн радта йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ хъама, йе ’рдын ӕмӕ йӕ рон ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йе ’мбалыл ӕй кӕй нымадта.

Давид Саулӕй ӕдзӕрӕг быдыры куы ’мбӕхст, уӕд ӕм Ионафан ацыд ӕмӕ йын загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Йегъовӕ паддзахӕй дӕу равзӕрста. Ӕмӕ мӕ фыд дӕр уый зоны». Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дӕуӕн дӕр Ионафаны хуызӕн хорз ӕмбал уа?

Ионафан йӕ цард иу ӕмӕ дыууӕ хатты тӕссаг уавӕры нӕ баппӕрста, цӕмӕй-иу йе ’мбалы фервӕзын кодтаид. Ионафан зыдта, йӕ фыд Саул Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, ӕмӕ йын загъта: «Давид ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Куы йӕ амарай, уӕд тӕригъӕд ракӕндзынӕ». Уый тыххӕй Саул Ионафанмӕ тынг мӕсты кодта.

Цалдӕр азы куы рацыд, уӕд Саул ӕмӕ Ионафан иумӕ хӕсты фӕмард сты. Давид Ионафаны фырты, Мемфивосфейы, агурын райдыдта. Куы йӕ ссардта, уӕд ын загъта: «Дӕ фыд уыд мӕ хорз ӕмбал. Ӕмӕ цалынмӕ удӕгас уай, уӕдмӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн. Мӕ хӕдзары цӕрдзынӕ ӕмӕ мемӕ иу фынгыл баддзынӕ». Давид йе ’мбал Ионафаны никуы ферох кодта.

«Ӕз [уӕ] куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзут. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоанны 15:12, 13)

Фарстатӕ. Ионафан хъӕбатыр кӕй уыди, уый куыд равдыста? Ионафан иузӕрдион кӕй уыди, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

1 Самуилы 14:1–23; 18:1–4; 19:1–6; 20:32–42; 23:16–18; 31:1–7; 2 Самуилы 1:23; 9:1–13

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын