Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 46 сӕр, 112 ф.–113 ф., 1 абз.
  • Йегъовӕ равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тох кодта раст дины сӕрыл
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Уый хӕцыд раст дины фарс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Уыди къӕрцхъус ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зыдта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 46 сӕр, 112 ф.–113 ф., 1 абз.
Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ Илийайы нывонд аныхъуырдта

46 СӔРГОНД

Йегъовӕ равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у

Израилы дӕсмыггаг паддзахады уыд бирӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ, фӕлӕ дзы ӕппӕты ӕвзӕрдӕртӕй сӕ иу уыди Ахав. Уый ракуырдта, мӕнгхуыцау Ваалӕн чи куывта, иу ахӕм сылгоймаджы. Йӕ ном хуынди Йезавел ӕмӕ уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг. Ахав ӕмӕ Йезавел Израилы адӕмы Ваалӕн кувыныл бафтыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй кӕйдӕрты амардтой. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Ахавмӕ йӕ пехуымпар Илийайы арвыста, цӕмӕй йын иу цыдӕр фехъусын кодтаид.

Илийа паддзах Ахавӕн загъта, йе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕ афтӕ кӕй бакӕндзӕн, ӕмӕ Израилы къӕвда нал уардзӕн. Гъемӕ ӕртӕ азӕй фылдӕр къӕвда нал уарыд. Зӕххыл ницыуал зад, ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг скодта. Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ Илийайы ногӕй Ахавмӕ арвыста. Ахав Илийайӕн загъта: «Ды Израилы сафӕг дӕ! Ахӕм уавӕры дӕу тыххӕй стӕм!» Илийа йын загъта: «Хус рӕстӕг кӕй скодта, уый мӕ аххос нӕу, фӕлӕ дӕу аххос, уымӕн ӕмӕ ды Ваалӕн кувыс. Адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ Ваалы пехуымпарты Кармилы хохыл ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ фенӕм, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый».

Адӕм Кармилы хохыл ӕрӕмбырд сты. Илийа сын загъта: «Кӕмӕн кувдзыстут, уый ныр равзарут. Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд уымӕн кувут, кӕд Ваал, уӕд та – уымӕн. Афтӕ бакӕнӕм: Ваалы 450 пехуымпары ӕрцӕттӕ кӕнӕнт нывонд ӕмӕ сӕ хуыцаумӕ скувӕнт, ӕмӕ ӕз дӕр ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн нывонд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скувдзынӕн. Ӕмӕ арт чи рарвита, уыцы Хуыцау у ӕцӕг Хуыцау». Ӕмӕ адӕм дӕр ууыл сразы сты.

Ваалы пехуымпартӕ нывонд ӕрцӕттӕ кодтой. Ӕнӕхъӕн бон сӕ хуыцаумӕ куывтой: «Ваал, фехъус нӕ!» Фӕлӕ сын Ваал ницы дзуапп лӕвӕрдта, ӕмӕ дзы Илийа хынджылӕг кӕнын райдыдта: «Тынгдӕр хъӕр кӕнут! Ӕвӕццӕгӕн, фынӕй кӕны, райхъал кӕнын ӕй хъӕуы». Ваалы пехуымпартӕ суанг изӕрмӕ фӕкуывтой, фӕлӕ сын уӕддӕр дзуапп ничи радта.

Стӕй Илийа йӕ нывонд нывондхӕссӕныл сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ уӕлӕ дон рауагъта. Стӕй скуывта: «О, Йегъовӕ, уадз ӕмӕ ацы адӕм феной, ды кӕй дӕ ӕцӕг Хуыцау». Ӕвиппайды Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ нывонд аныхъуырдта. Уӕд адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» Илийа сын загъта: «Ваалы пехуымпартӕй иуы дӕр ма ауадзут!» Уыцы бон Ваалы 450 пехуымпары амардтой.

Денджызы сӕрмӕ гыццыл мигъ куы фӕзынд, уӕд Илийа Ахавӕн загъта: «Тӕрккъӕвда ӕрбахӕстӕг кӕны. Дӕ бӕхуӕрдон ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ ацу». Арвыл сау мигътӕ фӕзынд, дымгӕ дымын райдыдта ӕмӕ тӕрккъӕвда ныккалдта. Афтӕмӕй хус рӕстӕг фӕци. Ахавы бӕхуӕрдон тынг тагъд цыди. Фӕлӕ Илийа бӕхуӕрдоны разӕй лыгъди! Ахӕм хъару йын Йегъовӕ радта. Цымӕ Илийайӕн йӕ зындзинӕдтӕ ууыл фесты? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Кармилы хохыл куыд равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у? Йегъовӕ Илийайы куывдӕн дзуапп куыд радта?

1 Паддзӕхты 16:29–33; 17:1; 18:1, 2, 17–46; Иаковы 5:16–18

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын