Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 53 сӕр, 128 ф.
  • Хъӕбатыр Иодай

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъӕбатыр Иодай
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иоас йе ’мбӕлтты тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Йегъовӕ арфӕ кӕны, ныфсджынӕй чи архайы, уыдонӕн
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Кадмондаг ӕмӕ фыдзӕрдӕ сылгоймаг ӕфхӕрд баййӕфта
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 53 сӕр, 128 ф.
Хистӕр сауджын Иодай гыццыл паддзах Иоасы адӕммӕ ракодта

53 СӔРГОНД

Хъӕбатыр Иодай

Йезавелӕн уыди чызг ӕмӕ уый дӕр раст йӕхи хуызӕн ӕвзӕр адӕймаг уыд. Йӕ ном хуынд Гофоли ӕмӕ уыд Иудӕйы паддзахы ус. Гофолийӕн йӕ лӕг куы амард, уӕд паддзах сси йӕ фырт. Йӕ фырт куы амард, уӕд та йӕхӕдӕг бацахста паддзахы бынат. Уый фӕстӕ сфӕнд кодта паддзахы мыггагӕй се ’ппӕты дӕр амарын, суанг йӕ фырты фыртты дӕр, цӕмӕй йӕ бӕсты паддзах ӕндӕр мачи суыдаид. Ӕмӕ дзы иууылдӕр тынг тарстысты.

Хистӕр сауджын Иодай ӕмӕ йӕ ус Иосавеф ӕмбӕрстой, Гофоли цытӕ куыста, уый тынг ӕвзӕр кӕй уыд. Уыдон Гофолийы фырты фырттӕй иуы, Иоасы, бамбӕхстой ӕмӕ йӕ кувӕндоны хъомыл кодтой, кӕд уый сӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр.

Иоасыл авд азы куы цыди, уӕд Иодай хъахъхъӕнджыты хистӕрты ӕмӕ левитты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Кувӕндоны дуӕрттӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ мидӕмӕ макӕй бауадзут». Уый фӕстӕ Иодай гыццыл Иоасы Иудӕйы паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сӕрыл паддзахы худ ӕркодта. Иудӕйы адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

Ус-паддзах Гофоли хъӕр кӕны

Адӕм куыд хъӕр кӕнынц, уый Гофоли куы фехъуыста, уӕд уайтагъд кувӕндонмӕ азгъордта. Ног паддзахы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Сусӕгвӕнд скодтой! Сусӕгвӕнд!» Уӕд ӕй хъахъхъӕнджыты хистӕртӕ ӕрцахстой, уырдыгӕй йӕ акодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Фӕлӕ цымӕ адӕм, Гофоли сӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдта, уыдон ныууагътой?

Иодай адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бадзырд скодтаиккой ӕмӕ йын дзырд радтаиккой, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй кувдзысты. Иодай сын загъта, цӕмӕй Ваалы кувӕндон ӕмӕ дзы цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ уыд, уыдон ныппырх кодтаиккой. Стӕй кувӕндоны сӕвӕрдта сауджынты ӕмӕ левитты, цӕмӕй дзы лӕггад кодтаиккой ӕмӕ та дзы адӕмӕн сӕ бон ногӕй уыдаид Йегъовӕйӕн кувын. Кувӕндоны раз ма сӕвӕрдта дуаргӕсты дӕр, цӕмӕй, сыгъдӕг чи нӕ уыд, уыдонӕй мидӕмӕ макӕй бауагътаиккой. Уый фӕстӕ Иодай ӕмӕ хъахъхъӕнджыты хистӕртӕ Иоасы акодтой паддзахы хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадын кодтой. Иудӕйы адӕм ууыл тынг цин кодтой. Ныр сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр ус-паддзах Гофоли нал уыд ӕмӕ Ваалӕн дӕр ничиуал куывта. Уыныс, Иодай ахӕм хъӕбатыр кӕй уыд, уый бирӕтӕн куыд баххуыс кодта?

«Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, фӕлӕ уын уӕ фидӕны цард байсын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, адӕймаджы гееннӕйы фесафын кӕй бон у, уымӕй» (Матфейы 10:28)

Фарстатӕ. Иодай хъӕбатырдзинад куыд равдыста? Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕйӕн йӕ бон у дӕуӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй хъӕбатыр уай?

2 Паддзӕхты 11:1–12:12; 2 Азфыстыты 21:1–6; 22:10–24:16

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын