Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 60 сӕр, 144 ф.–145 ф., 2 абз.
  • Ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахад
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Данелы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Стыр бӕласы хуызӕн паддзахад
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Лӕмбынӕг хъус, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 60 сӕр, 144 ф.–145 ф., 2 абз.
Паддзах Навуходоносор йӕ фыны федта, дур кӕй ныппырх кодта, ахӕм стыр гуымиры

60 СӔРГОНД

Ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахад

Иу ӕхсӕв паддзах Навуходоносор федта ӕнахуыр фын. Уыцы фын цы нысан кӕны, уый базонын ӕй афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ йӕ хуыссӕг фӕлыгъди. Паддзах йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ мын ӕй райхалут». Уыдон ын загътой: «Радзур нын дӕ фын, о паддзах». Фӕлӕ сын уый загъта: «Нӕ. Сымах мын ӕй радзурут, кӕннод уӕ амардзынӕн». Ӕмӕ та уыдон загътой: «Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын ӕй бамбарын кӕндзыстӕм». Уый сын загъта: «Сымах мӕ сайынмӕ хъавут. Радзурут мын ӕй, зӕгъын!» Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, дӕ фын радзурын йӕ бон кӕмӕн бауа. Цы домыс, уымӕн гӕнӕн нӕй».

Навуходоносор афтӕ смӕсты, ӕмӕ загъта, цӕмӕй уыцы кӕлӕнгӕнджыты ӕмӕ ма Вавилоны цыдӕриддӕр зондджын лӕгтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардтаиккой. Ӕмӕ Данел, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы цардӕн дӕр тӕссаг уыди. Данел паддзахӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ фын бамбарын кӕнынӕн рӕстӕг радтаид. Стӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы дӕр Йегъовӕмӕ кувын райдыдтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ Йегъовӕ цы сарӕзта?

Йегъовӕ Навуходоносоры фын Данелӕн цӕстылуайӕны раргом кодта ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый йын бамбарын кодта. Иннӕ бон Данел паддзахы лӕггадгӕнджытӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Вавилоны цӕрӕг зондджын лӕгты ма амарут. Ӕз райхалдзынӕн паддзахӕн йӕ фын». Уыцы лӕггадгӕнӕг Данелы Навуходоносормӕ акодта. Данел паддзахӕн загъта: «Хуыцау дын раргом кодта, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Ды дӕ фыны федтай стыр гуымиры. Йӕ сӕр уыд сызгъӕринӕй конд, йӕ риу ӕмӕ йӕ къухтӕ – ӕвзистӕй, йӕ гуыбын ӕмӕ йӕ синтӕ та – ӕрхуыйӕ. Йӕ къӕхтӕ уыдысты ӕфсӕйнагӕй конд, фадхъултӕй дӕлӕмӕ та – кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм ӕлыгӕй. Стӕй хохӕй дур фӕхицӕн ӕмӕ уыцы гуымирыйӕн йӕ къӕхтыл сӕмбӕлд. Гуымиры ныппырх, ӕмӕ ма дзы цы муртӕ баззад, уыдон дымгӕ ахаста. Гуымирыйыл цы дур сӕмбӕлд, уый та сси стыр хох ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацахста».

Данел дарддӕр загъта: «Ныр та дын радзурдзынӕн, дӕ фын цы нысан кӕны, уый. Сызгъӕрин сӕр у дӕ паддзахад. Ӕвзистӕй конд риу ӕмӕ къухтӕ амонынц, дӕ фӕстӕ чи фӕзындзӕн, уыцы паддзахадмӕ. Ӕрхуыйӕ конд чи у, уыцы гуыбын ӕмӕ синтӕ та амонынц, уый фӕстӕ чи уыдзӕн, уыцы паддзахадмӕ, ӕмӕ йӕ къухы уыдзӕн ӕгас зӕхх дӕр. Стӕй та фӕзындзӕн, ӕфсӕйнагау фидар чи уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Фӕстаг паддзахад та уыдзӕн дихтӕ ӕмӕ, гуымирыйы къӕхтӕ кӕмӕй конд уыдысты, уыцы ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыджы хуызӕн – кӕмдӕр фидар, кӕмдӕр та лӕмӕгъ. Чи фӕхицӕн, уыцы дур та у Хуыцауы Паддзахад. Уый ныппырх кӕндзӕн ацы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм».

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Навуходоносор Данелы раз зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ загъта: «Ацы фын дӕуӕн дӕ Хуыцау раргом кодта. Уый хуызӕн Хуыцау нӕй!» Навуходоносор кӕд уый размӕ Данелы марынмӕ хъавыди, уӕд ӕй ныр та сӕвӕрдта, Вавилоны цыдӕриддӕр зондджын лӕгтӕ уыд, уыдонӕн хистӕрӕй. Стӕй ма йӕ Вавилоны дӕлбар бӕстӕтӕй сӕ иуы хицауӕй сӕвӕрдта. Уыныс, Йегъовӕ Данелы куывдӕн дзуапп куыд радта?

«Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Раргомад 16:16)

Фарстатӕ. Данелӕн йӕ бон цӕй фӕрцы баци Навуходоносоры фын бамбарын кӕнын? Уыцы фын цы нысан кодта?

Данел 2:1–49

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын