Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 55 сӕр, 132 ф.
  • Йегъовӕйы зӕд Езекийы фервӕзын кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы зӕд Езекийы фервӕзын кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау баххуыс кодта паддзах Езекийӕн
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы нӕ рӕстӕджы кӕмӕ амонынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Езеки йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 55 сӕр, 132 ф.
Зӕд ассириӕгты ӕфсад ныццӕгъдынмӕ рацыд

55 СӔРГОНД

Йегъовӕйы зӕд Езекийы фервӕзын кодта

Ассирийы паддзах Сеннахирим Израилы дӕсмыггаг паддзахад бацахста. Ӕмӕ ныр сфӕнд кодта Иудӕйы дыууӕмыггаг паддзахадмӕ бабырсын дӕр. Ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй бирӕтӕ иу иннӕйы фӕдыл бацахста. Сеннахиримы ӕппӕты тынгдӕр фӕндыд Иерусалим бацахсын. Фӕлӕ йӕ уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уыцы горӕт Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕдта.

Иудӕйы паддзах Езеки Сеннахиримӕн тынг бирӕ ӕхца бафыста, цӕмӕй ассириаг ӕфсад Иерусалиммӕ ма бабырстаид. Сеннахирим ӕхца райста, фӕлӕ уӕддӕр йе стыр ӕфсад Иерусалимы ныхмӕ акодта, цӕмӕй йӕ бацахстаид. Иерусалимы адӕм уыцы ӕфсад куы федтой, уӕд тынг старстысты. Ӕмӕ сын уӕд Езеки загъта: «Ма тӕрсут. Ассириӕгтӕ тыхджын сты, фӕлӕ нӕ Йегъовӕ уыдонӕй тыхджындӕр скӕндзӕн».

Сеннахирим йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуы, рабсакы, Иерусалиммӕ арвыста, адӕмӕн сӕ ныфс кӕмӕй асастаид, ахӕм ныхӕстимӕ. Рабсак горӕты ӕдде слӕууыд ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдта: «Йегъовӕ уын нӕ баххуыс кӕндзӕн. Езекийы гӕдыныхӕстӕм ма хъусут. Иу хуыцау дӕр уӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн».

Езеки Йегъовӕйы бафарста, куыд бакӕной, уымӕй. Йегъовӕ йын загъта: «Рабсак уын цы загъта, уымӕй ма тӕрсут. Сеннахирим Иерусалим ницы хуызы бацахсдзӕн». Фӕстӕдӕр Сеннахирим Езекимӕ цалдӕр писмойы арвыста. Фыст дзы уыд: «Уӕхи нӕ къухмӕ раттут. Йегъовӕ уӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн». Езеки Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, курын дӕ, фервӕзын нӕ кӕн, цӕмӕй йӕ алчидӕр базона, ды иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй дӕ». Йегъовӕ йын загъта: «Ассириӕгты паддзах Иерусалиммӕ нӕ бацӕудзӕн. Ӕз мӕ горӕт фервӕзын кӕндзынӕн».

Ассирийы паддзахмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Иерусалим тагъд бацахсдзӕн. Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, горӕты ӕдде Сеннахиримы ӕфсад кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм. Уыцы зӕд 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны ныццагъта! Сеннахиримы ӕппӕты тыхджындӕр ӕфсӕддонтӕ амардысты. Ӕмӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Йегъовӕ Езекийы дӕр ӕмӕ Иерусалим дӕр фервӕзын кодта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Ды дӕр уӕд Иерусалимы куы уыдаис, уӕд дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаис?

«Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:7)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Иерусалим куыд фервӕзын кодта? Куыд хъуыды кӕныс, куы бахъӕуа, уӕд Йегъовӕ дӕу дӕр фервӕзын кӕндзӕн?

2 Паддзӕхты 17:1–6; 18:13–37; 19:1–37; 2 Азфыстыты 32:1–23

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын