Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 97 сӕр, 226 ф.–227 ф., 2 абз.
  • Корнилий схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Корнилий схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Петр ӕрбацыд Корнилимӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Йегъовӕ «никӕй хъулон кӕны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Куы рӕдийай, уӕддӕр Петрау иузӕрдион у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 97 сӕр, 226 ф.–227 ф., 2 абз.
Корнилий Петры мидӕмӕ хоны

97 СӔРГОНД

Корнилий схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Кесарийы царди иу ромаг ӕфсӕддон хицау, Корнилий. Уый дзуттаг нӕ уыд, фӕлӕ йӕм уӕддӕр дзуттӕгтӕ хорз зӕрдӕ дардтой. Корнилий мӕгуыр адӕмӕн тынг ӕххуыс кодта. Уырныдта йӕ, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр куывта. Иу бон Корнилимӕ зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ фехъуыста. Дӕ адӕмӕй искӕйты арвит горӕт Иоппимӕ. Уым ӕрлӕууыд иу адӕймаг, Петр. Ӕмӕ-иу ын зӕгъӕнт, цӕмӕй дӕм ӕрбацӕуа». Ӕмӕ уӕд Корнилий ӕртӕ лӕджы Иоппимӕ арвыста. Уыцы горӕтмӕ Кесарийӕ хуссарырдӕм уыд 50 километры бӕрц.

Уыцы рӕстӕг Петр та цӕстылуайӕны федта, дзуттӕгтӕн хӕрӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм цӕрӕгойты. Стӕй фехъуыста зӕды хъӕлӕс, ӕмӕ йын уыцы хъӕлӕс загъта, бахӕр дзы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Петр нӕ куымдта. Уый загъта: «Нӕ. Чъизийыл нымад чи у, уыцы цӕрӕгойты дзидзайӕ ӕз никуы бахордтон». Уӕд ын зӕд загъта: «Ацы цӕрӕгойты чъизи мауал хон. Хуыцау сӕ ссыгъдӕг кодта». Стӕй ма йын загъта: «Дӕ дуары раз ӕртӕ лӕджы лӕууы. Семӕ ацу». Петр сӕм рахызт ӕмӕ сӕ бафарста, цӕмӕн мӕ агурут, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой: «Мах рарвыста ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилий, ӕмӕ дӕ йӕ хӕдзармӕ хоны». Петр сӕ суазӕг кодта, ӕмӕ ӕхсӕвы уымӕ баззадысты. Иннӕ бон Петр семӕ Кесаримӕ ацыд, йемӕ ма акодта Иоппийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕй цалдӕры.

Петр Корнилийы хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд уый йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Фӕлӕ йын Петр загъта: «Уӕлӕмӕ сыст! Ӕз дӕр дӕу хуызӕн адӕймаг дӕн. Кӕд дзуттӕгтӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыдонмӕ хӕстӕг нӕ цӕуынц, уӕддӕр мӕ Хуыцау дӕумӕ ӕрбарвыста. Зӕгъ-ма, цӕмӕн мӕм дзырдтай?»

Корнилий Петрӕн загъта: «Цыппар боны размӕ Хуыцаумӕ куывтон, ӕмӕ мӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй дӕм фӕдзырдтаин. Курын дӕ, Йегъовӕ нын цы зӕгъинаг у, уый нын радзур». Петр загъта: «Ӕз бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи йӕ агуры, уыдонӕй алчидӕр». Ӕмӕ Петр, Корнилийы хӕдзары чи уыд, уыдонӕн Йесойы тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ бамбарын кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ иууылдӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ донаргъуыд райстой.

«Алы адӕмӕй [Хуыцауы]... зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:35)

Фарстатӕ. Петр цӕуылнӕ куымдта, чъизийыл нымад чи уыд, уыцы цӕрӕгойты дзидзайӕ хӕрын? Йегъовӕ Петры, дзуттаг чи нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы хӕдзармӕ цӕмӕн арвыста?

Хъуыддӕгтӕ 10:1–48

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын