Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 51 сӕр, 124 ф.–125 ф., 2 абз.
  • Ӕфсады хистӕр ӕмӕ гыццыл чызг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕфсады хистӕр ӕмӕ гыццыл чызг
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фӕндыд ӕй баххуыс кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Раздӕр хивӕнд чи уыд, уый сси коммӕгӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ацы сывӕллӕттӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн хастой циндзинад
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 51 сӕр, 124 ф.–125 ф., 2 абз.
Нееман Елисеймӕ ӕрбацыд, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кӕна

51 СӔРГОНД

Ӕфсады хистӕр ӕмӕ гыццыл чызг

Сирийы зӕххыл цард иу гыццыл израилаг чызг. Сириаг ӕфсӕддонтӕ йӕ йӕ бинонтӕй байстой ӕмӕ йӕ семӕ дард бӕстӕмӕ акодтой. Уыцы чызг уым лӕггад кодта ӕфсады хистӕр Нееманы усӕн. Уыцы бӕстӕйы уый йеддӕмӕ Йегъовӕйӕн ничи куывта.

Нееман уыд тынг рынчын – йӕ буарыл фӕзынд бирӕ хъӕдгӕмттӕ. Израилаг чызджы тынг фӕндыд Нееманӕн баххуыс кӕнын, ӕмӕ йын йӕ усӕн загъта: «Израилы цӕры Йегъовӕйы пехуымпар, Елисей. Уый Нееманы сдзӕбӕх кӕнид».

Нееманӕн йӕ ус радзырдта, гыццыл чызг ын цы загъта, уый. Нееман цӕуылфӕнды дӕр разы уыд, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаид, ӕмӕ Израилмӕ Елисеймӕ ацыд. Нееман афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Елисей, кадджын адӕймаджы куыд суазӕг кӕнынц, афтӕ суазӕг кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕм Елисей йӕхӕдӕг нӕ рацыд. Йӕ лӕггадгӕнӕджы йӕм ахӕм ныхасимӕ рарвыста: «Ацу ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны дӕхи авд хатты ныннай, ӕмӕ дӕ буар адзӕбӕх уыдзӕн».

Нееман тынг рамӕсты ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йӕхӕдӕг мӕ разы йӕ Хуыцаумӕ скувдзӕн ӕмӕ мӕ диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕндзӕн. Уый та мӕ Иорданы цӕугӕдонмӕ ӕрвиты! Махмӕ Сирийы бирӕ хуыздӕр цӕугӕдӕттӕ куы ис, уӕд мӕхи уым нӕ ныннадтаин?» Ӕмӕ Нееман уырдыгӕй мӕстыйӕ ацыд.

Нееман Иорданы цӕугӕдоны йӕхи ныннадта, ӕмӕ сдзӕбӕх

Нееманӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Дӕхи сдзӕбӕх кӕныны тыххӕй цыфӕнды дӕр нӕ бакӕнис? Уыцы пехуымпар дын цы загъта, уый зын бакӕнӕн куы нӕу. Цӕуылнӕ йӕм байхъусыс?» Ӕмӕ уӕд Нееман сразы. Иорданы цӕугӕдонмӕ ацыд ӕмӕ дзы авд хатты ныххызт. Ӕвдӕм хатт доны куы ныххызт, уӕд сдзӕбӕх. Нееман тынг цин кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ Елисеймӕ аздӕхт, цӕмӕй йын бузныг загътаид. Нееман ын загъта: «Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у». Куыд дӕм кӕсы, Нееман йӕ хӕдзармӕ куы ’рыздӕхт, уӕд гыццыл израилаг чызг нӕ цин кодта?

«Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц» (Матфейы 21:16)

Фарстатӕ. Куыд хъуыды кӕныс, гыццыл израилаг чызгӕн ӕнцон уыди Нееманы усӕн Йегъовӕйы пехуымпары тыххӕй зӕгъын? Дӕумӕ гӕсгӕ ахӕм хъӕбатыр цӕй фӕрцы разынд?

2 Паддзӕхты 5:1–19; Лукайы 4:27

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын