Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 50 сӕр, 120 ф.–121 ф., 5 абз.
  • Йегъовӕ Иосафаты йе знӕгтӕй фервӕзын кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ Иосафаты йе знӕгтӕй фервӕзын кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд у!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Фыст цы ’рцыд, уыдӕттӕ дын зондзонӕн фӕуыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 50 сӕр, 120 ф.–121 ф., 5 абз.
Паддзах Иосафат ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ-левиттӕ ӕфсады разӕй Иерусалимӕй фӕцӕуынц

50 СӔРГОНД

Йегъовӕ Иосафаты йе знӕгтӕй фервӕзын кодта

Иудӕйы паддзах Иосафат ныппырх кодта Ваалы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ къухӕйконд хуыцӕутты. Иосафаты фӕндыд, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ зыдтаиккой. Гъемӕ кънйӕзты ӕмӕ левитты арвыста, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Иудӕйы адӕмӕн Йегъовӕйы закъӕттӕ амыдтаиккой.

Сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдон зыдтой, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацӕуын тарстысты. Суанг ма паддзах Иосафатӕн лӕвӕрттӕ дӕр ӕрвыстой. Фӕлӕ уӕддӕр фӕстӕдӕр моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ Сеиры цӕрджытӕ Иудӕйы зӕхмӕ ӕрбабырстой. Иосафат ӕмбӕрста, Йегъовӕйы ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы, уый. Иерусалимы ӕрӕмбырд кодта нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ разы Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, ӕнӕ дӕуӕй сӕ ныхмӕ нӕ фӕлӕудзыстӕм. Курӕг дӕ стӕм, куыд кӕнӕм, уый нын бацамон».

Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уын баххуыс кӕндзынӕн. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, ӕз уӕ куыд фервӕзын кӕндзынӕн, уымӕ». Цымӕ сӕ Йегъовӕ куыд фервӕзын кодта?

Дыккаг бон райсомӕй Иосафат зарӕггӕнджыты равзӕрста ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй ӕфсады разӕй цыдаиккой. Уыдон дӕр Иерусалимӕй араст сты, се знӕгтимӕ кӕм хъуамӕ схӕцыдаиккой, уыцы бынатмӕ, Фекойӕ, зӕгъгӕ.

Зарӕггӕнджытӕ Йегъовӕйы цингӕнгӕйӕ хъӕрӕй кадджын кодтой, Йегъовӕ та йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фесты ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззад. Иудӕйы адӕмӕй, се ’фсӕддонтӕй ӕмӕ сӕ сауджынтӕй та иуыл дӕр ницы ӕрцыд – Йегъовӕ сӕ фервӕзын кодта. Сӕ алыварс бӕстӕты адӕм иууылдӕр фехъуыстой, Йегъовӕ цы сарӕзта, уый, ӕмӕ йӕ бамбӕрстой, йӕ адӕмы раздӕрау кӕй ирвӕзын кӕны. Йегъовӕ алы хатт дӕр фӕзоны, йӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕна, уый, ӕмӕ йӕ искӕй ӕххуыс нӕ фӕхъӕуы.

«Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ» (2 Азфыстыты 20:17)

Фарстатӕ. Паддзах Иосафат цавӕр адӕймаг уыд? Йегъовӕ Иудӕйы адӕмы куыд фервӕзын кодта?

2 Азфыстыты 17:1–19; 20:1–30

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын