Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 95 сӕр, 222 ф.–223 ф., 1 абз.
  • Никӕй бон сӕ уыд бауромын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Никӕй бон сӕ уыд бауромын
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Ссӕрибар сты ахӕстонӕй
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Уыдонмӕ «ахуырдзинад нӕй» ӕмӕ сты «хуымӕтӕг адӕм»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 95 сӕр, 222 ф.–223 ф., 1 абз.
Петр ӕмӕ Иоанн хъӕбатырӕй хъусын кӕнынц, кӕд сауджынтӕ ӕмӕ саддукейтӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр

95 СӔРГОНД

Никӕй бон сӕ уыд бауромын

Йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм къуылых лӕг алы бон дӕр кувӕндоны бахизӕны бадти ӕмӕ адӕмӕй ӕхца куырдта. Иу бон фӕссихор Петры ӕмӕ Иоанны кувӕндонмӕ фӕцӕйцӕугӕ федта ӕмӕ сын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕхца-ма мын авӕрут». Петр ын загъта: «Ӕз дын ратдзынӕн, ӕхцайӕ бирӕ хуыздӕр цы у, уый. Йесойы номӕй дын зӕгъын, сыст ӕмӕ цу!» Стӕй йыл Петр схӕцыд, ӕмӕ лӕг цӕуын райдыдта! Адӕм уый фенгӕйӕ дисы бафтыдысты, ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ уырнджытӕ систы.

Фӕлӕ сауджынтӕ ӕмӕ саддукейтӕ тынг смӕсты сты. Уыдон апостолты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ акодтой Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ома-иу дины разамонджытӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм. Уым сӕ бафарстой: «Ацы адӕмайджы кӕй хъаруйӕ сдзӕбӕх кодтат?» Петр загъта: «Уыцы хъару нын радта, сымах кӕй амардтат, уыцы Йесо Чырысти». Дины разамонджытӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йесойы тыххӕй мауал дзурут!» Фӕлӕ апостолтӕ загътой: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Мах дарддӕр дӕр Йесойы тыххӕй дзурдзыстӕм».

Петр ӕмӕ Иоанны куы ссӕрибар кодтой, уӕд уайтагъд иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ацыдысты ӕмӕ сын алцыдӕр радзырдтой. Уыдон иууылдӕр иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтой: «Дӕ хорзӕхӕй, баххуыс нын кӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ нын цы куыст бахӕс кодтай, уый дарддӕр дӕр кӕнӕм». Йегъовӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кодтой ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кодтой. Ӕмӕ уырнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Саддукейтӕ апостолтӕм ахӕм мӕсты уыдысты, ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, ӕмӕ уый ахӕстоны дуар байгом кодта ӕмӕ апостолтӕн загъта: «Фӕстӕмӕ кувӕндонмӕ ацӕут ӕмӕ уым адӕмы ахуыр кӕнут».

Иннӕ бон райсомӕй хъахъхъӕнджытӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ фӕхабар кодтой: «Ахӕстоны дуар ӕхгӕд уыд, фӕлӕ, кӕй ӕрцахстат, уыдон уым нал сты! Уӕртӕ кувӕндоны адӕмы ахуыр кӕнынц!» Апостолты та ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ та сӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой. Хистӕр сауджын загъта: «Афтӕ уын нӕ загътам, цӕмӕй Йесойы тыххӕй мауал дзурат?» Фӕлӕ Петр загъта: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ».

Дины разамонджытӕ афтӕ тынг смӕсты сты, ӕмӕ сфӕнд кодтой апостолты амарын. Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиил, загъта: «Дзӕбӕх ахъуыды кӕнут! Уӕдта ма Хуыцау сӕ фарс у. Хуыцауы ныхмӕ рацӕуынӕй нӕ тӕрсут?» Уыдон дӕр ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой ӕмӕ апостолты ауагътой. Фӕлӕ уал сӕ уый размӕ уистӕй фӕнӕмын кодтой ӕмӕ та сӕ ногӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы тыххӕй мауал дзырдтаиккой. Фӕлӕ апостолты ницы баурӕдта. Уыдон дарддӕр дӕр кувӕндоны, стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хорз хабар хъӕбатырӕй хъусын кодтой.

«Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29)

Фарстатӕ. Кӕд апостолтӕн сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр цӕмӕн хъусын кодтой? Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта?

Хъуыддӕгтӕ 3:1–4:31; 5:12–42

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын